Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
хинвалы «Отхозориа-Татунашвилийы» номхыгъды ныхмæ «Санахъоты Гришайы» номхыгъды аразынц
Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Залкалиани Давит
Гуырдзыстоны акредитацигонд дипломатон корпусы базонгæ кодта
«Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъд» æмæ уыимæ баст фарстæтимæ.
Параллелонæй, дэ-факто Хуссар Ирыстоны республикæйы парламенты
«Санахъоты Гришайы номхыгъды» аразын райдыдтой.
Официалонæй Тбилис домы, цæмæй «Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъды» хаст гоймæгтыл æхсæнадæмон агуырд расидой. Йæхирдыгæй, Цхинвал уыцы гоймæгты бафхæрын домы, кæцытæ, 1990 азты æмæ 2008 азы хæсты периоды, се ‘мбæстæгты мæлæты хайад райстой.
Отхозориа-Татунашвилийы 33-гоймагон номхыгъды хаст сты ахæм адæймæгтæ: 1. Давит Джемалы фырт Гурчиев; 2. Алик Пироды фырт Табоев; 3. Рашид Канджи-огъли; 4. Слава Святославы фырт Бадиа; 5. Раул Махтийы фырт Кортава; 6. Заур Андройы фырт Чъитанава; 7. Циброна (Ека) Ахалайа; 8. Отар Турнанба; 9. Алик Цабриа; 10. Руслан Доментийы фырт Джопуа; 11. Роза Джоджойы чызг Мирцхулава; 12. Димитр Аршба; 13. Владимер Гуниа; 14. Алхаз Мирцхулава; 15. Гиа Тужба; 16. Генрих Генрихы фырт Чъанба; 17. Владимер Григолы фырт Ануа; 18. Заур Цецхладзе хонынц ма йæ Михеил Тарба; 19. Генади Баграты фырт Ашхацава; 20. Гела Алекойы фырт Ванача; 21. Отар Палавандзиа; 22. Олег Папаскири; 23. Африкан Бганба; 24. Вахтанг Убириа; 25. Владимер Эмины фырт Начач-огъли; 26. Шурик (Александре) Кокоскериа; 27. Лев Сардионы фырт Биченов; 28. Гиа Туаев; 29. Писо Иуанейы фырт Вазагов; 30. Тамаз Отары фырт Бестаев; 31. Рамчик Эдикы фырт Пухаев; 32. Аркади Отары фырт Дзеранов; 33. Зураб Тенгизы фырт Дудаев.
«Санахъоты Гришайы номхыгъды» сконд нырма бæрæг нæу. Дэ-факто республикæйы парламенты разамонæг Гаситы Петре зæгъы, цæмæй номхыгъды саразыныл кæй кусынц.
2016 азы 19-æм майы, 14:30 сахатмæ ‘ввахс, Зугдиды районы Хурчайы хъæуы, оккупацион хаххмæ ‘ввахс, цыппар хотыхджын гоймаг, кæцытæ, æхсæнгарзæй Галы районы Баргъебийы хъæуы цæрæг Гига Отхозориайы фехстой æмæ уый фæстиуæгæн уый фæзианис. Видео-камерайы кадры зыны, цæмæй æфсæддон формæйы конд гоймæгтæ фæсурынц æмбæстагон формæйы конд нæлгоймаджы, цалдæр цæфы йæ фæкодтой æмæ йæ стæй æхсæнгарзæй фехстой.
2018 азы 22-æм февралы, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ Арчил Татунашвили, И.П. æмæ Л.К. Гуырдзыстоны хицауады котролгонд территорийæ бахызтысты оккупирон Ахалгорийы территоримæ, цыран Арчил Татунашвилийы сæрмагонд автомобилæй æмæ Л.К-йы сæрмагонд автомобилыл баластой дыргътæ æмæ халсæрттæ. Гуырдзыстоны прокуратурæйы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, Ахалгоры районы Мосабруны хъæуы цур, Арчил Татунашвилийы, И.П.-йы æмæ Л.К.-йы оккупирон Ахалгоры а.х. прокуратурæйы прокуроры æмкусæг Давит Гурцъиев, оккупирон Ахалгоры а.х. «КГБ»-йы куыстуаты хайады хистæр Алик Табоев æмæ оккупирон Цхинвалы регионы а.х. барадхъахъхъæнæг органты æндæр æмкусджытимæ иумæ, æнæзакъононæй æрцахстой æмæ нырма Татунашвили Арчилы, стæй та, фæстæдæр – И.П.-йы æмæ Л.К.-йы акодтой Ахалгоры районы а.х. æдасдзинады куыстуаты бæстыхаймæ, цыран Арчил Татунашвилийыл скодтой хъадамантæ æмæ йæ адæттой оккупирон Цхинвалы регионы а.х. барадхъахъхъæнæг органты хотыхджын æмкусджытæм, кæцытæ уый акодтой Цхинвалмæ. Цхинвалы а.х. прокуратурæйы бæстыхайы оккупирон Цхинвалы регионы а.х. барадхъахъхъæнджытæ, 2008 азы августы хæсты хайад райсты тыххæй Арчил Татунашвилийы фæхъизæмар кодтой æмæ йæ буарыл уыдис 100-йæ фылдæр æндæр æмæ æндæр хуыз цæфы нуæстæ. Фæстæдæр Арчил Татунашвили амардис.
Санахъоты Гриша (Григол) 1992 азы 22-æм июны фæмардис. Уый хæстон архæйдтыты рæстæджы уацары бахаудта. Цхинвалы æдасдзинады куыстуаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 1992 азы 22-æм июны 18 аздзыд тохгæнæг карз æфхæрд баййæфта. А.х. Омоны æдæппæт 7 мæйы службæ кодта. Уый ныгæд ис Цхинвалы 5-æм скъолæйы кæрты. Йæ номыл ис Дзауы интернат æмæ уынгтæй сæ иу.

Гига Отхозориайы истори

Арчил Татунашвилийы
истори

Санахъоты Гришайы
истори
Санахъоты Гриша (Григол) 1992 азы 22-æм июны фæмардис. Уый хæстон архæйдтыты рæстæджы уацары бахаудта. Цхинвалы æдасдзинады куыстуаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 1992 азы 22-æм июны 18 аздзыд тохгæнæг карз æфхæрд баййæфта. А.х. Омоны æдæппæт 7 мæйы службæ кодта. Уый ныгæд ис Цхинвалы 5-æм скъолæйы кæрты. Йæ номыл ис Дзауы интернат æмæ уынгтæй сæ иу.
Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |