Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Ереды полицæйы хистæр Хурвалеты цæрæнуатмæ уазæгуаты фæцæйцæуæг æрыгоны ныццавта
18-æм майы Хурвалеты хъæуы цур 23 аздзыд æрыгоны машинæ скъуырдта
æмæ амард. Автомобилы скъæрæг Гуры мидхъуыддæгты уагдоны Ереды
полицæйы хайады хистæр разынди.
Телекомпани «Имеды» бæрæггæнæнмæ гæсгæ, Дицы хъæуы гуырд нæлгоймаг автобанæй лигъдæтты цæрæнуатмæ фистæгæй фæцæйцыд. Фото дæр телекомпани «Имеди» рапарахат кодта.
Факты фæдыл информаци мидхъуыддæгты министрад дæр парахат кæны. Уагдоны бæрæггæнæнмæ гæсгæ, амæлæг у фыццаг класы рæнхъон.
«Мидхъуыддæгты министрады Шида Картлийы полицæйы департаменты æмæ патрулон полицæйы æмкусджытæ ацы аз 18-æм майы ног Хурвалеты хъæуы автомобилон фæндагыл æрцæугæ автофæндагон цауы тыххæй фæдагуырд уголовон кодексы 276-æм пункты 5-æм хайæ райдыдтой, кæцы нысан кæны транспорты змæлды æдасдзинады кæнæ эксплуатацийы фæткы фехалын, кæцы адæймаджы царды скуынæг расайдта».
Фыдракæнды сарæзтмæ хауы 4-азæй 7-азы æмгъуыдмæ сæрибардзинады байсынад, 3-азы æмгъуыдмæ гæсадæй кусын кæнæ хъуыддаг аразыны бардзинады байсын.
Æппæты фыццагон информацимæ гæсгæ, 2018 азы 18-æм майы Шида Картлийы полицæйы департаменты Ереды районон уагдоны фыццаг хайады хистæр, полицæйы майор Колоташвили Тенгиз йæхи сæрмагонд машинæйыл змæлыд, ног Хурвалеты хъæуы цур куы ныццавта фистæгæй цæуæджы, гæрзифтонг тыхты фыццаг класы рæнхъон, 1995 азы гуырд æмæ бынатыл амардис. Æрцæугæ фактмæ гæсгæ уагъд цæуы оперативон фæдагуырдон куыстытæ. Нысангонд æрцыд æмбæлон экспертизæтæ», - дзырд цæуы мидхъуыддæгты курдиаты.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |