Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Сакашеты цæрæнуаты 31 хæдзарæн газы хынцæгтæ Куртайы муниципалитет балхæндзæн
Сакашеты лигъдæтты цæрæнуаты цæрæг бинонтæн æрдзон газы хынцæгтæ
муниципалитеты бюджетæй балхæндзысты. Ай фæдыл знон 12-æм февралы
уынаффæ райста Куртайы муниципалитеты гамгебели Миндиашвили
Звиад.
Уый ныхасмæ гæсгæйæ, хынцæгтæ æвæрд æрцæудзæнис 31 хæдзары бинонтæн æмæ æхцайы суммæ «Сокар Джорджиа газæн» бафиддзысты. 2018 азы бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссынæн 14 мин ларийы рахицæнгонд æрцыд.
«2018 азы онг Сакашеты лигъдæтты цæрæнуаты нæ уыдис арæзт газы хынцæгтæ. 2017 азы кæроны райдыдтой газы хынцæгтæ æвæрын. Уымæн æмæ ацы лигъдæтты цæрæнуаты æппæтæй тынгдæр тыхст æмæ социалонæй æнæхъахъхъæд лигъдæттæ цæрынц. Лигъдæтты цæрæн уавæртæм æркæсгæйæ, Гамгеоба йæхимæ райста æрдзон газы хынцæгты сфинанс кæнын æмæ цæрæнуат ифтонггонд æрцæудзæни газы хынцæгтæй», - нысан кæны Миндиашвили Звиад скъуыддзаджы.
Бардзырдмæ гæсгæйæ, Куртайы муниципалитет æрмæстдæр ацы 31 хæдзарæн сфинанс кæндзæнис газы хынцæгтæ, кæцытæ Стыр Леуахигомæй лигъдæттæ сты. Сакашеты лигъдæтты цæрæнуаты цъус бинонтæ цæры, æдæппæтæй дзы ис 100 хæдзарæй чысыл фылдæр. Чысыл Леуахигомы æмæ Пронейы комы лигъдæттæм та, цы хауы, уый тыххæй, муниципалитетты уынаффæ нырма зындгонд нæу.
2008 азы августы хæсты фæстæ, Стыр æмæ Чысыл Леуахигомæй, афтæ ма ноджы, Пронейы комæй этникон гуырдзиæгтæ сæ цæрæн хæдзæрттæ ныууагътой. Уыдон æндæр æмæ æндæр цæрæнуæтты æрцæрын кодтой.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |