Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Сыхæгты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, Цхинвалы Бестауты Генадимæ бинонты уæнгтæ сæ хъус дарынц
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæу Зардианткъары дзурынц, цæмæй се ‘мхъæуккаг Бестауты Генадимæ Цхинвалы йæ бинонты уæнгтæй хорз хъусдард ис. Ай фæдыл уыдон Шида Картлийы информацион центримæ ныхасгæнгæйæ загътой.

Габлишвили Этеры ныхасмæ гæсгæ, Бестауты Генадийæн йæ бинойнаг æмæ хъæбултæ Цхинвалы куыст дæр ссардтой, фæлæ, проблемæ дихгæнæг хаххы иннæ фарс уæвæг цæрæн хæдзар у. Ацы хæдзары Бестауты Генади нæ уадзы æмæ рахизы дихгæнæг хаххыл.

Ракой уын кæндзыстæм, æмæ, Бестауты Генадийы фæстаг æртæ азы дæргъы цыппæрæм хатт æрцахстой æмæ йын 9-æм февралы уымæн дыууæмæйон ахæсты тæрхон рахастой.

Уый, нырма фыццаг æрцахстой 2017 азы майы, уый фæстæ та – сæрды, æртыккаг хатт та йæ 31-æм октябры æрцахстой.

Бестауты Генадийы ус æмæ сывæллæттæ цæрынц Цхинвалы, æмæ æрцахстыты рæстæджы, уый растдæр сæ уынынмæ фæцæйцыди. Бестауты Генадийы тыххæй Шида Картлийы информацион центр репортаж 2017 азы ноябры мæйы æрцæттæ кодта.

Уый 2003-2017 азты, лæгмарды аххосагæй, Тбилисы ахæстоны фæбадтис. Ахæстонæй ссæрибары фæстæ, Зардианткъары хъæумæ йæ цæрæн хæдзармæ æрбаздæхтис. Йæ хæдзар, ирон хъæу Хелчуайы арæныл, гуырдзиаг æмæ уырыссаг постыты ‘хсæн ис. Цæхæрадоныл æмæ хæдзары бынатыл цæуы дихгæнæг хахх.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.