Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Цихелашвили Кетеван конфликтæй зианбаййафæг сылгоймæгтæн бафысымиуæг кодта
Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Гуырдзыстоны паддзахадон
министры номæй сабырады æхсæнадæмон боны номарæны фембæлд ауагъта,
цыран Цихелашвили Кетеван НАТО-йы генералон нымæрдары хæдивæг, Роуз
Гомиолерæн, дипломатон корпусæн, æхсæнадæмон организацитæн,
æмбæстагон секторы минæвæрттæн æмæ конфликтæй зианбаййафæг,
дихгæнæг хаххы цур хъæуты цæрæг сылгоймæгтæн бафысымиуæг кодта.
Паддзахадон министр уазджытæн раарфæ кодта кæй æрбацыдысты уый тыххæй æмæ расидтис, цæмæй Роуз Готмиолеры уазæгуатæй ноджы иу хатт Гуырдзыстоны æмæ йæ адæмы рдæм НАТО-йы æнæцудгæ фарсхæцынад æвдыст æрцыд.
«Уырны мæ, цас фылдæр сылгоймаг хайад райсдзæн сабырадон процессы, уымæй фылдæр сабырад уыдзæнис æппæт дунейы, цыран æнамондæн тынг бирæ конфликт ис æмæ пырхытæ абон дæр. Сылгоймæгтæ арæх хæсты æмæ конфликты алкæмæй æгъатыр амæттаг вæййынц, фæлæ уыцы сылгоймæгтæ арæх сабырады алкæмæй активон æмæ ныфсхаст актортæй сæхи равдисынц. Сымахæй алкæмæндæр хицæнтæй стыр бузныг зæгъын æмæ уыдонæн дæр кæцытæ абон ам не сты, фæлæ активон сабырадуæвæг у».
«Ам сты адæмон дипломатийы хайадисæг сылгоймæгтæ, кæцытæ бирæ азты дæргъы уæхскуæзæй, æнæуынæрæй кусынц æмæ тох кæнынц уый тыххæй, цæмæй саст хидтæ æмæ æууæнкдзинад сæндидза æмæ макуыуал фæлхатгонд æрцæуа тугкалд æмæ рыстдзинад. Ам сты сылгоймæгтæ, кæцытæ цæрынц сындзтелгæрæны ныхæй-ныхмæ æмæ æрвылбон, ацы уæззау реалондзинады, иннæтæн уынын кæнынц сæрыстырдзинады, фæндондзинады æмæ хæлардзинады цæвиттоны, сæхæдæг дæр æххуыс кæнынц æндæртæн».
«Ам сты абон активон æмæ хъæбатыр сылгоймæгтæ оккупирон территоритæй, кæцыты тыххæй, чи сты, æргомæй нæ зæгъдзынæн, уыдон æхсæн медиктæ, амалиуæгтæ, уæлдайдæр та ахуыргæнджытæ, нæ рæстæджы зынгæ хъайтартæ, кæцытæ хисæрмагонд æдасдзинады рискы аргъæн аудынц фидæны фæлтæры фервæзын кæныныл, æмæ архайынц фактивонæй гуырдзиаг сабитæн хорз ахуырад радтой. Стыр бузныг уыдонæн ацы хъайтардзинады тыххæй», - банысан кодта паддзахадон министр.
Ам ма уый бузныг загъта журналисттæн уыцы уæндондзинады æмæ хъæбатырдзинады тыххæй, кæцы равдыстой хæсты æмæ гæрзифтонг конфликтты рæстæджы – хисæрмагонд цæрæнбоны рискы аргъæн фенын кодтаиккой хæсты æгъатырдзинад, цæмæй сабырадыл фылдæрдæр аудæм.
«Æмæ фæстагмæ, алы сылгоймагæн æмæ мадæн мæ фæнды алы бон дæр ын уæд сабырады бон, уымæн æмæ мæ уырны, алы мадæн дæр, абхаз уыдзæн æви ирон, æмхуызонæй нысаниуæгджын у хъæбулты сабырадон фидæн æмæ уый уыдзæн нæ иумæйаг интерес дæр æмæ фидауыны сæраг бындур дæр», - загъта Цихелашвили Кетеван.
Роуз Готмиолер дихгæнæг хаххы иннæ фарс цæрæг адæймæгты ролыл æрныхас кодта æмæ загъта, цæмæй раст уыдонæн у зын уыцы алыхуызон уæззау уавæртæн бафæразын.
«Рæстæгæй-рæстæгмæ мæ адæм фæрсынц, НАТО хихъахъхъæныны цæстæнгасæй дарддæр ма цæй мидæг ис активонæй хайадисæг. Æз алыхатт дæр дзуапп дæттын – хихъахъхъæнынад, быхсынад æмæ сабырады æрфидар кæнын альянсы иуæй-иу сæйраг раздзæуæг хæслæвæрд у. Мæн фæнды тынг стыр бузныг зæгъон уыцы адæймæгтæн, кæцытæ нæ ахуыр кæнынц сабырады аргъы. Уæлдайдæр уыцы адæймæгтæн, чидæриддæр цæры дихгæнæг хаххы фарсмæ, кæцытæ æрвыл бон æвзарынц уыцы зындзинæдты, кæцытæ уыдонæн регионы ис. Басиддзынæн сымахмæ, цæмæй нæ сымахæй кæй фæнды сахуыр кæнæм сабырады фæндæгтæ, сымахæй хъуамæ банкъарæм уый», - загъта Роуз Готмиолер.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |