Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Гуры 9-æм майы бæрæгбон нысангонд æрцыд æнæ сырх тырысатæй
Гуырдзыстоны Коммунистон партийы уæнгты традицион цыд централон
фæзуаты ‘рдæм нæ рауад. Бынатыл нал зыны «Æнæмæлгæ полчы» уæнгтæ,
кæцытæ хъуамæ бацыдаиккой Стъалины хæдзар-музейы ‘рдæм.
Сæйраг фæзуатыл Джейран Китриашвилийы æвæрд бюсты цурмæ йæ бинонты уæнгтæ æрбацыдысты. Уый дзуры, цæмæй бюст уый инициативæмæ гæсгæ æвæрд кæй æрцыди.
Уæдмæ уал, Гуырдзыстоны коммунистон партийы Гуры организацийы уæнгтæ Стъалины хæдзар-музейы цур акци ауагътой. Сæйраг фæзуатыл та «Æнæмæлгæ полчы» минæвæрттæ æгæр раджы апырх сты.
Патрулы полицæйы кусджытæ Коммунистон партийы организацийы уæнгтæн Советон тырысатæй спайда кæныны бар раттой.
Æртыккаг акци Гуры меры инициативæйæ уагъд æрцыд, тохгæнæн кады музейы цур, цыран дыккаг дунеон хæсты хайадисджытимæ фембæлдысты æмæ сын фашизмыл фæуæлахизы бонæн раарфæ кодтой. Ветерантæн æхцайы лæвæрттæ ракодтой, æмæ сæ стæй, бæрæгбонон сихормæ фæхуыдтой.
Гуырдзыстоны Коммунистон партийы минæвæрттæ, 7-æм майы, Советон æмæ тоталитарон символикæтæй спайда кæнынæй сæхи бахизыны нысанæн, рагфæдзæхст райстой. Ай фæдыл политикон организацимæ паддзахадон æдасдзинады куыстуатæй хъусинаг æрбарвыстой.
Документыл йæ къух фыссы Паддзахадон æдасдзинады куыстуаты «Сæрибардзинады хартийы» Гуырдзыстоны закъонæй бæлвырдгонд къамисы сæрдар Гоцадзе Сулхан. Гоцадзе Сулхан Коммунистон партийы разамонæгæн фæдзæхсы, цæмæй ахæм символикæтæй спайда кæныны цауы, уагъд æрцæудзæн закъонмæ гæсгæ мадзæлттæ. Дзырд цæуы 9-æм майы фашизмыл фæуæлахизы снысан кæнынæн сплангонд мадзæлтты тыххæй.
Гоцадзе Сулхан амоны «Сæрибардзинады хартийы» Гуырдзыстоны закъоны æвдæм статийы 6-æм пунктмæ:
«Коммунистон тоталитарон æмæ фашистон идеологиты хæссæг символикæйы, цыртдзæвæнты, барелиефты, фыстыты, нæмтты скуынæг кæныны нысанæн къамис бахатыд барлæвæрдон гоймæгтæм. Къамисы бахатыды цауы барлæвæрдон гоймаг хæсджын у скуынæг кæна коммунистон тоталитарон кæнæ/та фашистон символикæ. Ацы пунктмæ гæсгæйæ барлæвæрдон гоймаджы ‘рдыгæй къамисы амындты не ‘сæххæст кæныны цауы расайдзæн закъонæй æркастгонд бæрндзинады», - банысангонд ис «Сæрибардзинады хартийы» Гуырдзыстоны закъоны æвдæм статийы 6-æм пункты.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |