Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Саугæрчытæ Танайы комы – фермер Цъедисы
Куыддæр фермæмæ бахизы, афтæ йæм уыдон сусæгæй фæкæсынц, растдæр
зæгъгæ йæ, фæбæрджытæ кæнынц. Саугæрчытæ сæ хицауы хорз зонынц.
Æнæзонгæ адæймаджы фенгæйæ та, сæхи хызæгтæм баппарынц æмæ атæхыныл
архайынц. Уæлдай активондæр вæййы, лидер, кæцыйы архайд иннæтæн
бафæзминаг у:
«100 нæл куы уа се ‘хсæн, уæддæр сын иу лидер вæййы. Кæд æмæ уыцы лидæр исты разнаггад кæны, уæд уый фæстæ æндæр свæййы лидер. Ситуацийы регулироват кæны лидер», - зæгъы Трамакидзе Шалва, кæцы ныр фараст азы дæргъы Цъедисы хъæуы цæры.
Хæдзарады аразын 32 маргъæй байдыдта. Саугæрчытæ йын карелаг æрдхорд балæвар кодта. Абон, йæ фермæ цалдæр секцийыл дих цæуы. Æндæр æмæ æндæр кары мæргътæ-саугæрчытæ æндæр æмæ æндæр секцийы хайадты сты конд.
«Æндæр æмæ æндæр кары мæргътæ хицæнтæй хъуамæ уой. Иумæ нæ вæййынц. Уæлдайдæр та, тынг рæсугъд сты зымæджы рæстæджы. Урс миты фоныл. Ныртæккæ нæм кæцытæ ис, уыдон нырма чысылтæ сты. Куыддæр рахъомыл вæййынц, афтæ сæ хуыз фæивы, уæлдайдæр та нæлтæн. Мадæл мæргътæ уæрццы хуызæн баззайынц», - зæгъы Трамакидзе Шалва.
Трамакидзе Шалвайы бинонтæ 1990 азты гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы Цхинвалæй Дисеумæ ралыгъдысты цæрынмæ. Дисеуы хъæу та, 2008 азы августы хæсты рæстæджы, Уæрæсейы оккупацион æфсады хæйттæ æрцахстой. Лигъдон бинонтæ Гуры районмæ ралыгъдысты æмæ уым йæ фыд цæрæнуатæн равзæрста Танайы (Атены) комы цæугæдоны цур.
«Мæ фыды зæрдæмæ тынг фæцыд ацы бынат. Уæлдайдæр та, хъæуы бахизæн нæ хъæуы бахизæны æнгæс тынг уыди. Балхæдтам хæдзар æмæ ам райдыдтам хæдзарады куыст», - зæгъы нын Трамакидзе Шалва.
Йæ роль гуырдзиаг-ирон æмахастыты сæйраг у. Бирæ азты дæргъы полицæйы фæкуыста. 2006-2012 азты Самхарео полицæйы хистæры хæдивæгæй куыста – раст гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы æрдæмадæй. Цалдæр азы размæ, йæ хъæбул трагикон æгъдауæй фæмард, абон та, уыцы хъæуы, кæцы Дисеуы æнгæс тынг у, хæдзарады куыст кæны.
«Саугæрчытæ адæймæгты хуызæн сты, тынг зæндджынтæ сты. Тынг сыгъдæг мæргътæ сты. Ам карчы фермæ куы уыдаид, æввахс дæр не рбацыдаиккат, тынг æвзæр тæф дзы уыдаид. Адонæн та тæф æппындæр нæй. Тынг бирæ литературæимæ базонгæ дæн, фæлæ мæнмæ гæсгæйæ, литературæйы æххæст бæрæггæнæнтæ нæй фыст», - зæгъы Трамакидзе Шалва.
Зæгъæм, кæд ныхас цæуы ууыл, цæмæй саугарк 10-12 рæвдуаны æвæры бон иу хатт, Трамакидзе Шалва зæгъы, цæмæй уый æрмæстдæр хъæддаг уавæрты ис гæнæн:
«Кæд æмæ йын йæ рæвдуæттæ сисдзыстæм, уæд гæнæн ис æмæ 70-ай рæвдуаны дæр рыфтауа. Тынг хæрзад рæвдуæттæ йын ис, холестерин нæй æппындæр йæ дзидзайы. Ресторанты хицæуттæ сæ ахæссынц. Афтæ-ма, сæ цæрджытæ дæр ахæссынц. Кæмæндæриддæр дзы балæвар кодтон, уыдонæй сæ алчидæр ныууагъта йæхимæ æмæ сæ сбирæ кодта. Абон ныр бирæ хæдзæртты ис ахæм мæргътæ æмæ сæ бирæ кæнынц», - зæгъы нын фермер.
Саугæрчыты бирæ кæныны рæстæджы алкæмæй зындæр периодыл нымад у сæ райгуырдæй иу мæйы бæрц. «Фæхъæуы сæ хъарм бынат. Æмæ сæм уый тыххæй, уыцы мæйы хъæуы стыр хъусдард æрдарын. Уый фæстæ та, æрцахуыр фæййынц алфæмблайыл. Ам сæрмагондæй, тынг хорз уавæртæ ис».
Трамакидзе Шалва нымайы, цæмæй Колхеты дæлвæзтæй æдде сбирæгонд саугарк нал вæййы колхаг саугарк:
«Колхаг саугарк гæнæн ис æмæ схонæм уыцы саугаркы, кæцы Колхеты дæлвæзты цæры. Æндæр ран, зæгъæм, ам кæнæ Къахеты сбирæгонд саугæрчытæ нал вæййынц колхæгтæ. Уым æндæр климатон уавæрты ис æмæ, уымæ гæсгæ, уыцы климатæн йæхи ахастæвдисæг миниуджытæ ис», - зæгъы Трамакидзе Шалва.

Цхинвалæй
Цъедисмæ

Саугаркмæ
зилын

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |