Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Сылгоймæгты барты тыххæй дискуссийы рæстæджы Хурвалеты цардуагон историты æрымысыдысты
Хурвалеты лигъдæтты цæрæнуаты темон центры æвзонг фæсивæд æмæ хистæр фæлтæры сылгоймæгтæ Къаралеты сылгоймæгты солидарондзинады центры ‘рдыгæй организацигонд фембæлдыл уыдысты. Сылгоймæгты ‘рдæм тыхмийы сусæг формæты æмæ сексуалон къуындæгдзинады фарстæтыл уыдонæн информаци сылгоймæгты информацион центры къухдариуæггæнæг Русецки Елене бадæтта.

Хистæр фæлтæры минæвар лигъдон сылгоймæгтæ фембæлдыл цардуагон историтæ æрымысыдысты, афтæ ма загътой сæрмагонд хъуыдытæ бинонты хсæн сылгоймаджы æмæ нæлгоймаджы æмбарты тыххæй. Иуæй-иу уыдонæй хъуыды кæны, цæмæй нæлгоймаг рагæйфæстæмæ бинонты «хистæр у» æмæ сылгоймаг хæсджын у æмæ йæм хъуса, фæнда йæ æви нæ, уæддæр, кæцыйыл не сразы сты фембæлдыл уæвæг æрыгæттæ.

«Чысыл магазин мын ис, зæгъæн ис æмæ æрвыл бон цæуынц устытæ магазинмæ, кæцытæ мын рахъаст кæнынц, нал у мæ бон, мæ мой мæ фыдудæй мары, зæгъгæ, æмæ афтæ дарддæр. Уыдон быхсынц уыцы тыхмидзинады, уромынц над, æлгъитын, уый тыххæй æмæ сæ нæ фæнды бинонты цард фехалын. Мæнæ куыддæриддæр цъиу хъахъхъæны йæ ахстоны, афтæ устытæ дæр хъахъхъæнынц бинонты цард æмæ быхсынц тыхмидзинады», - зæгъы Уазæгты Циала.

Ана æмæ Нанико Хурвалеты темон центры ауагъд фембæлдмæ Гурæй æрцыдысты. Уыдон программæйы «Гуырдзыстоны бархион» хайадисджытæ сты æмæ адæймаджы бартæм хауæг дискусситæм арæх цæуынц. Нысангонд фембæлдыл æрыгæттæ раныхас кодтой, цæмæй зæронд фæлтæрæн цы тыхмийы формæтæ райсгæ сты, уыдонæн æнæрайсгæ у.

«Ам уæвæг устыты историтæй сæйрагæй дæр моралон æмæ психологон тыхмийы формæтæ рахицæн ис, тынг зын у æрвылбонон проблемæты фоныл, психологон тыхмийы быхсын», - зæгъы Киртадзе Нанико.

«Тынг дæрзæгæй ауад мæ хъустыл иу сылгоймаджы ныхæстæ. Йæ мой йæ æрвылбон æлгъиты, фæлæ йын бары уый тыххæй, цæмæй лæгæн æндæр хорз миниуджытæ дæр кæй ис. Хъуыды кæнын, æлгъитын дæр иуæй-иу тыхмийы формæ у æмæ мах фæлтæр ахæм ахастæн нæ бабыхсдзæн», - банысан кодта Папиашвили Ана.

72 аздзыд Толиашвили Нанулийы хъуыдымæ гæсгæ, бинонты цард саразын стыр зиндзинæдтимæ у баст, уый ныхасмæ гæсгæ раст уый сси иуæй-иу аххосаг, цæмæ гæсгæ дæр йæ рæстæгыл смой кæныныл не сразы æмæ йæ цард куырм мадмæ зилынæн снывонд кодта.

«Æз не смой кодтон, нæ аскъуыддзаг кодтон бинонты бæрны бацæуын, нырма уал ахуыр кодтон, уый фæстæ æндæр цыдæртæм гæсгæ чындзы нæ ацыдтæн, 20 азы у ныр куырм мадмæ зилын, рæстæг фæстæмæ куы раздæхид, уæддæр æвæццæгæн нæ фæивин мæ тæрхон, фæлæ æвзонг фæсивæдæн зæгъын, хъуамæ бинонты хицау уой», - зæгъы Толиашвили Нанули.

Дискриминацийы æмæ сылгоймæгты рдæм тыхмийы тыххæй фæлтæрты хсæн информацийы парахат кæнынмæ йæ хъус æрдардта, Хæларады хид „Картлосийы» минæвар, Мазмишвили Лела. Уый ныхасмæ гæсгæ, æнгæс хуызы фембæлдтытæ æмбарынады сбæрзонд кæнынæн къух аразынц.

«Сылгоймæгтæ æрымысыдысты сæхи сæрыл цы историтæ бавзæрстой уыдоны, ацы фембæлд тынг нысаниуæгджын уыд уыцы фарсæй, æмæ зæронд æмæ ног фæлтæр кæрæдзийæн радзырдтой сæ информацийы æмæ ноджы фылдæр фехъуыстой, цы у тыхми, сылгоймæгты рдæм дискриминаци æмæ афтæ дарддæр», - зæгъы Мазмишвили Лела.

Сылгоймæгты информацион центры къухдариуæггæнæг Русецки Еленейы хатдзæгмæ гæсгæ, сылгоймæгтæн зын уыдис тыхмийы фæдыл ныхас кæнын, фæлæ дискуссийы фæстиуджытæм гæсгæ сбæлвырд, цæмæй тыхмийы æндæр æмæ æндæр формæйы æрвылбон дæр кæй быхсынц.

«Сексуалон къуындæгдзинад æмæ дискриминаци нæ фембæлды сæйраг нысан у, фæлæ, тынг зын у ацы темæйыл ныхас кæнын сылгоймæгтæн, дискуссимæ гæсгæ уæддæр рабæрæг ис, цæмæй ацы проблемæ ис æмæ уæвы æмæ арæх ситуациты сылгоймæгтæ уый тыхмийыл нæ фæнымайынц», - фæнысан кодта Русецки Елене.

Фембæлд сылгоймæгты фонды æххуысæй проекты фæлгæтты уагъд æрцыд, кæцыйы Гуры муниципалитеты Къаралеты сылгоймæгты солидарондзинады центр ныр цыппæрæм мæй æххæст кæны. Уый минæвар, Тедлиашвили Мариамы информацимæ гæсгæ, ацы проекты фæлгæтты 15-æм октябры, хъæуты цæрæг сылгоймæгтæн мадзал ауаддзысты, цыран сылгоймæгты куысты-царды æмæ гæнæндзинæдты тыххæй æхсæнадæн ноджы фылдæр информаци бадæтдзысты.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.