Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Уырыссаг машинæты бизнес – Гуры 3 адæймаг æрцахстой
Шида Картлийы прокуратура æрцахста Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны æмбæстонты, кæцыты аххосджын кæнынц, бирæ суммæйы фæлывдмийæ хи бакæныны факты тыххæй. Фæдагуырды версимæ гæсгæ, аххосджынтæ Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ дæсгай машинæтæ æркодтой, банчы сæ ломбарды раттой, æндæр æмæ æндæр финансон организацитæм æмæ уый фæстæ, машинæты аздæхтой фæстæмæ Уæрæсемæ.

Фæдагуырды куыст цалдæр эпизодыл цæуы. Прокуратурæ зианбаййафæгыл æндæр æмæ æнæдæр финансон организацийы нымайы. Ахст сты дыууæ гоймаг, адонæй, иуæн лæвæрд ис гирао, иннæмæн развæлгъау ахсты æмгъуыд аивгъуыдта, æртыккаг та агуырды ис.

Прокуратурæйы æвдисæны хуызы ис Уæрæсейы компанитæй сæ иуы минæвар дæр. Уый адвокаты инфомацимæ гæсгæ, фарстгонд æрцыд, скайпы (интернеты) æххуысæй.

«Æппæты стырдæр æнамонддзинад уый у, æмæ мах нæ зонæм, реалонæй, ис æви нæ ацы адæймаг, кæнæ æцæгдæр уымæ хауы ацы машинæ æви нæ? Æрмæст зонæм уый æмæ скайпæй фарстгонд кæй æрцыд. Разынд афтæ æмæ, Уæрæсейы, кæцыдæр компанийæн, фидтонты бамбæхсыны фактыл фæзындис проблемæ. Æрцахстой компанийы директоры, фæлæ исады, сæйрагæйдæр, машинæтæн реализаци скодтой. Уый фæстæ ахæстонæй рацæуы ацы компанийы директор æмæ зæгъы, цæмæй уый нæ зоны, йæ сæрмагонд машинæ, кæцæй æрхаудта Гуырдзыстонмæ», - фехъусын нын кодта аххосджыны адвокат, Цинцадзе Нодар.

Цинцадзе Нодары интерес кæны, кæд æмæ тæрхондон зылынгæнæг тæрхон рахæсдзæн, уæд ацы машинæты кæмæн аздахдзысты?!

Куыд рабæрæг афтæмæй, цалдæр дæсгай машинæйы хъодыйы (хъадагъа) ис, уыдон æхсæн ис, уыцы машинæтæ дæр, кæцытæ уыдысты æлхæд æмæ сын ис сæрмагонд хицæуттæ.

«Иу эпизод ис ахæм: иу машинæйы æлхæны Гуырдзыстоны æмбæстаг, официалонæй. Бацæуынц лæггæдты агентадмæ, саформит æй кæнынц хисæмагондæй, уый фæстæ бацæуынц финансон организацимæ æмæ кредит райсынц. Раст æртæ боны мидæг полицæ ацы машинæйы хъадагъа (хъоды) кæны», - зæгъы Цинцадзе Нодар.

Адвокат æмбарын кæны, цæмæй Уæрæсейæ машинæты æркæныны факт дайуаг нæу, фæлæ, дайуаг бирæ æндæр æууæлтæ ис:

«Аххосджынты иу хай ацы машинæты æххуырста Уæрæсейы кæнæ сæ æлхæдта. Кодтой сæ Гуырдзыстонмæ, истой кредит, уый фæстæ, фыстой. Иунæг факт дæр не сбæлвырд уыдзæнис уый тыххæй, цæмæй уыдонæй кæцыдæр нæ бафыста кредиты суммæ», - хъусын кæны Цинцадзе Нодар.

Уый информацимæ гæсгæ, фыццаджыдæр, фæивинаг у фæдагуырды верси. «Ам хъуыддаг æрмæст уымæ нæ хауы æмæ суммæйы фæлывдмийæ хибакæныны, фæлæ ма, æнæзакононæй кредиты райсынмæ. Архайды хайæн фæлывдмийы квалификацийы раттын тынг æнæрæстдзинад у», - хъусын кæны Цинцадзе Нодар, адвокат. 

Цинцадзе Нодар зæгъы, цæмæй аххосджынтæ финансон оранизацитæн намысджын фидджытæ уыдысты: «Зæгъæм, 20 мин ларийы кредиты райсты фæстæ, аххосджынтæй сæ иу финансон организацийæн 22 мин ларийы бафыста. Ам, цыран зыны суммæйы хибакæнын? Ам та иннæрдæм рауад, ацы хъуыддагыл фæдагуырды райдыдæй, финансон организацитæ æцæгдæр фæзиан кодтой», - зæгъы адвокат.

Цинцадзе Нодар æбарын кæны, цæмæй цалынмæ полицæ ацы хъуыддагмæ нæ баинтерес кодта, уæдмæ фиддонты фидын финансон организациты хыгъдыл систематиконæй æххæст цыд.

«Куыддæр ацы адæмы æрцахстой, финансон организацитæ æмæ уыдоны минæвæрттæ фæзиан кодтой. Кредиты суммæйы ничиуал фиды. Аххосджынтæй сæ иу агуырды ис, иннæ гираойы бын ис æмæ æртыккагæн та 9-мæйон развæлгъауы ахæсты æмгъуыд фæцис», - хъусын кæны адвокат, Цинцадзе Нодар.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, полицæ фæдагуырды райдыдæн оперативон информацийы бындур ратта. Мидхъуыддæгты министрады пресс-куыстуаты зæгъынц, цæмæй ацы хъуыддаджы тыххæй, ницы зонынц.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.