Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Эргнеты мултимедиа проект 08.08.08-ге-йы презентаци уагъд æрцыд
Проект 08.08.08-ге хъахъхъæны адæймæгты зæрдылдарæнты æмæ историты,
кæцытæ политикон æмæ медиа наративты сты сæфт.
Уый арæзт æрцыд журнал Индигойы æмæ GCRT-ы хъизæмары амæттæгты психосоциалон æмæ медицинон реабилитацийы центримæ æмгуыстæй.
Дзыхæйдзургæ историтæ фыст сты хæсты бавзарæг адæймæгтимæ дихгæнæг хаххы цур хъæуты, лигъдæтты цæрæнуæтты æмæ Гуры.
Мултимедиа проекты фенæн гæнæн ис онлайн:
www.080808.ge
Проекты презентаци Эргнеты, августы хæсты музейы арæзт æрцыд. Автортæ æмæ уазджытæ порталыл æвæрд историтæ бафарстой:
«Рацыдтæн хæдзарæй афтид кошиты æмæ спортивон дзаумæтты кондæй, æндæр ницы рахастон мемæ, зæгъын, æрбаздæхдзыстæм тагъд фæстæмæ, цæмæ сæ хæссын, чысыл къухын хызын рахастон æрмæстдæр. Сыхаг лæппуйæн трактор уыди æмæ уый лафетыл сбадтыстæм æгас сых.
Мæ мой гуырдзиаг уыд, æз мæхæдæг ирон дæн. Ацу, дам, ды, загъта мын уый, йæхæдæг уым баззад, хæдзары йæхи бааууон кодта. Нæ йæ фæндыд рацæуын. Цалдæр боны фæстæ нал разындис. Сырх дзуары кусджытæ адæмы куы ракодтой уæд, уый нæ уыдис уым. Куы сæм фæдзырдтам, уæд нын уыдон загътой, нæ дам æй федтам.
Цæф уыд йæ зæрдæйы сæрмæ.
Стæй, мæ хо цæры Цхинвалы æмæ уымæн загътон, ссу ма зæгъын, Гелайы бабæрæг кæн. Ссыди. Фæлæ мын афтæ загъта, Зина, нæ, дам æй, ссардтон. 12-æм сентябры æз мæхæдæг ацыдтæн йæ агурæг, уæд нырма посттæ нæ уыдис. Тасдзинадыл æппындæр нæ хъуыды кодтон, стæй мæ алчидæр хорз зыдта, уым. Ссыдтæн, нырма йæ хæдзары агуырдтон. Фæразил-базил кодтон кæрты къуымты, цæхæрадæтты æмæ йæ стæй фæскъулы бæлæсты хсæн мардæй ссардтон. Цæф уыдис йæ зæрдæйы сæрмæ. Тугвæд дзы зындис. Лæдзæг йæ фарсмæ æппæрстæй лæууыд. Фосы фæд уыд алыран дæр. Æвæццæгæн æнæхъæн мæй уым уыдис. Иунæгæй. Куыд æй нæ федтой, зæгъын. Ныууагътон æй æмæ рацыдтæн мæ хоимæ иумæ Цхинвалмæ, цæмæй марды чырын схастиккам. Изæры йæ схастам. Куыддæртæй йæ нывæрдтам æмæ йæ йæ фыды фарсмæ баныгæдтам. Æрмæст æз, мæ дыууæ хойы æмæ ме сиахс уыдыстæм. Ахæм сабыр уыд æмæ уынæр никуыцæй хъуыстис. Белтæ нæм уыдис, дзæвгар рæстæг фæкъахтам, фæлæ йæ уæддæр куыд æмбæлдис афтæ не скъахтам. Марды чырынæн йæ иу фарс зындис сыджытæй, фæлæ æндæр нæ бон нæ бацис, баталынг æмæ ницыуал уыдтам. Уыцы æхсæвы Цхинвалы мæ хомæ баззадтæн æмæ стæй дыккаг бон рацыдтæн».
Зина абон 56 аздзыд у æмæ цæры Цъерованы лигъдæтты цæрæнуаты.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |