Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Зурабишвили Саломейы визит атъоцæгтæм
Атъоцаг Биртвелишвили Исидоры уырны, цæмæй Зурабишвили Саломейы
спрезиденты цауы, территорион æнæхъæндзинады проблемæ бæстонгонд
æрцæудзæнис. Амæн бындур дæтты, Европæйаг лидертимæ президентон
кандидаты бастдзинæдтæ æмæ арæх фембæлдтытæ. Уый ныхасмæ гæсгæ,
раздæры президент дæр бирæ фæцархайдта территорион æнæхъæндзинады
сæндидзын кæныныл, фæлæ йын дзы ницы рауадис.
Атъоцы хъæуы абон Зурабишвили Саломе генералтимæ иумæ ныццыдис. Уый оккупацион хаххыл бахызтис æмæ курдиат уырдыгæй фехъусын кодта. Йæ ныхасмæ гæсгæ, бæстæйы сæйраг проблемæ оккупацион хахх у, цыран уырыссаг æфсæддонтæ цæджындзтæ смонтаж кодтой.
Зурабишвили Саломейы визиты рæстæджы хъæумæ иууон националон змæлды минæвæрттæ дæр ныццыдысты. Ника Мелиаимæ иумæ уыдис районы раздæры гамгебели Бурджанадзе Илия дæр. Зурабишвили Саломейы ныхасы рацыды рæстæджы националон змæлды фарсхæцæг Гъвинджилиа Лана схуыдта «æдзæсгом æмæ чатлашка». Гъвинджилиа Лана Зурабишвили Саломейæ æркуырдта дзуапп ахæм фарстæн:
-Чи райдыдта хæст.
Националон змæлды минæвæрттæ Атъоцы хъæуы центры уæвгæйæ фæхатыдысты, цалдæр хæдзары дуарыл ныхæст уыдис Зурабишвили Саломейы плакаттæ. Бынæттон цæрæг зæгъы, цæмæй дам, машинæйæ чызг рахызтис æмæ Зурабишвили Саломейы плакаты уæлæ стикер нынныхæста.
«Ай мæ хæдзары дуар у. Загътон ын, зæгъын, цæмæн æй ныхасыс æмæ йæ раскъуыдтон. Ногæй та дам, æй баныхасдзынæн, æз ын дзуапп раттон, æмæ та йæ зæгъын, æз дæр ногæй раскъуындзынæн. Ды дæр дам уæйгæнæг дæ, чатлах», - зæгъы бынæттон цæрæг
Атъоцаг Биртвелишвили Зурайы ныхасмæ гæсгæ, хъæумæ хъусдард æнæмæнг хъæуы, цæмæй цæрджытæй ма сафтид уа хъæу. «Раст у дон æмæ нын газ ис, фæлæ цæрджытæн æфтиаг никæцæй ис. Кæд амæ сæ хъус æрдардзысты, тынг хорз уыдзæнис», - зæгъы Биртвелишвили Зура.
Карелы муниципалитеты Атъоцы хъæуы Зурабишвили Саломе 28-октябры æвзарæнтыл фыццаг тур фембылды ис.
Æппæт æвзарджыты нымæц хъæуы 350 адæймаг ис. Æвзарæн сыхмæ æрбацыд 190 адæймаг. Адонæй Зурабишвили Саломейæн хъæлæс ратта 59 æвзарæг, фæлæ Григол Вашадзейæн та - 79 æвзарæг. «Европæйаг Гуырдзыстонæн» та, - 34 æвзарæг

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |