Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Президент Татунашвили Арчилы йæ мæлæты фæстæ кады орденæй схорзæхджын кодта
Гуырдзыстоны президент сæрмагонд æмбæстагон бæрндзинады æмæ
гоймагон хъæбатырдзинады равдисыны тыххæй Татунашвили Арчилы йæ
мæлæты фæстæ кады орденæй схорзæхджын кодта.
Паддзахадон хорзæх Маргвелашвили Гиорги Татунашвили Арчилы бинонты уæнгтæн абон президенты галуаны ауагъд фембæлдыл адæтта. «Уыцы стыр рыстдзинад, кæцыйы сымахимæ иумæ мах дæр банкъардтам Татунашвили Арчилы фæзианы фæдыл, чысыл уæддæр фæрог кæндзæн, уый æмæ хъуыддаг кæронмæ бæрæггонд куы рцæуа æмæ зылынджынтæ æфхæрд куы баййафдзысты», - ацы хъусинаг абон Маргвелашвили Гиорги Татунашвили Арчилы бинонты уæнгтимæ фембæлды рæстæджы сарæзта.
Маргвелашвили Гиорги Татунашвили Арчилы бинонты уæнгтæй деталон информацимæ байхъуыста фæдагурæн куысты æмæ экспертизæйы сарæзты тыххæй. Афтæ ма, фембæлды рæстæджы ныхас цыд адæймаджы барты европæйаг тæрхондоны Уæрæсейы ныхмæ бахæссинаг паддзахæдты ‘хсæн курдиатыл.
Гуырдзыстоны президент Маргвелашвили Гиорги нымайы, цæмæй Гуырдзыстон Татунашвили Арчилы амарыны фæдыл адæймаджы барты европæйаг тæрхондонмæ Уæрæсейы ныхмæ паддзахæдты хсæн курдиат хъуамæ бадæтта.
«Мах абон Татунашвили Арчилы бинонтæн бузныг зæгъæм ахæм хъайтар хъæбулы схъомыл кæныны тыххæй, уымæн æмæ, сымах райгуырæн бæстæйæн схъомыл кодтат тохгæнæг æфсæддон лæг, кæцы хъахъхъæдта мах интересты бæстæйы æдде æмæ адæймаг, кæцы трагиконæй æмæ хъайтарæй йæхи рауæлдай кодта райгуырæн бæстæйы уарзондзинадæн æмæ хъахъхъæнынæн. Стыр бузныг ахæм хъæбул схъомыл кæныны тыххæй, мах Татунашвили Арчилы хорзæхджын кæнæм кады орденæй йæ мæлæты фæстæ æмæ мæ уырны, цæмæй уыцы стыр рыстдзинад, кæцы сымахимæ иумæ мах дæр банкъардтам Татунашвили Арчилы мæлæты тыххæй, цъус уæддæр фæрогдæр уыдзæн, хъуыддаг кæронмæ куы раргом уа æмæ аххосджынтæ æфхæрд куы баййафой, уæд. Рухсаг уæд йæ сыгъдæг уд. Мах не ‘взонг фæлтæры уый æмæ уый хуызæтты хъæбатырдзинады цæвиттоныл схъомыл кæндзыстæм», - банысан кодта Маргвелашвили Гиорги фембæлды рæстæджы.
Татунашвили Арчилы бинонтæ бузныг сты Гуырдзыстоны президентæй сæ хъæбулæн сын афтæ кæй скад кодта æмæ загътой, цæмæй æппынæдзухæй кæй æнкъарынц президенты фарсхæцынады. Татунашвили Арчилы адвокат Авалиани Тамар куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддаджы фæдыл курдиат бацæттæ кæндзысты æмæ йæ адæймаджы барты европæйаг тæрхондонмæ бадæтдзысты.
«Ацы хъуыддаг æнæхицауадон организаци адæймаджы барты центр цæттæ кæны европæйаг тæрхондонмæ бахæссынæн, кæцыйы æз бавдисдзынæн. Мах майрæмбоны арвыстам курдиат Уæрæсейы Федерацимæ фæдагуырды райдайыны фæдыл оккупирон Хуссар Ирыстоны территорийыл Татунашвили Арчилы мæлæты æмæ хъизæмæртты тыххæй».
Уæрæсейы Федераци у иунæг уыцы гоймаг, кæцы аххосджын у ацы æнæзакъонон архайды, уымæн æмæ, Уæрæсейы Федераци эфектон контроль æххæст кодта æмæ æххæст кæны оккупирон Хуссар Ирыстоны территорийыл æмæ адæймаджы барты европæйаг тæрхондоны прецедентон тæрхонмæ гæсгæ, уыцы паддзахад, кæцы конкретон территорийыл эфектон контроль æххæст кæны, ацы территорийыл æрцæугæ фыдракæндтæ иуылдæр уымæ хауынц.
Уымæ гæсгæ, мах хъуыды кæнæм, цæмæй нын Уæрæсейы Федерациимæ хъуамæ уыдаид коммуникаци. Мах æркуырдтам фæдагуырд райдайын. Æнхъæлмæ кæсæм Уæрæсейы Федерацийæ дзуаппмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр ныфс нæ ай тыххæй нæй.
Ай нæ хъæуы уый тыххæй, цæмæй кæронмæ фæуæм мидæгон паддзахадон механизмтæ æмæ адæймаджы барты европæйаг тæрхондонмæ бадæттæм курдиат Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ.
Гуырдзыстоны ныхмæ та цы хауы, уымæй, мах нæ цæст æрдардзыстæм Гуырдзыстоны цæугæ фæдагуырдмæ. Нæ нысан уый нæу, æмæ Гуырдзыстоныл, афтæ зæгъæм, бахъаст кæндзыстæм адæймаджы барты европæйаг тæрхондонмæ, фæлæ кæд æмæ мах фендзыстæм, æмæ ам фæдагуырд цæуы æнæэфектонæй, уæд нын æндæр амал нал уыдзæн, æмæ куыд Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ бадæттам курдиат, афтæ бадæтдзыстæм Гуырдзыстоны ныхмæ дæр», - банысан кодта Авалиани Тамар.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |