Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Уырыссаг æфсæддонтæ цъинагайраг пенсионер сылгоймаг æрцахстой æмæ йын йæ пенси байстой
Дихгæнæг хаххмæ ввахс Бобневы хъæуы цур (ног Хурвалет) уырыссаг æфсæддонтæ пенсионер сылгоймагы æрцахстой. Ай фæдыл бынæттон цæрджытæ паддзахадон министрæн, Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты, Цихелашвили Кетеванæн фехъусын кодтой.

Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, ацы цау цалдæр боны размæ æрцыд, цалынмæ Отинашвили Майайы æрцахстаиккой. Цихелашвили Кетеван знон изæрæй Отинашвилиты бинонтæм уыдис.

Бобневæгтæ (ног Хурвалет) зæгъынц, цæмæй пенсиисæг ус цæры Цъинагары хъæуы. Ацы хъæуы дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауад контрол кæны

«Акодтой ацы усы, ивар дæр ын бафидын кодтой æмæ ардыгæй цы пенсийы æхца ахаста уый дæр ын байстой», - загътой бобневæгтæ Цихелашвилийæн.

Отинашвили Майайы сыхæгтæ зæгъынц, цæмæй уыдонæн сæ хъæумæ, окупиронгонд территоритæй, сæйрагæйдæр пенсионертæ пенси исынмæ æрбацæуынц. Фæндагæн та, хъуамæ Отинашвилийы цæхæрæдæттыл хъуамæ æрбахызтаиккой. Отинашвили Майайы мад, Чилæхсаты Галина дзуры, цæмæй уымæн йæ хъæбул нæ хъыгдардта уыдоны цæхæрадоныл æрбахизынæн.

Дэ-факто республикæйы æдасдзинады комитет Отинашвили Майайы, раст, ацы æххуысы тыххæй, аххосджын кæны. 37-аздзыд Отинашвили Майайы 2018 азы 29-æм сентябры æрцахстой. 1-аг октябры, æдасдзинады комитеты пресс-службæйы бæрæггæнæнмæ гæстæ, уымæн 2-мæйы ахæстоны бадын снысан кодтой.

Знон изæрæй рабæрæг, цæмæй гæнæн ис æмæ Отинашвили Майайы хъуыдагмæ дыууæ мæйæ раздæрдæр æркæсой, æмæ ацы процедурæтæ дыууæ бонмæ æххæстгонд æрцæуой. Отинашвили Майайæн ис 3 æнахъом сабийы æмæ йын ис æнæниздзинады проблемæтæ. Уый ссæрибар кæнынæн Евроцæдисы цæстдарæгон Миссийы æмæ Сырх Дзуары минæвæрттæ хайад исынц.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.