Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Атъоцы цур оккупацион хаххы ауадзыны процессы Тбилис провокацийыл нымайы
Паддзахадон министр Балтайы хъæуы цур, кæцы Карелы районы Атъоцы хъæуимæ арæн кæны сындзтелгæрæны монтажы фæдыл дзуапп дæтты æмæ оккупацион режимы ‘рдыгæй æмбæстонтæн дыууæрдæм уæгъдибарæй цæуыны бар нæ дæттын растыл нæ нымайы.

Цихелашвили Кетеван Гуырдзыстоны территорийыл дихгæнæг хæххыты аразын оккупацион режимы ‘рдыгæй æвзæрстагъоммæ сплангонд провокацийыл нымайы æмæ хъусын кæны, цæмæй хицауад кæй аразы алцыппæтдæр уый тыххæй, æмæ æнæзаконон процессы æрурома. Паддзахадон министры хъусинаг, министры аппараты пресс-куыстуат парахат кæны.

«Ай у уыцы кæуинаг процессы дарддæрдзинад, кæцы 2008 азæй ахæм аипджынæй (фыдуындæй) æххæстгонд цæуы. Оккупацион хаххы æмбонд кæнын æндæр æмæ æндæр баррикадæтæй, кæцы комкоммæ адæймæгты ныхмæ у арæзт. Фæстаг периоды уæлдай æргомæй дзурынц, тынг сæрыстырæй, æппындæр ницæмæй æфсæрмгæнгæйæ, цæмæй фактивонæй 80-90 проценты уыцы адæймæгты, кæцыты уромы ацы сындзтелгæрæнтæ æмæ оккупацион режим, абон цæрынц оккупирон территорийыл æмæ уыдон сæйрагæй дæр сты этникон ирæттæ, кæцыты дыууæрдæм хъæуы цæуын æмæ сын уыцы амалдзинад лæвæрд нæ цæуы. Ис ма ноджы иу разынд уый тыххæй, æмæ цæйбæрц ницы нысаниуæгджын у оккупацион режимæн адæймаг, адæймаджы интерестæ æмæ уыдоны бартæ. Цæйбæрц ын нæу уымæн нысаниуæгджын уый гуырдзиаг уыдзæн, абхазаг æви ирон. Уымæн ис иу, æфсæддон æмæ куыд йæхæдæг хъуыды кæны афтæмæй стратегион æмæ политикон интерес. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам фарст æвæрд цæуы уыцы интересы фæдыл дæр, æмæ абон æвзæрстагъоммæ уавæры ноджы тынгдæр æндыгъд скæной æмæ ацы радон провокаци ауадзой раст уый тыххæй, цæмæй фылдæр æндæвдад æрцæуын кæной цæрджытыл.

Кæй зæгъын æй хъæуы æмæ ахæм провокацитæй Уæрæсе нæ райсдзæн уыцы фæстиуæг, кæцымæ уый æнхъæлмæ кæсы. Мах æрдыгæй аккаг реагирдзинад ныридæгæн лæвæрд ис ацы конкретон фактыл æмæ нæ тыхархайд арæзт у уыцырдæм цæмæй урæд æрцæуа ацы фыдуынд сындзтелгæрæнты æмæ баррикадæты арæзтад æмæ хъуамæ хæлд æрцæуа фæстаг сантиметры онг алкæцы уыцы фыдуынд баррикадæ кæцы абон кæрæдзимæ дард кæны адæмы æмæ арæзт у Гуырдзыстоны тæккæ астæуы», - банысан кодта Цихелашвили Кетеван.

Карелы районы Атъоцы хъæуы цур сындзтелгæрæнты монтажы тыххæй информиргонд у Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси æмæ «Тæвд хахх» дæр активон у.

Цхинвалы оккупацион режим ацы азы фыццаг ноябрæй Балтайы хъæуы цур, кæцы Карелы районы Атъоцы хъæуимæ æмарæн кæны, сындзтелгæрæнты монтаж кæнын ногæй райдыдта, - ай фæдыл информацийы оккупиронгонд Хуссар Ирыстоны дэ-факто æдасдзинады комитет парахат кæны. Уыдоны информацимæ гæсгæ, территорийыл 1-километрон дæрддзæгмæ ‘ввахс барер арæзт æрцæудзæн.

Сус æнæзаконон бордеризацийы факты бæлвырд кæны. Уагдоны ныхасмæ гæсгæйæ, нысангонд факты фæдыл активонæй кусы «Тæвд хахх» æмæ информиргонд у Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси.

«Карелы муниципалитеты Атъоцы хъæумæ ‘ввахс территорийыл цæуы æнæзаконон бордеризацийы процесс. Ацы процес зиан хæссы бынатыл уæвæг æдасдзинады уавæрæн æмæ нысаниуæгджынæй арæн кæны бынæттон цæрджыты сæрибары цæуыны барæн. Нысангонд факты фæдыл активонæй кусы «Тæвд хахх» æмæ информиргонд у Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси», - фехъусын кодтой паддзахадон æдасдзинады куыстуаты.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.