Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Кавказы университеты студенттæ Хурвалеты хъæуы Ванишвили Датайы бабæрæг кодтой
«Фылдæр хъусдард оккупацион хаххырдæм», - ахæм мидисы акци Кавказы
университеты студенттæ Хурвалеты хъæуы æмæ Цъителубаны ауагътой.
Дихгæнæг хаххы иннæ фарс баззайæг Ванишвили Датайы бабæрæг кодтой
æмæ йын лæвæрттæ дæр æрбахастой.
Æрыгæттæ визиты рæстæджы, Ванишвили Датайы хъæбулы хъæбулимæ, 27 аздзыд Ванишвили Малхазимæ базонгæ сты, кæцы йæ дадайы æмæ нанайы уынынмæ хъæумæ Владикавказæй æрцыдис. Зæгъы, зæгъгæ дам, хуыздæр уавæрты тыххæй, цæрынмæ Цæгат Ирыстонмæ, Уæрæсейы Федерацимæ ацыдис æмæ уым цæры.
«Дзурынц мын, цæмæй дам, сындзтелгæрæнмæ 10 метрæй æввахсдæр куы бацæуон, æрцахсдзысты æмæ мæ фæстæмæ Владикавказмæ арвитдзысты. Ам куы цæрон, цы хъуамæ аразон? Хъæумæ цæуын нæ уадзынц, Цхинвалмæ та цæуын зын у, Ахалгор-Цхинвалы фæндагыл, уæлдайдæр, зымæджы периоды, фæндаг нæ вæййы», - зæгъы Ванишвили Малхаз. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы æфсæддонтæ сындзтелгæрæны акомкоммæ системитиконæй дыууæрдæм рацу-бацу кæнынц.
Кавказы университеты студенттæ æндæр æмæ æндæр компаниты ‘рдыгæй æрвыст лæвæрттæ Дата æмæ Малхаз Ванишвилитæн раттой. Студент Ахобадзе Зураб нымайы, цæмæй дихгæнæг хаххы цур цæрæг адæймæгтæм фылдæр хъусдард хъæуы здахын:
«Цалынмæ Ванишвили Датамæ бацыдаиккам, уæдмæ уыдыстæм Цъителубаны Куыдзеты бирæсывæллонджын бинонтæм, уыдонæн дæр лæвæрттæ бахастам. Мах ахæм типы акцитæ фидæны дæр адарддæр кæндзыстæм», - зæгъы Ахобадзе Зураб
Ванишвили Датайы цæрæн хæдзар дихгæнæг хаххы иннæ фарс 2008 азы августы хæсты фæстæ фæци. Сындзтелгæрæнмæ гæсгæ, уый Хурвалеты хъæумæ нал æрбацæуы. Йæ бинойнаджы, ныртæккæ, медицинон æххуыс хъæуы. Ванишвилиты райсом, Тбилисы клинникæйæ æрцæугæ дохтыртæ бабæрæг кодтой:
«Райсом дохтыртæ уыдысты ам. Загътой мын, ракæн дам дæ бинойнаджы æмæ дам æм бакæсæм. Мæ хъæбулы хъæбулмæ фæдзырдтон æмæ йын загътон, зæгъын, бацу æмæ нанайы дæ хъæбысы æддæмæ ракæн æмæ йæ дохтыртæн фенын кæнæм. Ахалгормæ йæ нæ акæндзынæн, уым æй хъуамæ сылгоймæгты палатайы схуыссын кæной æмæ æз уым куыд хъуамæ æрлæууон. Иууыл ын бæрзонд давлени вæййы æмæ йын æххуыс кæнын фæхъæуы», - зæгъы Ванишвили Дата.
Студенттæ домынц, цæмæй ацы фарсæй паддзахад максималон тыхтæй хъуамæ спайда кæна, алы æмбæлон æхсæнадæмон организацийæн фехъусын кæна æмæ зæронд адæймæгтæн баххуыс кæной.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |