Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Бибилури Меги: «Абон ыл ахъуыды кодтон æмæ 10 азы мæ хæдзары æхсæв кæй нал сбон кодтон»
Дæсæм аз у 8-æм августы æхсæвы куынæ фынæй кæнын … мæ зæрдæ тынг
рыст у … рыстзæрдæйæ фæхъуыдытæ кæнын, цас цыдæртæ нын байста ацы
хæст æмæ нын куыд аипджын скодта фидæны … абон ыл ахъуыды кодтон
æмæ ныр 10 азы мæ хæдзары не ‘сбон кодтон æхсæв…
10 азы ныр хæсты фæстиуджытимæ цæрын æмæ мæ алы къахдзæф дæр, бæллицц, ныфс, хъуыддаг, уынаффæ ацы хæстимæ цæдис кæны ... сабырдзинадыл аудын, æууæнкдзинады сæндидзыныл кусын, хæсты фæстиуæгæй зианбаййафджытыл хъуыдыкæнын... ивддзинæдты ныфс... информацион хæст...
Чиныг «Хæсты æндæр цæсгом», блог, газет «Картлос», радио «Картлосы хъæлæс», социалон кампани «Мæнæн мæ зæрдыл лæууы мæ хъæу», æрвылазон сабырдзинадон æмæ протестон акцитæ, дохтырты диалог, лигъдæтты бартæ, хæсты фæстиуæгæй зианбаййафæг сылгоймæгтæ, æвзонг фæсивæдимæ кусын, медиаци, сабырадон платформæтæ, публикон рацыдтытæ, декларацитæ, оккупацийы музейтæ æмæ ма ноджыдæр тынг бирæ ахæмтæ, кæцытæ хæстæй расайгæ æнæрæстдзинады æнкъарынады æмæ миддунейы протесты хъæры уынæр у абон ме ‘рвылбонон царды...
Ахæм æнкъарынад мын ис, ныр 10 азы æхгæд зилаккыл дыууæрдæм кæнын æмæ цас фылдæр архайын йæ ферох кæныныл, уыйас ноджы тынгдæр мæ цæстыраз æрлæууы мæ царды æндæр æмæ æндæр этапыл хæсты цаутæ, кæцытæ нæ миддунейы арф æрбынат кодтой æмæ æнæхъæн зæрдæйы пырхæй лæууы... кæцы хæсты травмæ хуыйны æмæ йыл тынг арæх нæ фæсæттæм...
Зонут, тынг бафæлладтæн... тынг мæ фæнды ссæрибар уон æмæ мауал мæ зæрдыл лæууа ацы æлгъыстаг август... фæнды мæ амондджын уон æнæ августы хæстæй æмæ рыстдзинадæй... фæнды мæ августыл сырх хъахъачоты бæсты рæсугъд хуызджын дидинджытимæ æмæ гæлæбутимæ æмбæлон...
Бибилури Меги – 2008 азы коалици лигъдæтты барты бындурæвæрæг; гуырдзиаг-ирон форумы бындурæвæрæг; 2012 азы Гуырдзыстоны медиацийы центры бындурæвæрæг, Чиныг «Хæсты æндæр цæсгом»-ы автор;
Газет «Картлосы» бындурæвæрæг æмæ радиойы «Картлосы хъæлæс» редактор; 2013 азæй коалицийы сылгоймæгты политикон хайадисты координатор.
Фæуд ын ис Гуры паддзахадон университеты журналистикæйы факультет, уый фæстæ та ахуыр кодта Варшавæйы университеты конфликтологийы æрдæмадæй.
Ныртæккæ йæ ахуыр дарддæр кæны Познанийы Адам Мицкевичы университеты докторантурæйы æмæ у хъæстыты алтернативон æрбæстонкæнынады æхсæнадæмон центры уæнг. Кусы иртасæн куыстыл конфликты æрбæстон кæныны алтернативон методтыл скæсæйнаг партнерты бæстæйы.
Уымæй дарддæр ма у æндæр æмæ æндæр проектты, статиты, иртасæнты, тренингты ахуыргæнæн чиныджы автор. Микеладзе Катойы премийы номинант; Премийы лаурет «Æвзонг сылгоймæгтæ-сабырады арæзтад Кавказы».

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |