Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Гуырдзыстоны æмбæсондзинад 27 азы фæстæ
Биченты Екатеринæ Владикавказæй Гуырдзыстонмæ æмбæстондзинады
райсынмæ æрцыдис. 11 аздзыд уыд, йæ бинонтимæ иумæ Гуры куы
ныууагъта.
«11 азы мыл цыд, Гуры мæ бинонтимæ иумæ куы ныууагътон. Вогзалы цæрæнуаты, Габашвилийы уынгыл цардыстæм. Мах ацыды фæстæ нæ хæдзары цæрынц мæ мады хæстæджытæ. Ныртæккæ æз дæр уым дæн, фæлæ ацы хатт уазæджы статусæй. Владикавказмæ куы ныццыдыстæм, ног алфæмблайы иттæг хорз цæрын райдыдтам. Байгом кодтон фермæ æмæ фыдызгъæлы продукци уадзын. Фæлæ мæ 27 азы дæргъы мидæгон тыхстдзинад æнцой нæ уадзы. Æрвылбон æнкъарын æмæ мæ цыдæр кæй хъыг дары. Иу хатт ацы темæйыл ме ‘мбалимæ ныхас кодтон. Нæ ардтон дзуапп фарстæйæн, ме ‘нцойад мын цы фесæфта уый тыххæй. Ацы фарстæн мын дзуапп раст ме ‘мбалы ныхас ссарын кодта. Кастæн мæ бинонты уæнгтимæ æмæ хиуæттимæ иумæ кинонывмæ «Уидæгтæ». Алчидæр куыдта мæн йеддæмæ. Æз уыдонæн мæ цæссыгтæ нæ фенын кодтон. Маст мæ хуыдуг кодта, рацыдтæн æмæ хицæнæй сусæгæй фæкуыдтон. Æз бамбæрстон, нырыонг мæ цы хъыгдардта уый кæй уыд Гуырдзыстоны мысын. Раст уый фæстæ аскъуыддзаг кодтон Гуырдзыстонмæ æрцæуын. Рахызтæн Владикавказæй арæнæй æмæ мæ риуыдзаг сулæфыдтæн, нæу мæ бон йæ зæгъын цы æнкърæндзинад мын уыдис. Ноджы фылдæр эмоцитæ мыл уæд фæтых, сыхмæ куы æрбахæстæг дæн æмæ мæ хæдзармæ куы бахызтæн. Ацы хæдзарæн йæ алы къуым дæр уарзын. Райсом куы райхъал дæн, мæхи фыны æнхъæлдтон, нæ мæ уырныдта уый æмæ мæ хæдзары сбон кодтон, цыран æппæт мæ сабибонтæ арвыстон. Бабæрæг кодтон æфсæнвæндаджы уæдыккон 20-æм скъолæйы бæстыхайы дæр. Кæцы мæ моменталонæй сабион периодмæ раздæхта. Фæстæмæ уыцы кулдуар ис сæйраг бахизæны, кæцы уыдис мæ рæстæджы. Фæндыд мæ бирæ фæкастаин ме скъолæмæ, кæцы мын мысын кодта ме ‘мкъласæгты. Тынг мæ фæнды фæстæмæ Гуырдзыстонмæ æрыздæхын. Аскъуыддзаг кодтон Гуырдзыстоны æмбæстон суæвын. Раст уый тыххæй бацыдтæн Юстицийы хæдзармæ æмæ мæ курдиат официалонæй сфиксир кодтон. Дывæр æмбæстондзинад мын арæхдæр æрцæуыны фадатдзинад ратдзæн. Раст у Владикавказы дæр бирæ гуырдзиæгтæ цæры æмæ мын ис семæ бастдзинад, фæлæ Гуырдзыстоны уæвæг хæстæджытимæ мæ хиуæттимæ арæхдæр контакт бынтон æндæр у. Гуырдзыстоны æмбæстондзинад мын уыдонимæ æмахастыты фæарфдæрдзинадимæ иумæ ног гæнæндзинæдтæ дæр ратдзæн. Хъавын, байгом кæнон амалиуæгдон æмæ куыстады проблемæйы æрбæстондзинады, кæцы абон Гуырдзыстоны алцæмæй карздæр у, бæрæг хай бахæссон. План кæнын, гуырдзиæгтæн æмæ ирæттæн куыст раттын æндæр этносты минæвæрттимæ иумæ, кæцы уыдоны ‘хсæн æмахастытæ ноджы тынгдæр фæарфдæр кæндзæн», - зæгъы Биченты Екатеринæ.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |