Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур хъæуты паддзахадæй финансгонд студентты нымæц æрвыл азы фылдæр кæны
Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван Гуры университеты дихгæнæг хæххытæм æввахс хъæуты цæрæг студенттимæ фембæлд. Министр студентты уыцы уæлбардзинæдтимæ базонгæ кодта, кæцытæй уыдонæн сæ бон уыдзæн спайда кæнын 2018-2019 ахуыры азты.

Сæрмагондæй, алы студентæн дæр, кæцы дихгæнæг хаххмæ ввахс цæры, паддзахад уæлдæр ахуыры сфинанс кæндзæнис, Фæнысангæнинаг у уый, цæмæй ацы инициативы скусыны фæстиуæгæн, фæстаг цыппар азы студентты нымæц 433-йæ 1200-онг сырæзтис.

Цихелашвили Кетеван дихгæнæг хæххыты цурмæ æввхас хъæуты уавæрыл дæр æрныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй ивгъуыд азты дæргъы хъæуты, кæцытæ зæгъæн ис æмæ афтид уыдысты, бирæ цыдæр бæстонгонд æрцыд: æрбæстон инфраструктурæ, хъæуты сæ фылдæр хайы лыггонд æрцыд доны проблемæ, иннæ хайы та азы кæронмæ лыггонд æрцæудзæнис, газифициргонд æрцыд алы хъæу дæр (14 мины онг абонент), алы хæдзар дæр, ныр цалдæр азы дæргъы зымæджы периоды газы аргъ 200 ларион ваучеры исы æмæ а.д.

«Ай фыццаг цау нæу, æз Гуры университеты куы дæн. Ацы университеты студенттимæ фембæлд мæнæн æрвылхатт дæр æхсызгонддзинад хæссы, уæлдайдæр та уыдонимæ фембæлд, кæцытæ дихгæнæг хаххы цур хъæутæй сты. Ацы æрыгон фæсивæд уыцы бинонты æвдисынц, кæцытæ сындзтелгæрæнты ныхмæ æрвылбон сты æмæ æнæгæсгæйæ уыцы быцæусидтытæм, уыдон тырнынц райсой хорз ахуырад æмæ уой æнтыстджын. Махæн нæ фæндаг ацы сындзтелгæрæнты аиуварс кæнынæн æмæ быцæудзинæдты ныхмæ уый у, цæмæй уæм ноджы фылдæр размæцыд, фылдæр ахуыргонд, фылдæр зæрдæмæдзæугæ æмæ ацы æрыгæттæ сты цæсгом æмæ символ уыцы фидæны æнтыстдзинадæн, кæцы нын æнæмæнгæй уыдзæнис.

«Æз абон сабырадон политикæйыл ныхас кодтон æмæ мæ фæнды нджы иу хатта бахахх кæнон, цæмæй ацы политикæйы сæйраг приоритет конфликтæй зианбаййафæг цæрджытыл аудын кæй у. Дыууæ боны размæ Атъоцы хъæуы уыдтæн. Сымах зонут æмæ, цæугæ оккупаци периодиконæй йæхи нæ хизы æнгæс провокацитæй. Махæн нæ дзуапп ныр дæр æмæ фидæны дæр уыдзæнис, цæмæй ноджы фылдæр æххуыс бакæнæм сындзтелгæрæнты цур цæрæг адæмæн. Знон хицауады рабадтыл райстой уынаффæ, цæмæй алы студент дæр, кæцытæ сты дихгæнæг хаххы цур хъæутæй, хицауады рдыгæй хъуамæ финансгонд æрцæуой. Уый паддзахад ныр цалдæр азы æххæст кæны», - банысан кодта паддзахадон министр.

Фæлæ йæ ныхасмæ гæсгæ, проблемæтæ нырма ноджыдæр бирæ ис, кæцыты аиуварс кæнынæн хицауад дарддæр кæны йæ куыст.

«Къамисыл, кæцы ацы территорийы хъæугæдзинæдтыл кусы, райстой уынаффæ, цæмæй зымæджы периоды газы аргъ 200 ларион ваучер алы хæдзарæн дæр лæвæрд æрцæуа. Атъоцы уæвыны рæстæджы ууыл дæр ныхас кодтон, цæмæй хæрз цыбыр æмгъуыдмæ бæстонгонд æрцæуа нуазыны доны проблемæ уыцы хъæуты дæр, цыран ма баззад аразинаг. Тынг бирæ аразинаг ис хъæууон хæдзарады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæды æрдæмадæй. Афтæ ма инфраструктурæйы æрдæмадæй дæр, зæгъын мæ фæнды фæндæгты, рæвдауæндæтты æмæ скъолæты инфраструктурæйы. Тагъд домæнтыл реагиркæнынæй ацы территориты райрæзтыл, ног экономикон гæнæндзинæдты скæнынмæ ахиздзыстæм. Раст ныртæккæ куысты процессы стæм æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, махæн тынг ахсджиаг у æрыгон фæсивæды цæстæнгас, сæ хъуыды æмæ домынæдтæ, цæмæй ноджы хъæрдæрæй зæгъæм æнæ оккупацийæ æмæ ацы райрæзтæй цæрджытæм æввахсдæр балæууæм, кæцытæ фактивонæй сындзтелгæрæнты уацары сты», - фехъусын кодта Цихелашвили Кетеван.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.