Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Æвзонг фæсивæд цыппар мæйон куысты фæстиуджытæн хатдзæг сарæзтой
Гуры демократон хайадисæны центры, бынæттонтæ æмæ дихгæнæг хаххы цур цæрæг æвзонг фæсивæд цыппар мæйон активты фæстиуджытæн хатдзæг сарæзтой.

Раныхасы рæстæджы сæйраг акцент æрыгæттæ уыцы фембæлдыл сарæзтой, цыран уыдонæн лæвæрд æрцыд зæрдæргомæй ныхас кæнын æмæ информацийы баивыны гæнæндзинад.

Сæ иу уыдис хæсты темæ, кæцы рæстæджы дæр æвзонг фæсивæд оккупацийы музейы 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты заманы æрцæугæ историты сæ зæрдыл æрлæууын кодтой.

Проекты иуæй-иу хайадисæг ахалдабайаг 16 аздзыд Лекишвили Тамар у.

Абоны конференцийыл уый банысан кодта, цæмæй уый йемкар сабитимæ арвитгæ бонты æмæ уыдонимæ иумæ саразгæ мадзалты фæстиуæгæн бирæ фылдæр æргомдæр æмæ активондæр кæй сси.

Уыдтон сабиты, кæцытæ активон хайад истой æндæр æмæ æндæр мадзæлтты. Мæн дæр фæндыдис уыдонимæ иумæ мæ гæнæндзинæдтæ бавзæрстаин активты . Хъуыды кæнын цæмæй уый мæ шанс уыд æмæ йæ мæ къухæй ма хъуамæ ауадзон. Ацы рæстæджы дæргъы цымыдисон информаци райстон. Ноджы фылдæр æргомдæр æмæ хайадисæг сдæн. Уыцы æнхъæлмæ каст кæцы мын уыд цалдæр мæйы размæ, мæ бон у зæгъын, цæмæй мын æцæгæйдæр кæй фæрæстмæ», - зæгъы Лекишвили Тамар.

Проекты, «Æрыгæтты хайадисты сфидар кæнын Шида Картлийы» Гуры муниципалитеты æндæр æмæ æндæр цæрæнуатæй 25-ы онг æвзонг саби хайад иста. 17 аздзыд Пайлеваниани Асматы хъуыдымæ гæсгæ, нысангонд фембæлд йе мкар сабитимæ иумæ ахæм фарстæтимæ базонгæ сты, цахæмтæ сты, демократи, гендер æмæ æвзæрстытæ.

«Нæ сæйраг проблемæ уый у, æмæ нын нæй аккаг информаци, куыд хъуамæ ауадзæм иу кæнæ иннæ проекты, афтæ, цæмæй сæххæст кæнæм бæллиццаг фæстиуджыты. Демократи, гендер, æвзæрстытæ – адон уыцы терминтæ сты, кæцытыл мын иумæйаг фæлгондз уыд, ныр зонын алкæй нысаниуæг хицæнæй æмæ кæрæдзиимæ бастдзинады нысаниуæг дæр. Хъуыды кæнын, æмбарынады æмвæзад ацы къуымæй суæлæмæ кодтон æмæ æнгæс проектты хайад райсын фидæны æнтыстджынæй сæххæст кæнынæн мын кæй фæахъаз уыдзæнис», - зæгъы 17 аздзыд Пайлеваниани Асмат.

Проект Гуры муниципалитеты мэры æххуысæй арæзт æрцыд æмæ йæ æмбалады хид «Картлос» æххæст кодта. Æнæхицауадон организаци бынæттон хицауадимæ иумæ, æвзонг фæсивæды сактивондзинады æмæ сæ райрæзтыл бакусын фидæны дæр хъавы.

«Европæйы ай хонынц сыгъзæрин æртæкъуымоны, иу фарсырдыгæй ис идейæтæ æмæ мотивацитæй йедзаг æвзонг фæсивæды къорд, иннæ фарсæрдыгæй ацы идейæты сæххæст кæныны фæлтæрд æмæ компетентон организаци æмæ æртыккаг фарсæрдыгæй та ацы алцыппæтæн æххуысгæнæг хицауад. Сæрыстырæй мæ бон у зæгъын, цæмæй ацы цауы дæр раст афтæ уыд æмæ цæттæ стæм æвзонг фæсивæды райрæзтыл ноджы активонæй бакусæм куыд индивидуалонæй афтæ организацитимæ иумæ», - загъта æвзонгадон хайады сæргълæууæг Гогиашвили Дима.

Организаци «Картлос» дихгæнæг хаххы цур цæрæг æмæ бынæттон æвзæнгтимæ 4 мæйы дæргъы лæвæрдта фадатдзинад сбæрзонд кодтаиккой æмбарынады æмвæзад æндæр æмæ æндæр цымыдисон æмæ активон фарстæйыл, уыдис нын тренингтæ тыхдзинады, булингы, гендерон балансы тыххæй, афтæ ма симулацион хъæзтытæй бафæлвæрдтам фенын кодтаиккам уыдонæн цы нысан кодта медиаци æмæ цы роль ис уымæн дыууæ ныхмæлæууæг фарсы хсæн уæвæг конфликты скуынæг кæныны процессы. Ныхас кодтам æндæр бæстæйы кнфликтты цæвиттоныл нæ бæстæйы уæвæг уавæртыл æмæ ацы процессы тынг активонæй истой хайад «Картлосийы» уæвд EV-йы барвæндонтæ», - нысан кæны «Картлосы» минæвар Мазмишвили Лела.

Проекты сæххæст кæнын мэрийы æххуысæй ацы аз майы мæйæ райдыдта æмæ абон фæцис. Æвзонг фæсивæдимæ иумæ хатдзæгон мадзалыл бынæттон æнæхицауадон секторы æмæ медиайы минæвæрттæ дæр уыдысты. Проекты фæудмæ æнæгæсгæйæ, æвзонг фæсивæд банысан кодтой, цæмæй кæрæдзиимæ æмахастытæ адарддæр кæндзысты æмæ темæн пайда ивддзинæдыл ног идейæтыл æмæ сæххæст кæныны фæдыл иумæ уынаффæ кæндзысты.

 

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.