Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Дзур мемæ
1990 азæй 2008 азы августы хæсты фæстæ Гуырдзыстоны мингай гуырдзиаг æмæ ирон лигъдæттæ систы. Нырма ноджы, 2009 азы ирон миграцийы тыххæй иртасæн къаддæр хæйтты фарстæты Европæйаг центры (ECMI) минæвæрттæ ауагътой.

Иртасæны фæстиуæгæн сбæлвырд ис, цæмæй, 2008 азы августы хæсты фæстиуæгæн, раздæры Хуссар Ирыстоны территорийæ, 24 729 лигъдон ис регистрацигонд.

Ирæттæм цы хауы уымæй та, 1989 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, раздæры Хуссар Ирыстоны облæсты æдде 98 823 этникон ирон цардис. 2002 азы сфысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы нымæц 38 028-онг фæкъаддæр. Кæцы нысан кæны, цæмæй 1989 азæй 2002 азмæ Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территорийыл нал цæры 60 795 этникон ирон.

Бестауашвили Лела – «Фын ам уынынц»

Карелы районы Сухиты хъæуы цæры ус æмæ лæг, Хачидзе Нина æмæ Бестауашвили Алеша. Уыдон иунæгæй цæрынц ацы хъæуы æмæ сын сыхæгтæ нал ис. Дзурынц, зæгъгæ дам, Советон периоды хъæуы 25 хæдзары цардис.

Бестауашвили Алеша 81 аздзыд у, йæ бинойнаг Хачидзе Нина та – 82 аздзыд у. 53 азон æмдзарды дæргъы уыдон ацы азы 13-æм сентябры аргъуаны дзуар бафтыдтой.

Хачидзе Нина мысы, æмæ хъæуы цæрджытæ сæ хæдзæртты сусæгæй куыд уагътой: «райсомæй-иу искæцы хæдзарæй уынæр куы нæуал райхъуыст, уæд-иу уайтагъд бамбæрстон, кæй ацыдысты. Цыдысты æхсæвы, сусæгæй. Тас сæ уыд».

Уыдонæн хорз рауад, уымæн æмæ, сæ хъæбултæ никуыдæм ацыдысты нæдæр Рустауæй æмæ нæдæр Агарайæ. Сæ хъæбул Бестауашвили Лела зæгъы, цæмæй зæронд ныййарджытæ ацы кары дæр кæй нæ цæуынц сæ хъæбулты бинонтæм цæрынмæ.

«Абон ситуаци сабыр у. Чидæриддæр ацыдис ацы хъæуæй, уыдонæй иуæй-иутæ уынынмæ æрцæуынц хъæумæ. Иу хæдзары бинонтæ Цæгат Ирыстонæй æрцыдысты. Бинонты хистæр куы федта йæ хæдзары, æмбондыл банцой кодта æмæ кæуын райдыдта», - мысы Бестауашвили Лела.

«Ардæм æрцæуджытæ-иу фæдзурынц, цæмæй фын æндæр ран нæ фæуынынц. Ардæм куы æрцæуынц, æрмæстдæр уæд фæуынынц фынтæ. Сæхи хæдзæртты фæуынынц», - зæгъы Бестауашвили Лела.





Плиты Нодар – «Æз райгуырдтæн Гуырдзыстоны, чысыл Швейцарийы».


Дунейы мидæг зындгонд ансамблы, «Сухишвилиты» раздæры солист Плиты Нодар ныртæккæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист у. Уый Гуырдзыстонæй 1992 азы ацыдис. Ныр ыл 70 азы сæххæстис. Цæгат Ирыстоны телеуынынадæн лæвæрд интервьюйы уый телеуынынады кæсджытæн радзырдта, цæмæй уый райгуырд æппæты рæсугъддæр хъæу Сырххъæуы (Цъителсопелийы).

Абон ацы хъæу нал ис. Борджомы районы ахæм хъæу æдæппæт 9 уыдис. Тимотыубанийы уыцы адæймæгты æрцагуырдтам, кæцытæ Плиты Нодары зыдтой. Сæ иу уыдонæй Гоголадзе Алекси у, 78-аздзыд. Уый зæгъы, цæмæй Плиты Нодары уый скъолæйы ахуыры периодæй Цагъверы кафты къордæй хъуыды кæны.






Козманашвили Нина: «Хъæудæр æмæ-мæ мæ мой дæр рауæлдай кодта, мæхи ацы æвæндаг бынаты бааууон кодтон – æрцардтæн».

Карелы муниципалитеты Земо Лететы хъæуы ма баззадис æртæ хæдзары бинонтæ. Уыдонæй сæ иу Козманашвили Нина у. 90-æм азты конфликты фæстæ, уымæн æнæниздзинады проблемæтæ ис. Зæгъы, цæмæй гуырдзиаг-ирон конфликт уый бинонты онг дæр бахæццæ ис.

Уый Мцхетæйы районы уыдис чындзыдзыд, æмæ систематиконæй æнкъарыд бинонты тыхмийы:

«Иу хатт мæ Мцхетæйæ фæндыдис автобусыл ацæуын хъæумæ. Нырма мæ нæ уагътой автобусмæ схизын, стæй куы схызтæн автобусмæ уæд мæ фæстæмæ æрхизын кодтой, Мткъуарийы былыл. Мæ амондæн фæндагыл иу машинæ рацæйцыд æмæ мæ уый хъæумæ сласта. Хæдзары бирæ фæкуыдтон, мæ мой мæ куы бафарста, цæуыл кæуын, æмæ йæ куы базыдта, уæд мæм тынг фæхыл кодта æмæ ма мыл над дæр æрхауд: «Афтæ дам, дын хъæуы», - мысы Козманашвили Нина.

Уый йæ хъæбултимæ иумæ 20 азы Земо Лететы хъæуы цæры, цыран нæдæр фæндаг ис æмæ нæдæр рухс. 25 азы арвыста уыдонимæ иумæ. Абон йæ хæдзар хæлы. Карелы гамгеоба йын баныфсæвæрдта реабилитацион куыстытæ ауадзыны.





Гаглойты Заирæ – «Мæ хъæбултæм Цъерованмæ рацыдтæн».

Ачабеты хъæуæй лигъдон Гаглойты Заирæ къуырийы мидæг дыууæ хатты Нигозайы астæуккаг скъолæмæ цæуы. Уый Цъерованы, котеджты цæры. Августы хæсты агъоммæ Гаглойты Заирæ Тамарашены скъолæйы ирон æвзаг ахуыр кодта. 9-азы раздæры хъуыддаг хæсты фæстæ дæр адарддæр кодта, æмæ йæ кусынмæ арвыстой Нигозайы скъолæмæ.

Къаспы муниципалитеты Нигозайы хъæуы астæуккаг скъолæмæ ахуырдзаутæ цалдæр хъæуæй цæуынц. Ам скъолæйы фæрсæй-фæрстæм бадынц гуырдзиаг æмæ ирон сабитæ æмæ ахуыр кæнынц ирон æвзаг. Санахъоты Димитрийы администрацийы финансон æххуысæй, æмхæццæ хъæутæм ирон æвзаг сахуыр кæнынæн ахуыргæнджытæ арвыстой. Уыдон нымæцы банысангонд скъолæ дæр бахауд.

Скъолæйы ирон æвзаг дыууæ – кæстæр æмæ хистæр къордтæн амонынц. Зæгъæм, кæстæр къорды 8 ахуырдзау ис, кæцыты иу хай Ренейы хъæуæй цæуы, иннæ хай та Чобалаурийы æмæ æндæр хъæутæй, чи та, бынæттон у.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.