Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Мæ хицау мын дзырдта, зон, кæрæдзиуыл аудут – Поладашвилитæ Пъантъианæй
Хуры аныгуылды фæстæ, Пъантъианæй Картлийы фæзбынаты стырдæр хай
лампионтæй рухсæй фæзыны, афтæ ма, рухсгонд автобан æмæ æдзухæй
змæлгæ автомобилтæ. Централон магистраль тынг хорзæй зыны, фæлæ
дзæвгар дæрддзæф у. Хъæуы талынггонд уынгты мæрдон сабырдзинад ис
æмæ дзы æрмæст иунæг лампæ рухс кæны центры.
«Пъантъиани йæ уый тыххæй схуыдтой æмæ дам дзы бирæ пъантъа (лыстæг кæрдо) задис. Ныр ацу æмæ ма дзы кæд иунæг пъантъа дæр фенай, уæд мын зæгъ», - зæгъы Поладашвили Сурен, кæцы æвзонгæй райдыдта кусын Советон хъæууон хæдзарады трактористæй. Бонтæ æмæ азтæ афтæ аивгъуыдтой, æмæ мин хатты уæддæр ацыдис ацы хъæуы фæндагыл Квемо Чъалайы онг. Йæ бинойнаг Гочашвили Нанулийы дæр ын амонгæ бакодтой æмæ йæ уынынмæ Тбилисмæ ацыдис:
«Мæ хæстæджы хион уыдис, загъта мын, иу хорз чызг дам зонын æмæ дам дын æй хъуамæ бацамонон. Иуыл тракторыл куыстон æмæ мын йæ фенын нæ бантыстис. Цалдæр азы рацыдис æмæ стæй мæ хæстæгæн загътон, зæгъын, цом æмæ мын æй базонгæ кæн уыцы чызджы», - мысы Поладашвили Сурен.
Æвзонг тракторист, Загесмæ, йæ фидæны каисты хæдзармæ ацыдис. Чызджы хæдзары нæ баййæфтой, куысты уыдис, фабрикæйы куыста, хæдзары ма сæм хашураг уазджытæ дæр уыдис, фынг нын рывæрдтой æмæ фæминас кодтам, æризæр ис фæлæ Гочашвили Нанули нæма æрбацыд:
«Поезд Тбилисæй уæд 7-ыл здæхтис фæстæмæ. Хашурæгтæ нал æрлæууыдысты, байрæджы дам кæндзыстæм поедмæ æмæ рацыдысты. Æз нæ рацыдтæн, баззадыстæм мæ хæстæгимæ уыцы æхсæв Тбилисы. Уыцы хашурæгтæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм, уыдон дæр уыцы чызджы уынынмæ уыдысты. Фæлæ йæ æз кæцæй зыдтон?» – дзуры Поладашвили Сурен.
Фембæлдæй хæрз тагъд Гочашвили Нанули Пъантъианмæ рацыдис цæрынмæ. Чындзæхсæв дæр скодтой æмæ сын 5 хъæбулы дæр райгуырдис, æрмæст иуылдæр – чыззытæ. «Иуыл мын афтæ дзырдтой, англисаг цæфхад дам ссар æмæ дам уын лæппу дæр райгуырдзæнис. Никуы йæ ссардтон уыцы англисаг цæфхады. Лæппу дæр нын нæ райгуырдис», - худгæйæ зæгъы нæ фысым.
Лæг æмæ усæн сæ зæрдыл лæууы, цæмæй хъæу куыд тынг хъæлдзæг æмæ уынæргæнаг уыд. Дæлвæзы цæрæнуат 6 сыхыл (уынгмæ гæсгæ) уыд дихгонд.
«Дæллаг сыхы иу хæдзар уыдис, уæлхæдзар ын нæ уыдис æмæ уый бæсты уыд сыджытæй æмбæрзт. Алы изæр дæр иу дæллаг сыхы адæм æрбадтысты уым æмæ иу доли æмæ гармонæй цагътой æмæ зарыдысты. Ам иу уыдон хъæлæсы уынæр куы фехъуыстам, мах дæр иу æрбадтыстæм нæ сыхы æмæ зарыдыстæм. Стæй иу куы уыдон æссыдысты мах сыхмæ, куы иу мах ныццыдыстæм уыдонмæ. Афтæ иу ныл сбон ис хъæлдзæг рæстæг æрвитгæйæ. Райсомæй иу нæ куыстытыл балæууыдыстæм быдыры», - мысы Поладашвили Сурен.
Тракторист, кæцы хъæу нæ ныууагъта æмæ горæтмæ нæ ацыдис
Поладашвили Сурен зæгъы, цæмæй уæлдæр ахуырмæ дæр уый тыххæй нæ бацыд, æппынæдзух кæй куыста. Куы нæ бакуыстаис, хæдзармæ æфтиаг нæ бахастаис. Иу периоды йын баныфс æвæрдтой, цæмæй дыууæазон стажы фæстæ, хъæууон хæдзарадон институты кæй сахуыр кодтаид, фæлæ дыууæ азы куы рацыд уæд ын стæй афтæ, загътой - системæ дам фæивта.
«Скъолæйы афтæ хорз ахуыр кодтон, алкæимæ дæр ерыс кодтон ахуыры мидæг. 27 ахуырдзауы цыдыстæм Пъантъианæй Квемо Чъалайы скъолæмæ. Иу хатт нæм скъолæмæ æрбацыдысты ахуырады системæйæ бæрæггæнæг. Ахуыргæнæг мын цыппар нывæрдта, афтæмæй мын фондз æмбæлдис. Ахуыргæнæг мын загъта, уырыссаг уыд, ай дæр дам дын хатырæй æвæрын, уæд ын уазæг загъта, мæнмæ дам куы хауид уæд дам ын æз æхсæз ныффыстаин. Афтæ мæ æфхæрдтой. Æндæртæн фыстой фæндзтæ, мæнæн – нæ. Æппынæдзух иу мæсты кодтон æмæ иу загътон, æвæццæгæн ахæм мæгуыр бинонтæй æмæ ахæм бынатæй кæй уыдтæн уый тыххæй мын нæ фыстой фæндзтæ», - ацы историйы æрымысыны рæстæджы Поладашвили Сурен йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кодта, сабибонты æфхæрд зæрыбонтæм мæ зæрдыл лæууы. Мæ бинойнаг мын загъта, тынг хъæрæй дам ма ныхас кæн: «Мæ хъæбултæ дæр мæхи хуызæн рацыдысты. Уыдон иуылдæр уæлдæр ахуыр фесты. Фæлæ дæ цы фæнды æмæ кæнай? Ам нал сты, фæцыдысты», - загъта нын фысым.
Фондз чызгæй дыууæ моймæдзыд сты. Адонæй иу, кæцыйæн дыууæ хъæбул ис, Хонмæ у чындзыдзыд. «Мæ хъæбулы хъæбултæ дард сты æмæ арæх нæ цæуынц. Куы фениккат, куы иу æрцæуынц, уæд куыд схъæлдзæг кæнынц хæдзары», - зæгъы Поладашвили Сурен.
«Мæ хицау мын иуыл дзырдта: 10 сывæллоны дын куы уа, уæддæр дам ды дæр æмæ де мкъай дæр кæрæдзиуыл аудут, кæрæдзийæн дам лæггад кæнут. Нæ кæсыс хъæуы куыд ничиуал лæууы æмæ раст дзырдта уый, афтæ у», - загъта нын Гочашвили Нанули.
Пъантъианы хъæу дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæу у. Ныртæккæ, хъæуы 30-мæ ‘ввахс хæдзар цæры. Цæрджыты иу хай, 90-æм азты конфликты рæстæджы, тыхфæлгъуыдæй Цæгат Ирыстонмæ ацыдысты. Иннæ хай та, Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр горæттæм фæлыгъдысты цæрынмæ. Гочашвили Нанули зæгъы, цæмæй хъæуы скъолæйы кары иунæг саби ис, кæцыйæн паддахадон машинæ лæггад кæны Квемо Чъалайы хъæуы астæуккаг скъолæмæ йæ æрвылбон акæны.

Цардæфсæст
Пъантъиани

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |