Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Советон носталги Евроатлантикон фæндагыл Антиныгуылæйнаг дзыллон информацийы æндæвдадимæ
Хурвалеты лигъдæтты цæрæнуаты гуырдзиаг æвзагмæ тæлмацгонд уырыссаг каналмæ кæсынц. Чысыл Леуахигомæй лигъдон 24 аздзыд Шошиташвили Тамар телевизормæ зæгъæн ис æмæ æппындæр нæ кæсы, фæлæ йæ алæвæрдты мидис æмæ фомат уæддæр цымыдис кæны æмæ хъуыды кæны, цæмæй оккупант бæстæйы цæттæгонд программæтæ æвдисын хæсты бавзарæг цæрджытæн æнæрайсгæ у.

«Нормалон нæу лигъдон цæрджытæн æвдисын ахæм программæты. Æвæццæгæн ноджы тынгдæр мæсты кæны æмæ негативонæй дæр ахады фæлæ афтæ реалонæй цас уый мæ бон зæгъын нæу, фæлæ æнæуи æвæццæгæн алкæмæн дæр ис æвзарыны бар цæмæ кæса æмæ цæмæ нæ», - зæгъы Шошиташвили Тамар.

Ног фæлтæрæй хъауджыдæр, гуырдзиагау тæлмацгонд Уæрæсейы фыццаг каналы активон кæсæг у 75 аздзыд Махниашвили Джемал. Хурвалеты цæрæнуаты цæрæг зæронд зæгъы, цæмæй уæлдай йæ зæрдæмæ цæуынц Советон периодыл ист кинотæ, уый тыххæй æмæ йын уыцы периоды «хорз царды» мысын кæны.

«Историйы урокыл зыгъуыммæгонд информаци дæттынц рæзгæ фæлтæрæн æмæ афтæмæй архайынц фехалой нын нæ æцæг ивгъуыды. Цæмæннæ хъуамæ зоной нæ хъæбултæ, нæ хъæбулы хъæбултæ, æмæ советон периоды хуыздæр Гуырдзыстоны кæй цардыстæм», - зæгъы Махниашвили Джемал.

Æнгæс уавæртæ ис Шида Картлийы регионы æндæр хъæуты дæр, сæрмагондæй та дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс цæрæнуæтты. Иртасæнтæ фенын кодтой, цæмæй уырыссаг пропогандæ арæх негативонæй æппæты тынгдæр ахады растдæр конфликтон регионты цæрджытыл.

NDI-йы фæстаг иртасæны фæстиуæгты (кæцы цæрджыты уагмæ хауы) фарстæйыл, Гуырдзыстон Евроазиаг цæдисы уæнг хъуамæ суа æви Евроцæдисы, 60%-ы дзуапп дæтты, зæгъгæ Евроцæдисы, фæлæ 29%-ы та Евроазийы. Ацы фæстиуæгтæ æнæнхъæлæджы нæ уыдысты гуйраг журналист Афциаури Гогайæн, кæцы дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс цæрджытимæ арæх фембæлы.

«Гуры муниципалитеты масштабæй алкæмæй фылдæр у Евроазион тыгъдады интеграцийы бæрцад, афтæмæй та ацы районы уавæр алкæмæй тынгдæр сæ зæрдыл хъуамæ лæууид цы арæзта уырыссаг арми уым 9 азы размæ. Нæ мæ уырны æмæ ай хуымæтæджы рохдзинады аххос у. Ацы статистикæйæн ис логикон æмбарынад. 1-аг Уæрæсе æрвыл бон тыхдзинады демонстаци кæны регионы æфсæддон ахуыртæй æмæ бордеризацийы процессæй. 2-аг паралеллонæй организацигондæй кусы афтæ хонгæ фæлмæн тыхы принцип, финансон ресурстæй æмæ Антиныгуылæйнаг пропогандæимæ куы цæуы Европæйаг æргъдзинæдты девалваци. 3-аг æхсæнады иу хай фæстæмæ советойнаг носталгийы уацары ис æмæ раст уый аразы фидар миф Кремлы фыдардзинады æмæ æмрæстæджы йæ зæрдæхæлардзинады тыххæй. Ацы æртæйы рæхыс та нын дæтты уыцы фæстиуæг кæцы фæстиуæг дæр æвæрд æрцыд», - зæгъы Афциаури Гога.

Информацийы сæрибары рæзынады институты (IDFI) иртасæны (уырыссаг æндæвдад гуырдзиаг æнæхицауадон организацитыл æмæ дзыллон информацийыл) фæстиуæгмæ гæсгæ та уырыссаг пропогандæйы сæйраг равзæрæн у бынæттон медиа.

Ахæм хъуыдыйыл хæст сты, дзыллон информацийы рæзынады фонды (MDF) ‘рдыгæй сæххæстгонд медиамониторингы – фæстиуæгтæ дæр. «Антиныгуылæйнаг риторикæ гуырдзиаг дзыллон информацийы, арæх ксенофобиаг æмæ гомофобион контексты хъуысы», - дзырд цæуы иртæсты.

Дзыллон информацийы рæзынады фонды гамгеобайы сæрдар Къинцъурашвили Тамар зæгъы, цæмæй Гуырдзыстоны, æндæр Постсветон бæстæтæй хъауджыдæр, фылдæр серьезон проблемæ æвдисы гуырдзиагæвзагон дзыллон информаци, кæцы фæлхатт кæны уырыссаг наративы æмæ акцентиронгонд у гуырдзиагæвзагон цæрджытыл.

«Æмбæлæм дыууæ типы медиафæрæзтыл, иутæ, кæцытæ æргомæй дзурынц уырыссаг равзæрæнты идентифицирдзинадыл æмæ иннæтæ, кæцытæн этнонационалистон аккадзинад ис», - зæгъы Къинцъурашвили Тамар.

«Мейнстримон дзыллон информацийæн та, парахат кæныны стыр ареалæй, квалификацион кадрты проблемæ ис. Националон уацхæссæг журналисттæ хъуамæ æмбарой бæрндзинад, критиконæй хъуамæ зæгъой кæцыфæнды гуырысхойаг хабары, хъуамæ сбæлвырд кæной информацийы æмæ квалификацион опонирдзинад кæной уыцы къордтæн, кæцытæ Кремлы позицийы зæлын кæнынц», - зæгъы уый.

Национ демократон институты (NDI) Гуырдзыстоны офисы директор Лора Торнтъоны информацимæ гæсгæ, Евроцæдисы алтернативон курсы фарс рахæцыныл уынаффæ кæнгæйæ ахсджиаг у хъусдард здæхт æрцæуа экономикон фактормæ, кæцы цæрджыты æнгæс æвзарæны ратдзæн.

Уый ам дырысæй бæлвырд кæны, цæмæй æмбæстонты фылдæр Европæйаг æмæ Евроатлантикон курсы фарс хæцы. Евроцæдисы æвварсхæцджыты хъуыдымæ гæсгæ, Евроцæдисы уæнг суæвын Гуырдзыстонæн экономикон пайдадзинад æрхæсдзæн, Натойы æвварсхæцджытæ та, се ‘взæрст æмбарын кæнынц фылдæр æдасдзинады гарантийæ.

Фидыдады æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министры аппараты зæгъынц, цæмæй хицауады сæйраг хæслæвæрд у ма æруадза хæстон архæйдтытæ Гуырдзыстоны территорийыл.

«Нæ хицауиуæгады периоды нæ уыдис ситуацийы эскалаци, территориты фесафын, иу мард дæр нæм нæй хæстон архæйдтыты, иу уæлæмхас лигъдон нæм не рбафтыд. Тынг бирæ æрцæуы улæфынмæ Цхинвалæй. Тбилис уыдонæн сси нысаниуæгджын, Европæйаг типы горæт. Бирæтæ райдыдтой тæхын фæсарæйнаг бæстæтæм Тбилисæй, бирæтæ райдыдтой гуырдзиаг паспорты исын. Визалиберализаци мæн хъæуы абхазæгты æмæ ирæтты тыххæй. Раст ацы æнтыстдзинæдтæ сты нæ дзуапп махæн», - зæгъынц уагдоны.

Æрыгæтты инициативон къорд Шида Картлийы регионæй, уырыссаг пропогандæйы негативон æндæвдады фæфæлмæндæр кæныны нысанырдæм информацион кампанийæ тырны.

Æрыгон æмбæстагон активисттæ конфликты зонæйы хъæуты сæхи инициативæй арæх аразынц фембæлдтæ æмæ цæрджытæн Европæйаг бæстæты æмæ Евроцæдисы гæнæндзинæдтыл ныхас кæнынц.

Æнæхицауадон организаци «Картлосы» къухдариуæггæнæг, Бибилури Мегийы хъуыдымæ гæсгæ, уырыссаг пропогандæйы ахадындзинад фæкъаддæр кæнын гæнæн ис, кæд æмæ Гуырдзыстон Уæрæсейы фæлмæн тыхтимæ тох кæныны Европæйаг фæлтæрдзинад райсдзæнис.

«Европæ абон дæр ис æнгæс тохы Уæрæсеимæ. Уæрæсе комкоммæ æви фæрсмæ финанс кæны рахизон радикалон тыхты Европæйы раздзог бæстæты, кæцытæ æргомæй ныхмæ лæууынц фундаменталон Европæйаг æргъдзинæдтæн, толерантодзиндæн æмæ сабырадхæссынæн. Европæйаг æхсæнад уырыссаг пропогпндæйы хæдбар медиайы фарс хæцынæй æмæ дезинформацийы тыххæй æмбарынады сбæрзонд кæнынæй йæ ныхмæ цæуы».

Журналисттæ æмæ æнæхицауадон организациты минæвæрттæ проблемæйы æрбæстон кæныны нысанæн дæгъæлтæ ахуырады уынынц. Сæ хъуыдымæ гæсгæ æрыгæттимæ ноджы фылдæр кусын хъæуы, сæ информир кæныны нысанæй. Евроатлантикон интеграцийы æмæ йæ хорздзинæдты фæдыл алы адæймаджы тыххæй. Уæдмæ уал та Кремль дезинформацитæй дарддæр кæны ахадындзинад ссарын æмæ адæмæй манипулир кæнынæн уыдон рæдыдыл æфтауыны фæстиуæгæн.




Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.