Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
08.08.08. «Мах уый зонæм - Цæцæнæй» - дунеон прессæ августы фондзбонон хæсты периоды
Августы фондзбонон хæсты рæстæджы æмæ уый фæстæ периоды дунеон
дзыллон информацийы доминант позицитæ æрцахстой уыцы статитæ, цыран
æхсæнадæмон тасдзинæдтыл уыд арæзт акцент. Дæттæм уын цалдæр цитатæ
иллюстрацийæн.
Францаг «Le Monde» 12-æм августы фыста: «Ай уыд Уæрæсейы маст исын», кæцы Европæйы лæмæгъдзинæдтæ равдыста.
Австираг галиуад-либералон газет «Der Standard» 9-æм августы фыста: «Тæссагдзинæдтæ Хуссар Ирыстоны уымæй къаддæр не сты, кæцы постсоветон империализмы равдысты кæцыфæнды æндæр цауы ис», фæлæ 16-æм августы фæдисы хъæр уыд: «Дарддæр уыдзысты Балтийы бæстæтæ æмæ Украинæ».
Швейцариаг консервативон газет «Neue Zurcher Zeitung» 11-æм августы номыры Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы архæйдты фæдыл комкоммæ фыссы: «Мах уый зонæм – Цæцæнæй».
2008 азы 25-æм августы журнал «TIME» Бзигнев Бжезинскийы сæйраг статийы раст уырыссаг-гуырдзиаг хæсты тыххæй фыссы æмæ йæ цъарыл фыст ис мæстыйаг сæргонд «Куыд æруромæм ног уазал хæст? Уæрæсейы Гуырдзыстонмæ ныббырст – цы ахуыр кæны нырыккон дунейы».
12-æм августы «TIME» цалдæр статийы парахат кæны: «Уазал хæсты дæргъвæтиндзинад», «Уæрæсе тохæввонг у», 27-æм августы – «Ног (зæронд) уырыссаг империализм», фæлæ 22-æм августы мæстыйаг фарст кæны: «уырыссæгтæ æрбацæуынц æви фæцæуынц?»
Уырыссаг империализмы фæдыл нын радзæрдзæн 16-æм августы журнал «The Economist» : «Иу рæстæджы Гуырдзыстон уымæн йæ дзындз (жемчуг) уыд æмæ Уæрæсе психологимæ гæсгæ никуыд райста уый, куыд суверенон паддзахад. Советон империйы носталги, рагæй у, уырыссаг идеологийы лайтмотив».
«Washington Post» ныгуылæйнаг уырыссаг политикæйы критикæ кодта æмæ 11-æм августы фыста: «чизоны Ныгуылæн ныр уæддæр фена, чи у Владимир Путин», 15-æм августы, Уæрæсейы опозицийы лидертæй сæ иу Гари Каспаров, аналогион мидисы статиа рапарахат кодта «Wall Street Journal»-ы: «Куыд сразæнгард кодта Ныгуылæн Путины йæ æнæбафхæрынæй».
Уыцы газеты ма 29-æм августы статийы «Уæрæсе æмæ ног фыддзинады бындур» фыста: «Ныр, уырыссаг танктæ Гуырдзыстоны хайгай куы кæны, ис ын æви нæ Бушы тагъд ивгъуыйæг, гæвзыггонд æмæ Иракы тыххæй критикæйы зынгарты тыхт администрацийæн уыцы тых, цæмæй Уæрæсейæн аккаг дзуапп ратта – Уæрæсейæн, кæцы æппæт сæрибар дунейы ныхмæ рацыд?»
14-æм августы «Time» фыста: «Стыр паддзахæдтæ нæ уарзынц æндæр стыр паддзахæдты фидардзинады. Къæппæг æвæрд уыд Гуырдзыстоны», авторы хъуыдымæ гæсгæ, ацы къæппæг Гуырдзыстоны Уæрæсе Америкæйæн нывæрдта.
Америкæйаг «New York Times» 11-æм августы хъусын кодта: «Уыцы гæнæндзинæдты ранымад, кæцы фыдгæнæг Уæрæсе гæнæн ис æмæ спайда кæна Америкæйы Иугонд Штаттæн проблемæтæ скæнынæн, Сирийæ æмæ Кавказы хæхтæй бирæ дарддæр хизы». 11-22 августы газет та нын фæстæмæ хъусын кодта: Уæрæсе «бафæлвæрдта, сахат фæстæмæ æрзылдтаид, уыцы нысаныл, Мæскуыйыл ахадындзинады куы нæ ерыс кодтой, а.х. «Æввахс сыхæгтæм», кæцы фæдисы дзæнгæрæг уыд Ныгуылæны лидертæн».
Уæрæсейы Гуырдзыстонмæ æрбабырсты фæстæ бирæ аналитик комкоммæ бафарста, кæд мыййаг дуне ног уазал хæсты къæсæрыл лæууыд. 13-æм августы ныгуылæйнаг дзыллон информацион фæрæзты уайтагъд райдыдтой августы хæсты барын брежневаг «Прагæйы уалдзæгимæ» æмæ Гитлеры ‘рдыгæй 1938 азы саразгæ операцитимæ.
Журнал «The Economist» 16-æм августы фыста, цæмæй, «карз æмæ эфектон архайд Владимир Путины уæлахиз уыд æрмæст Гуырдзыстоныл нæ, фæлæ ма, Ныгуылæныл дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, Ныгуылæны хъынцъымдзинад ноджы тынгдæр æрфидар ис президент Медведовы 26-æм августы хъусинагæй «Мах ницæмæй тæрсæм, нæдæр ног уазал хæсты гæнæндзинадæй».

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |