Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Меджврисхеуы сабиты рæвдауæндон рæстæгмæ а.х. фабрикæйы цæрæнуаты функционир кæндзæнис
Гуры муниципалитеты Меджврисхеуы хъæуы 2019 азы ног, нырыккон стандарттæм гæсгæ, 6 къордæн æмбæлгæ сабиты рæвдауæндоны арæзтад райдайдзæн.

Чысыл раздæр фæцис Меджврисхеуы хъæуы Гуры муниципалитеты мэрийы минæвæртты фембæлд бынæттон цæрджытимæ. Ныхасы темæ хъæуы сабиты рæвдауæндоны фарстмæ хауд. Скъолæагъоммæйы хъомылады агентады разамонæг, Ковзиашвили Лиайы курдиатмæ гæсгæ, Самхараулийы номыл экспертизæйы бюройæ Меджврисхеуы хъæуы сабиты рæвдауæндоны тыххæй скъуыддзаг райстой, кæцымæ гæсгæ йæ функциониркæнынад уагъд нæ цæуы.

«Скъуыддзаджы дзырд цæуы, цæмæй ацы бæстыхайы сабиты рæвдауæндоны функционир кæнын нæй гæнæн. Раст ацы информацийы тыххæй ныццыдыстæм Меджврисхеуы хъæумæ, æмæ ацы скъуыддзаджы мидисимæ базонгæ кодтаиккам ныййарджыты. Сæхгæдтам рæвдауæндоны æмæ сын алтернативон бынат, а.х. фабрикæйы цæрæнуаты раттам. Сентябры мæйæ ацы рæвдауæндон адарддæр кæндзæн функционир кæнынад æрмæст æндæр бынаты», - зæгъы Ковзиашвили Лиа.
Меджврисхеуы хъæуы сабиты рæвдауæндоны хъомылгæнинæгты контигент у æдæппæт 135. Ног ахуыры азæй уыдонæн алтернативон бæстыхаймæ цæуынæн специалон транспорт балæггад кæндзæн.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.