Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Педагог Владикавказæй: «Æваст кæйдæр бафæндыд, цæмæй ацы дыууæ адæмы кæрæдзийæн знæгтæ суыдаиккой. Нæй, не суыдзысты уыдон знæгтæ кæрæдзийæн»
«Æз конфликты ныхмæ дæн. Бамбарын уын æй кæндзынæн, цæмæн. Уымæн
æмæ конфликт мæнæн у æгасæйдæр негативоны синоним. Уый у агресси,
уый у рыстдзинад, уый у мастдзинад, уый у хъыгдзинад, уый у
цæссыгтæ, уый у мæлæт, уый у хæрамдзинад, уый у хисæры фесафын, уый
у уды рыстдзинад, кæцы, практиконæй, гæнæн ис æмæ дзæбæхдæр ма
кæна, æмæ куы дзæбæх кæны, уæд уымæн та дæргъвæтин рæстæг
хъæуы.
Уый тыххæй, æз цахæмфæнды конфликты ныхмæ дæн: конфликт куысты, конфликт ахуыргæнæг æмæ сабийы ‘хсæны, конфликт ныййарджыты æмæ сабийы ‘хсæны, конфликт æмкусджыты ‘хсæны. Фæнды уый чысыл конфликт уæд, уæддæр алкæцы чысыл конфликты фæстæ лæууы кæйдæр хъысмæт, лæууы уый конкретон рыст, лæууы уый конкретон маст.
Мæнæ, серьезон конфликтыл куы ныхас кæнæм, нациты ‘хсæны конфликтыл, кæцыйыл ныртæккæ ныхас кæнæм, афтæ мæм кæсы, цæмæй уый тæссаг у. Адæймæгтæ, кæцытæ бирæ азты дæргъы фæрсæй фæрстæм цардысты хæларæй, адæймæгтæ, кæцытæ бинонтæ кодтой, адæймæгтæ, кæцытæ бирæ фæлтæры дæргъы хæларæй цардысты, уарзтой кæрæдзийы, чындзæхсæвтæ кодтой, фæстаг фæндагыл кæрæдзийы фæндараст кодтой, йæ фæстаг фæндагыл æй фæндараст кодтой, чидæриддæр сæ фарсмæ уыд, æргомæй куыдтой. Æмæ ныр æваст кæйдæр бафæндыд, цæмæй ацы адæймæгтæ кæрæдзийæн знæгтæ суыдаиккой. Не суыдзысты уыдон знæгтæ кæрæдзийæн, ницæй тыххæй. Не суыдзысты знæгтæ уый тыххæй æмæ, уыдоны æмахастытæ æнусты дæргъы ‘взæрдысты.
О, ныппырх кæнын гæнæн ис, гæнæн ис цыдæр моменталонæй саразын, фæлæ хорздзинад уæддæр уæлахиз кæны æмæ алцыппæт фæстæмæ раздæхы йæ бынатмæ. Æмæ уый тыххæйдæр, уыцы хæлардзинад, кæцы уыдис, нæ фæтары уыдзæнис, уый генты мидæг ис, уыдон иу адæм сты, амæн æвдисæн у нæ горæты уæвæг гуырдзиаг скъолæ, кæцы нæ фæтары. Владикавказы, 19-æм скъолæ иуæй-иу рагондæр скъолæ у, кæцы сæдæйæ фылдæр аздзыд у, кæцы ис горæты центры, æмæ функционир кæны.
Æз ме скъолæйы ахуыргæнджытимæ иумæ, Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон æмахастыты зондад-иртасæг центры директор Беппиты Наирæйы æрхуындæй уыдыстæм Тбилисы æмæ ауагътам мастер-клас Гуырдзыстоны мидæг регионты гуырдзиаг скъолæты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн. Ацы скъолæты абоны онг ахуыр кæнынц ирон æвзаг. Ацы æмахастытæ нæ фæтары уыдзысты, нæй гæнæн æмæ фæтары уой. Нæ фæтары уыдзысты æмæ зонут цæмæннæ? Уымæн æмæ адæмы ‘хсæн хорз уæддæр фылдæр ис, уд уæддæр зайы ирд æмæ сыгъдæг. Адæймæгты фæнды цæрой сабыр цардæй, уыдон сабырæй цæрын фæнды. Никуы ничи зæгъдзæн: «Мæн хæст фæнды». Афтæ æрмæстдæр гæнæн ис æмæ зæгъа, уый, кæцы йæхæдæг хайад нæ исы хæсты мидæг, ацы рæстæджы уый ис æндæр ран, рауæлдай кæны ацы адæмы, æмæ йæхи хъæбулы не ‘рвиты, фæлæ æрвиты æндæр кæйдæр хъæбулы. Нæ зонын, æвæццæгæн уыдон ай тыххæй, æфхæрд баййафдзысты. Адæймæгтæ та, кæцытæ бирæ азты дæргъы фæрсæй-фæрстæм цардысты æмæ дарддæр цæрынц, фендзысты уый, кæцы уыдон нæ адих кæндзæн, кæцы уыдон иу кæны уыййас азты дæргъы.
О, æбуалгъ рæстæг уыди, тæссаг конфликт, уымæн æмæ йæ фæстæ лæууыдысты цæрæнбонтæ, пырх хæдзæрттæ, лæууыд артдзæст, кæцы арæзт цыд бирæ азты дæргъы. Фæлæ, зонут, адæймаг уæддæр фидар у, алы æвзæрдзинад уæддæр рох кæны. Уымæн æмæ нæ куы нæ рох кæнид, уæд адæймаг нæдæр фæцардаид. Уæдæ уый у уæвæг сæфтытæ. Адæймаг æрмæст уыцы сæфтытæй куы цæрид, фесæфтаид. Раст уый тыххæй адæймагæн йæ бон у бацырын кæна æмæ сæндидзын кæна хорздзинад, уый цæры, фæцæрдзæн æмæ цæрдзæнис сабырдзинадимæ.
Зонут, афтæ фæзæгъынц, кæд æмæ, дам, зæрдæрыст нæ банкъардзынæ, уæд, дам, дæ царддæр ницæмæн уыд. Фæлæ адæймæгтæ, кæцытыл мах ныхас кæнæм, уыдон уæддæр æндæры рыст æнкъарынц куыд сæхи. Уæдæ, рæстдзинад уыдонрдыгæй у, уæдæ сабырад уыдзæнис, уæдæ алцыдæр йæхи бынаты сбаддзæн. Махæн тынг хорз æмахастытæ ис. Уыдон чындзæхсæвтæ кæнынц, уарзынц кæрæдзийы, хæлæрттæ сты. Махмæ чындзæхсæвты тынг хорз кафынц гуырдзиаг кæфтытæ, гуырдзиæгтæ кафынц ирон кæфтытæ. Хуыцауы фæрцы, махмæ, Владикавказы нормалон æмахастытæ ис махæн, ахæм, цахæмдæриддæр хъуамæ уа. Зонын, æмæ Цхинвалы кæй ис иттæг фидар сылгоймæгты змæлд.
Иухатт мын иу гуырдзиаг æвзонг афтæ загъта: «Æз æнæхъæн цæрæнбоны хæларæй цардтæн уыдонимæ, афтæ мæм каст, цæмæй адон иу адæм сты. Мæнæ, куыд мах уарзæм ачъарайæгты, къахеттæгты. Афтæ ма æнæхъæн цæрæнбоны дæргъы нымадтон, цæмæй ирæттæ куыд мах адæмы хай у. Æз царды дзæвгар федтон, тагъд мыл цыппор азы сæххæст уыдзæн, æмæ мæ фидарæй уырныдта. Уый зæгъын мæ фæнды æмæ æз Цхинвалы бирæ кæйдæрты зыдтон. Сылгоймæгты змæлды бирæ минæвар ис Цхинвалы, кæцытæ тынг бирæ аразынц уый тыххæй, цæмæй сабырад уа. Уыдон иу æрвылхатт æрцыдысты æмæ ныр дæр цæуынц, фембæлынц кæрæдзиимæ, кусынц иумæ.
- Сымахимæ иумæ дæр, нæ?
- Мах фылдæр æрхонгæйæ кусæм. Цы нысаниуæг ис уыдоны æрцыдæн Владикавказмæ? Махмæ, хуыцауы фæрцы, алцыдæр хорз у. мæнæ, фембæлынц кæрæдзиимæ, зонын, цыдæриддæр аразынц. Беппиты Наирæ, зæгъæм, нымайын æмæ стыр уæздан адæймаг у. Уый сарæзта стыр гуырдзиаг-ирон æмæ ирон-гуырдзиаг дзырдуаты.
- Дзырдуаты?
- Ойы, иттæг стыр дзырдуаты. Уый мын балæвар кодта … ацы дзырдуаты. Кæнæ гуырдзиаг-ирон æмæ иннæ хай та у ирон-гуырдзиаг. Тынг хорз дзырдуат у, фендтаг. Æмæ уый хъæугæ у. Уыдон арæх æмбæлынц кæрæдзиимæ, хъуыды кæнын, алцыдæр хорз уыдзæнис. Фидарæй мæ уырны. Кæй уыдзæнис сабырад, уыдзæнис сабырдзинад. Æмæ адæм бамбардзысты, цæмæй … нырдæр æй æмбары адæм, цæмæй уыдон хæст кæй нæ хъæуы, хæст æндæр кæйдæр кæй хъæуы. Уыдон нæ хъæуы. Ай уыдон сты, ноджыма иу хатт фæлхатт кæнын, кæцытæ сæхи хъæбулты уырдæм не ‘рвитынц. Уыдон уырдæм æрвитынц æндæрты хъæбулты, æмæ уыдоны, чидæриддæр ам бындуронæй зайы, уыдон сыл нæ фæкæуынц. фæкæуынц æндæр мæдтæ, æмæ æндæр хъæбултæ. Хуыцау у уыдонæн тæрхонгæнæг.
Мæхи сæрмагонд ролы тыххæй ницы зæгъдзынæн. Куы уын зæгъын, мах æмбæлæм ирон æвзаджы ахуыргæнджытимæ. Фæдфæдыл ныр цалдæр азы уыдзæн æрцæуæм бæрæгбон Къостаобамæ, кæцы Къахеты уагъд цæуы. Къахеты ис скъолæ æмæ хъæу дæр, æнхъæлдæн æмæ афтæ дæр хуыйны – Къоста, Къоста Хутагуров, уым йæ цырт дæр лæууы æмæ дзы уагъд цæуы иттæг хорз бæрæгбон. Хонынц æй – Къостаоба, вæййы дзы: хъæбысæйхæст, бæхдугъ, алыхуызон кæфтытæ, ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл æмдзæвгæтæ бакæсынц. Тынг бирæ адæм дзы вæййы, æрцæуынц алы районæй, нæ делегаци дæр.
- Цхинвалæй дæр?
- Цхинвалæй дæр. Ацы бæрæгбон октябры мæйы вæййы.
Интервью Татьяна Корнаеваимæ, Ереваны фембæлды рæстæджы, ныффыста йæ журналист Нино Чибчиури.
Татьяна Корнаева – профессийæ педагог у. Цæры æмæ кусы Цæгат Ирыстоны (Владикавказы), арæх вæййы уазæгуаты Тбилисы æмæ æмгуыст кæны гуырдзиаг фарс цæрæг ирон педагогтимæ. У сабырадон диалогы æрдæмадæй арæзт фембæлдты хайадисæг.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |