Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Эргнеты фильмы равдысты рæстæджы уыдис АИШ-ы минæвары хæсты æххæстгæнæг
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Эргнеты хъæуы «Хæсты музейы» фильм фенын кодтой, кæцы нын сындзтелгæрæнмæ ‘ввахс цæрæг 7 сылгоймаджы тыххæй радзурдзæн. Фильмы равдысты уыдис Америкæйы минæвары хæсты æххæстгæнæг Елизабед Руди дæр.

Презентацийы рæстæджы минæвары хæсты æххæстгæнæг Елизабед Руди банысан кодта, цæмæй АИШ-ы хицауад Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитеты æвварсхæцæг кæй у.

«Фæнды нæ ноджы иу хатт банысан кæнæм, цæмæй Америкæйы Иугонд Штаттæ иузæрдыг æвварсхæцæг кæй у Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитеты», - загъта Елизабед Руд.

Дихгæнæг хаххы цур цæрæг сылгоймæгты тыххæй бацæттæгонд видеороликты – «Сылгоймæгтæ сындзтелгæрæнты ныхмæ» - æвдисын райдыдта Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Гуырдзыстоны паддзахадон министры аппарат.

Видеороликты æвдыст цæуы дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрæг авд сылгоймаджы цард 2008 азы августы хæсты фæстæ, кæцытæ уæззау уавæртæм æмæ стыр зындзинæдтæм æнæгæсгæйæ, уæддæр сæ бон бацис суыдаиккой æнтыстджын æмæ арæзтаиккой ахæм хъуыддаг, кæцы æрмæст уыдонæн нæ, фæлæ æгас хъæуæн æмæ уым цæрæг цæрджытæн пайдахæссæг уыдаид.

Видеороликты нысан у конфликттæй зианбаййафæг сылгоймæгты ролы равдисын, сæ куыстдзинады æмæ потенциалы, афтæ ма ноджыдæр сæ уæндондзинады æмæ сабырадон тырнынæдты тыххæй информацийы раргом кæнын у.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.