Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Пхвенисы, Скърайы æмæ Хурвалеты æрыгæттæ адвокатирады кампани райдыдтой
Омадзе Лана Гуры муниципалитеты Шиндисы темы Пхвенисы хъæуы цæры. Уый уыцы къорды уæнг у, кæцыйы Гуры муниципалитеты æртæ темы, адвокатирады кампанийы райдайыны нысанæй, сарæзта. Йе ‘мхъæуккæгтимæ иумæ, æрыгон фæсивæды хъæугæдзинæдтыл æруынаффæ кодта. Фæстагмæ, пхвенисæгты къорды уæнгтæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй хъæуæн чысыл фæзуаты саразыны активон хайад райсой. Уый хъуыдымæ гæсгæ, бынæттон хицауадимæ æмгуыстдзинады цауы ивддзинæдтæ саразын темы гæнæн ис.

Шиндисы темæй дарддæр ма, проекты хайад исынц Хурвалеты æмæ Скърайы лигъдæтты цæрæнуаты æрыгон фæсивæд дæр. 13 азы карæй уæлæмæ 20 азы онг æрыгæттæ цæрæнуæттæм гæсгæ 3 къордыл адихтæ сты æмæ алчи дæр йæхи темы уæвæг проблемæты рахицæн кодта, фæстæдæр та уыцы амæлттыл æрныхас кодтой, кæцымæ гæсгæ ацы проблемæты алыг кæнын уыдонмæ гæсгæ гæнæн уыдзæн.

Презентаци Кирбалы цæрæг æрыгæттæ сарæзтой, уыдоны информацимæ гæсгæ, хъæуы дон гафикмæ гæсгæ цæуы райсом æмæ изæры, уый дæр хæрз чысыл бæрцæй, фарстæйы æрбæстон кæнын та уыдон ныхасмæ гæсгæ, ацы рæстæгмæ дæр скъуыддзаггонд не ‘рцыд.

Адвокатиры нысаниуæг æмæ идентифициргонд проблемæты аскъуыддзаг кæныныл информацион фембæлд æвзонг фæсивæдимæ организаци «Картлосы» уагъд æрцыд. Раст ацы организаци æххæст кæны, мерийы æмфинанскæнынадæй 4-мæйон проекты, ахæм номхуындæй – «Æрыгæтты хайадист сфидар кæнын Шида Картлийы регионы».

«Проекты нысан у ацы темы цæрæг æрыгæтты сактивон кæнын æмæ уыдоны хайадисты сфидардæр кæнын. Уый тыххæй мах план кæнæм Хурвалеты æмæ Скърайы лигъдæтты цæрæнуæтты, афтæ ма Шиндисы темы цæрæг æрыгон фæсивæдимæ тренинг æмæ семинартæ ауадзын æндæр æмæ æндæр темæтыл, цахæм у медиаци, проекттæ фыссын æмæ къухдариуæг кæнын, конфликтты регулироват кæнын, гендер, æмбарад, НАТО, Евроцæдис æмæ а. д. Афтæ ма активтæ æххæст кæнын бынæттон проблемæты идентифицирады æмæ сæ скуынæг кæныны къуымæй», - зæгъы проекты бæрнон организаци «Картлосæй» Мазмишвили Лела.

Проекты фæлгæтты Шиндисы темы, Хурвалеты æмæ Скърайы лигъдæтты цæрæнуæтты англисаг æвзаг сахуыр кæнынæн æнаргъ (лæвар) клуб дæр байгом уыдзæн, кæцыйæн «Картлосы» уæвæг EVS –йы бархионтæ разамынд кæндзысты.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.