Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Эргнеты баныхас кодтой, цæмæй Татунашвили Арчилы мæлæты хъуыддаджы фæдыл эксперттæ иумæ фембæлой
Эргнеты, 15-æм майы ауагъд фембæлд 9 сахаты бæрц адаргъ. Уый уыд дæргъвæтин æмæ тынггонд бонтæй сæ иу.

Фылдæр рæстæг, раст, Татунашвили Арчилы амæлæты факты объективон фæдагуырдæн, афтæ ма, зылынджын гоймæгты рабæрæг кæнынæн лæвæрд æрцыд. Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы курдиатмæ гæсгæ, фæрстæ, æппæты фæстагмæ, мæлæты хъуыддаджы тыххæй, экспертты иумæ фембæлды фæдыл, баныхас кодтой.

Амæй дарддæр ма, фæрстæ уæлæмхасæй ноджы 16 фарстмæ æркастытсты.

Дæргъвæтин рæстæг ма ноджы лæвæрд æрцыд Башарули Давиты æбæрæг уавæрты мæлæты тыххæй æмæ ацы хъуыддаджы бындуронæй рабæрæг кæнынæн, афтæ ма ноджыдæр бордеризацийы процессы адарддæр кæнынæн Гуры муниципалитеты Никозы хъæуы ‘рдæмадæй. Фембæлды фæуды фæстæ, ирæтты къорды сæргълæууæг Джиоты Мурæт Татунашвили Арчилы мæлæты тыххæй дзæвгар фæныхас кодта æмæ загъта, цæмæй Уæрæсейы экспертон бюройы бæрæггæнæнты процедурæты хъахъхъæдгондæй адæттаид гуырдзиаг фарсæн æмæ ацы фарсты тыххæй кæй нæй æндæр эксперизæйы хатдзæг.

Уый информацимæ гæсгæ, ирон фарс нæу Татунашвили Арчилы мæлæтæй интересгонд æмæ уый йæхигъæдæй зæрдæнизы фæкарзы фæстиуæгæн фæзиан. Хуылфы органты раттыны фарстмæ цы хауы, уый фæдыл та Джиоты Мурæт загъта, цæмæй Уæрæсейы экспертты бюро алы процедурæ дæр кæй сарæзта йæхи методологимæ гæсгæ.

«Хуссар Ирыстоны пресс-куыстуатæн уый удæгасæй бирæ цымыдисон дæр уыд, уымæн æмæ уый гуырдзиаг пресс-куыстуаты бахæсгондæй архайдта æмæ йæм уыд бирæ фарстытæ, фæлæ хъыгагæн, ацы фарстытæн ныр никæмæуал ратдзысты æмæ сын дзуапп ничиуал ратдзæн», - загъта Джиоты Мурæт.

Паддзахадон æдасдзинады куыстуаты аналитикон департаменты хистæры хæдивæг Антидзе Иракли загъта, цæмæй гуырдзиаг фарс уыд максималонæй категорион æмæ æрмæджы æппæт ирддзинадæй æркуырдта уыдонæн раттын, цыдæриддæр Татунашвили Арчилы хъуыддагмæ хауд. Уый курдиатмæ гæсгæ, ирон фарс цæттæ нæ уыдис гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй æрæвæргæ фарстытæн дзуапп раттынмæ.

«Мах принципиалонæй фарст æрæвæрдтам, цæмæй цахæмфæнды æрмæг дæр лæвæрд æрцыдаид махæн, кæннод уыцы дызæрдыгдзинад, кæцы уыдис ацы мæлæтимæ баст, ноджы фыддæр дызæрдыггаг у», - загъта Иракли Антидзе.

Гуырдзыстоны хицауад Татунашвили Арчилы мидæггаг органты раттыны фæдыл фарст Эргнеты иннæ фембæлдыл дæр æрæвæрдзæн.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.