Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Хурвалеты скъолæйы æндыгъд уавæр у – скъолæйы педагог директоры тыххæй ныхас кæны
Дихгæнæг хаххмæ ввахс Хурвалеты хъæуы педагогтæ скъолæйы директорыл хъаст кæнынц. Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центримæ Хурвалеты скъолæйы ахуыргæнæг Крмашвили Зизи ныхас кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæ, ахуыры хайады къухдариуæггæнæг æбæллиццаг педагогты куыстæй суры. Амæй дарддæр ма, йæ зæрдыл дары уыцы фæстаг цауы, скъолæйы цалдæр ахуыргæнæджы директор кæрæдзиуыл куы бафтыдта æмæ сæ фæхыл кæнын кодта.

«Ай уыдис тынг мæгуырау æмæ зæрдæхæццæгæнæн факт, кæцы скъолæйы сæргълæууæджы рдыгæй арæзт æрцыд. Ныхас цыд къласы раздзоджы сахатты адих кæныны темæйыл. Уыцы рæстæджы, уымæн уыдис бæрæггонд кълæсты раздзогты нæмттæ, педагогтæн загъта, цæмæй кæрæдзиимæ баныхас кæной æмæ афтæмæй аскъуыддзаг кодтаиккой ацы фарсты. Ацы рæстæджы та, уымæн йæ къухфыст æвæрд уыд бардзырдыл», - зæгъы Курмашвили Зизи. Уый скъолæйы музыкалон театры æмæ практикæйыл ахуыр кæны сабиты.

«Кастæн æмæ сæм хъуыстон, куыд хыл кодтой æмæ æлгъыстой педагогтæ кæрæдзийы. Уый алцыппæтдæр расайдта скъолæйы директоры политикæ. Уымæ гæсгæ, цæмæй æз бæрæг фарстатæ скъолæйæ æддæмæ хæссын æмæ хъуыддаджы профцæдисты иугондæн радзурын. Директор аскъуыддзаг кодта мæ куыстмызды фæкъаддæр кæнын», - зæгъы Курмашвили Зизи.

Уымæн къласы раздзоджы бынат байстой, цæмæ гæсгæ дæр йæ мызд фæкъаддæр ис 83 ларийы. Курмашвили Зизи зæгъы, цæмæй 83 лари уымæн дзæвгар ахсджиаг суммæ кæй у. ныртæккæ, уымæн йæ мызд æдæппæтæй у 300 ларийы.

«Ацы аз, мæ дыууæ хъæбулы дæр уæлдæр ахуырмæ бацыдысты. Сæ иу 100%- грант райста, иннæ консерваторимæ бахауд. Дыууæйæн дæр мын фатеры хца фидинаг у Тбилисы. Раст, ацы рæстæджы, скъолæйы директор аскъуыддзаг кодта мæнæн къласы раздзоджы бынат байсын», - зæгъы Курмашвили Зизи.

Скъолæйы директор Цъикаридзе Иза Шида Картлийы информацион центры телефоны дзæнгæрæгæн ацы этапыл нæ дзуапп кæны. Махæн нæ къухы бафтыд информаци уый фæдыл, цал къласы æмæ раздзог ис Хурвалеты астæуккаг скъолæйы.

Рабæрæг, цæмæй иу раздзог ис æртæ къласæн иумæ. Ацы фарстæты профцæдисы минæвæрттæ ахуыр кæнынц æмæ уыдоны позицитæ фарстæйы сахуыр кæныны фæстæ радзурдзыстæм. Скъолæйы директор йæ куырдиаты хъастгæнæг автортæн æмбарын кæны, цæмæй кълæсты раздзог æмæ педагогты фæцъусдæр кæнын бюджеты суммæйы чысылдзинад расайдта. Хурвалеты скъола чысыл контингентон уагдоныл нымад цæуы, фæлæ фæстаг статистикæмæ гæсгæ, скъолæйы ахуырдзауты бæрц нæ фæкъаддæр ис.

Къласы раздзогтæм та цы хауы, уымæй 12-къласон скъолæйы, къласы раздзоджы постыл, 6 ахуыргæнæг кусы.

Хурвалеты сабиты бæрцадон бæрæггæнæнтæ афтæ фыст цæуынц, Курмашвили Зизийы информацимæ гæсгæ:

1-аг къласы - 12 ахуырдзау
2-аг къласы (иугонд у 4-æм къласимæ) – 7 ахуырдзау
3-аг къласы – 16 ахуырдзау
5-æм къласы – 8 ахуырдзау
6-æм къласы – 3 ахуырдзау
7-æм къласы – 3 ахуырдзау
8-æм къласы – 8 ахуырдзау
9-æм къласы – 11 ахуырдзау
10-æм къласы – 9 ахуырдзау
11-æм къласы – 6 ахуырдзау
12-æм къласы – 7 ахуырдзау

Зæгъæм, иу раздзог ис 2-аг, 3-аг æмæ 4-æм кълæстæн. Афтæ ма, 7-æм æмæ 10-æм кълæстæн иумæ. Иу къласы раздзог ис 5-æм æмæ 6-æм кълæстæн, афтæ ма, 8-æм æмæ 9-æм кълæстæн иумæ. Курмашвили Зизийы къухы ис национ программæмæ гæсгæ рекомендацион фыстæджытæ, цыран нысангонд ис, цæмæй чысыл контингентон скъолæты гæнæн ис къласы раздзог скæнын уым, цыран иуылкъаддæр 10 ахуырдзау ис.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.