Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Цецхладзе Циала йе ‘мкъайы Ачъарайы баныгæдта. Уый Гуры муниципалитеты Бобневы хъæуы (ног Хурвалеты) цæры. Хурвалеты хъæугæроны, ацы цæрæнуат 5 дæсгай азты размæ фæзынд.
Ардæм æрцæугæ сты сæйрагæйдæр Танайы цæугæдоны (Атены сæрмæ) комæй: Бошурайæ æмæ Бобневæй. Хъæуы дæр схуыдтой Бобневы хъæу, фæлæ официалон гæххæттыты уæддæр Хурвалеты хъæуæй койгонд цæуы. Ног Хурвалеты хъæуы ма 30 хæдзарæй æдæппæт баззади 10 хæдзары бинонтæ.
Ам, сæйрагæйдæр, Бошурайæ æмæ Бобневæй æрцæугæ сты, æмæ «Бобнев» дæр уымæн хуыйны, æнæуи та йæ «ног Хурвалеты хъæу» хонынц.
«Мæ мой куы фæзиан, уæд нæдæр бафæлвæрдтон, æмæ искæмæ бахатыдаин – цæмæй йæ хъæуы уæлмæрды бавæрдтаиккам. Уымæн æмæ дзы уæддæр ницы рауадаид. Æндæр гæнæн мын нæ уыди æмæ йæ Ачъарамæ, йæ райгуырæн хъæумæ аластон æмæ йæ уым бавæрдтам. Уæртæ ноджы мæ иу сыхаг, йæ фыды Тбилисы баныгæдта. Иннæ сыхаг та, йæ нæ фарсмæ стыр Хурвалеты хъæуы уæлмæрдмæ аласта æмæ йæ уым баныгæдта», - зæгъы Цецхладзе Циала.
Махъишвили Элойы хæдзар. Уымæн йæ мой мыдыбындзы 60 мыды чыргъæдмæ зылд. Хæсты рæстæджы фæцагъды сты, иу мыдычыргъæд ма дзы аирвæзти. Уыцы иу чыргъæдæй сæ сбирæ кодта дыууадæсы онг, фæлæ, Махъишвили Элойы æмкъайы амæлæты фæстæ, мыды чыргъæдты бæрц 6-мæ æрхауди.
Ноджы ма иу бинонты хæдзар, кæцы не спайда кодта иумæйаг уæлмæрдæй, Махъишвили Эло у. Уымæн йæ мой 2014 азы фæзиан. Хъынцъым кæны, цæмæй йæ моимæ иумæ, мыдыбындзытæ дæр амардысты.
«Хæсты агъоммæ нын уыдис 60 мыды чыргъæды. Хæсты заманы, уыцы стыр уынæры æмæ æнамонд рæстæджы массивонæй фæцагъды сты мыдыбындзытæ. Иу мыдычыргъæд ма дзы тыххæйты удгасæй аирвæзти. Куыддæртæй йæ дыууадæс чыргъæды онг сбирæ кодтам. Стæй ме ‘мкъай куы фæзиан, уый фæстæ йæ, мæнæ уынут 6 чыргъæды ма дзы баззад», - зæгъы Махъишвили Эло. Дзуры, зæгъгæ дам, мыдыбындзмæ стыр хъусдард хъæуы.
«Мæ мойыл æппындæр мыдыбындз нæ хæцыд. Мыды чыргъæдмæ иу бæгънæгæй бацыдис, базылдис иу сæм афтæ æмæ йыл иунæг мыдыбындз дæр нæ фæхæцыдаид. Ныр та сæм мæ чызг зилы. Æз сæм æппындæр æввахс нæ цæуын. Тынг алерги мын ис, æмæ бындзы хæстæй тынг æвзæр вæййын».
Махъишвили Эло
Уæлмæрдмæ цы хауы уымæй та, хæдзæрттæ афтæ æвæрд сты, æмæ территори æнæхъæнæй арæн кæны сындзтелгæрæнимæ. Уæлмæрд рахицæн кæныны тыххæй та, Гуры муниципалитеты гамгебелмæ бадæттой курдиат, фæлæ, æнæ амалдзинадмæ гæсгæ, нæй, загътой.
«Загътой нын, сымах дам уæхæдæг бацагурут бынат æмæ дам дзы уæлмæрд саразут, фæлæ ам ахæм ситуаци ис, æмæ кæм хъуамæ æрæмбонд кæнай», - зæгъы Цецхладзе Циала.
Бобневы хъæуæн (ног Хурвалет) уæлмæрд нæй
Ай уыцы хъæу у, цыран Ванишвили Дата цæры. Ванишвили Дата æмæ ма ноджы æртæ бинонты цæрæн хæдзæрттæ сындзтелгæрæны иннæ фарс аззадысты, кæцыйы Уæрæсейы гæрзифтонг тыхтæ æмæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны Республикæйы хицауад контроль кæны. Бобневы хъæуы - ног Хурвалеты уæлмæрд дæр сындзтелгæрæны иннæ фарс баззад.
Цецхладзе Циала йе ‘мкъайы Ачъарайы баныгæдта. Уый Гуры муниципалитеты Бобневы хъæуы (ног Хурвалеты) цæры. Хурвалеты хъæугæроны, ацы цæрæнуат 5 дæсгай азты размæ фæзынд.
Ардæм æрцæугæ сты сæйрагæйдæр Танайы цæугæдоны (Атены сæрмæ) комæй: Бошурайæ æмæ Бобневæй. Хъæуы дæр схуыдтой Бобневы хъæу, фæлæ официалон гæххæттыты уæддæр Хурвалеты хъæуæй койгонд цæуы. Ног Хурвалеты хъæуы ма 30 хæдзарæй æдæппæт баззади 10 хæдзары бинонтæ.
Ам, сæйрагæйдæр, Бошурайæ æмæ Бобневæй æрцæугæ сты, æмæ «Бобнев» дæр уымæн хуыйны, æнæуи та йæ «ног Хурвалеты хъæу» хонынц.
«Мæ мой куы фæзиан, уæд нæдæр бафæлвæрдтон, æмæ искæмæ бахатыдаин – цæмæй йæ хъæуы уæлмæрды бавæрдтаиккам. Уымæн æмæ дзы уæддæр ницы рауадаид. Æндæр гæнæн мын нæ уыди æмæ йæ Ачъарамæ, йæ райгуырæн хъæумæ аластон æмæ йæ уым бавæрдтам. Уæртæ ноджы мæ иу сыхаг, йæ фыды Тбилисы баныгæдта. Иннæ сыхаг та, йæ нæ фарсмæ стыр Хурвалеты хъæуы уæлмæрдмæ аласта æмæ йæ уым баныгæдта», - зæгъы Цецхладзе Циала.
Махъишвили Элойы хæдзар. Уымæн йæ мой мыдыбындзы 60 мыды чыргъæдмæ зылд. Хæсты рæстæджы фæцагъды сты, иу мыдычыргъæд ма дзы аирвæзти. Уыцы иу чыргъæдæй сæ сбирæ кодта дыууадæсы онг, фæлæ, Махъишвили Элойы æмкъайы амæлæты фæстæ, мыды чыргъæдты бæрц 6-мæ æрхауди.
Ноджы ма иу бинонты хæдзар, кæцы не спайда кодта иумæйаг уæлмæрдæй, Махъишвили Эло у. Уымæн йæ мой 2014 азы фæзиан. Хъынцъым кæны, цæмæй йæ моимæ иумæ, мыдыбындзытæ дæр амардысты.
«Хæсты агъоммæ нын уыдис 60 мыды чыргъæды. Хæсты заманы, уыцы стыр уынæры æмæ æнамонд рæстæджы массивонæй фæцагъды сты мыдыбындзытæ. Иу мыдычыргъæд ма дзы тыххæйты удгасæй аирвæзти. Куыддæртæй йæ дыууадæс чыргъæды онг сбирæ кодтам. Стæй ме ‘мкъай куы фæзиан, уый фæстæ йæ, мæнæ уынут 6 чыргъæды ма дзы баззад», - зæгъы Махъишвили Эло. Дзуры, зæгъгæ дам, мыдыбындзмæ стыр хъусдард хъæуы.
«Мæ мойыл æппындæр мыдыбындз нæ хæцыд. Мыды чыргъæдмæ иу бæгънæгæй бацыдис, базылдис иу сæм афтæ æмæ йыл иунæг мыдыбындз дæр нæ фæхæцыдаид. Ныр та сæм мæ чызг зилы. Æз сæм æппындæр æввахс нæ цæуын. Тынг алерги мын ис, æмæ бындзы хæстæй тынг æвзæр вæййын».
Махъишвили Эло
Уæлмæрдмæ цы хауы уымæй та, хæдзæрттæ афтæ æвæрд сты, æмæ территори æнæхъæнæй арæн кæны сындзтелгæрæнимæ. Уæлмæрд рахицæн кæныны тыххæй та, Гуры муниципалитеты гамгебелмæ бадæттой курдиат, фæлæ, æнæ амалдзинадмæ гæсгæ, нæй, загътой.
«Загътой нын, сымах дам уæхæдæг бацагурут бынат æмæ дам дзы уæлмæрд саразут, фæлæ ам ахæм ситуаци ис, æмæ кæм хъуамæ æрæмбонд кæнай», - зæгъы Цецхладзе Циала.
Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |