Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Гуйраг Цъикаридзе Нанико у Евроцæдисы æвзонг минæвар
Ильяйы паддзахадон университеты студент Цъикаридзе Наникойы Евроцæдисы æвзонг минæварæй сæвзæрстой. 20-аздзыд чызг Гурæй у. Ныртæккæ, ахуыр кæнынмæ ис Данийы, цыран иу семестры дæргъы педагогон ахуырад райсдзæнис. Уый, Ильяйы университетæй Данимæ, конкурсы фæстиуæгæн арвыстой.

Цъикаридзе Нанико ацы æхсызгон хабары, Европæйы куы уыдис уæд фехъуыста. Евроцæдисы проекты фæлгæтты расидгæ конкурсы уый 1200-йы онг апликанты ‘хсæн сæвзæрстой.

«Ис мын бар уон ацы стыр цæдисы уæнг æмæ бацархайдзынæн, цæмæй ме статус максималонæй пайдагонд æрцæуа мæ бæстæйы хорздзинадæн. Мæ куыст, куыд æвзонг минæвары архайддзинад, баст уыдзæн культурæйы æмæ æргъдзинæдты фæдыл информацийы баивыны тыххæй, Евроцæдисы æмæ Скæсæн сыхæгты æрыгон фæсивæды ‘хсæн æнгом бастдзинад æрфидар кæнын, физикон гоймæгты æмæ æвзонгадон организациты ‘хсæн æмгуысткæнынад сфидар кæнын. Мæнæн стыр кад у, уый æмæ уон мæ бæстæйы минæвар Евроцæдисы бæстæты, куыд æвзонг минæвар», - зæгъы Цъикаридзе Нанико.

«Æвзонг Европæйаг минæвары» инициативæ æвдисы «Æвзонг Европæйаг сыхæгты» хызы иу хай. Евроцæдис финанс кæны проект «Æргом сыхагон – коммуникаци партниорады сфидар кæнынæн: бастдзинад, æмбæстонтимæ Скæсæн партниорады фæлгæтты» («Евроцæдисы скæсæйнаг сыхæгтæ»). Раст ацы проекты иу хай у «Æвзонг Европæйаг минæвæрттæ».

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.