Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Продукты, кæцыйы лигъдæттæ Евроцæдисы грантæй куыстой
Дыууæазон программæйы фæлгæтты, 1000-онг лигъдон бинонты курдиат финансгонд æрцыд. Ай фæдыл, абон, хатдзæгон фембæлд проекты организатортæ æмæ æххæстгæнджытæ сарæзтой. Паралеллонæй, бенефициартæ сæрмагонд продукци бавдыстой, кæцы раст программæйы фæлгæтты райсгæ финансгонды фæстиуæгæн рауагътой.

Финансгонды нысаны категорийы сконды уыдысты: иунæг ныййарджытæ æнахъом сывæллæттимæ, бинонтæ цыбыр фадæтты уæвæг уæнгтимæ, 25 азы онг æвзонг кæнæ ацæргæ адæймæгты къухдариуæджы бын бинонтæ.

Гранты æмфинансгондæй лигъдæттæ балхæдтой хъæууон-хæдзарадон техникæ, скодтой цæхæрадæттæ, сæндæттæ, райдыдтой мыды, æхсыры кондад æмæ а.д. хъæууон-хæдзарадон инициативæй, æдæппæт иумæ, 976 грантон курдиат финансгонд æрцыд, кæцы иуыл иумæ 4 милуан ларийы уыдис.



Афтæ ма, программæйы фæлгæтты финансгонд æрцыд бæстæйы масштабæй 48 сабидон, цыран æдæппæт 2700-йæ фылдæр хъомылгæнинаджы ис. Сабидæттыл гранттæ лæвæрд æрцыд 10 000 ларийы бæрц, кæцы баххуыс кодта ахæм ахсджиаг проблемæты алыг кæнынæн, цахæмдæриддæр уыд: гом хъазæн фæзуаты уæвынад, æнæфаг уæттæ сабитæн, æдзæттæ хæринаггæнæн хатæнтæ, хъармгæнæн æмæ æндæр.



Лигъдæтты æххуысы программæ Гуырдзыстоны 2009 азы райдыдта. Фыццаг дыууæ фазæйы фæлгæтты 5 минæй фылдæр лигъдонæн лæвæрд æрцыд финансон æххуыс, кæцы æдæппæтæй 16 милуан лирийæ фылдæр (5,4 милуан эвро) у.



Лигъдæтты æххуысы программæйы хатдзæгон мадзалыл уыдысты Гуырдзыстоны оккупиронгонд территоритæй тыхфæлгъуыдæй рацæугæ гоймæгтæ, лигъдæтты министр Созар Субари, Евроцæдисы минæвар Гуырдзыстоны Янош Герман æмæ FAO-йы минæвар Гуырдзыстоны Мамукъа Месхи.



Гарнтон программæ – «Экономикон гæнæндзинæдты æмхуызон æнцонвадатдзинад лигъдæттæн», - Евроцæдисы финансгондæй, ИНО-йы хæлцады æмæ хъæууон хæдзарады организацийы (FAO) æмæ лигъдæтты цæрæн уавæртæй ифтонг кæныны агентады ‘рдыгæй, UN Чъомен-имæ æмгуыстадæй æххæстгонд æрцыдис. Программæйы нысан у æппæты уæззаудæр уавæрты уæвæг лигъдæттæн социалон-экономикон æххуыс бакæнын.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.