Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
Ног хабæрттæ
Мыдгæс
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ æндæр ницæуыл хъуыды кодтон, æндæр мæн ницы фæндыд. Хайад истон Гуырдзыстоны æмбырды хъæбысæйхæсты æмæ нын уым уыдис иу дохтыр, кæцы сæйрагæй цыдис бæстæтæм, дзæбæх уыд, дзæбæх цард. Корортты уыд æмæ йæ бафарстон, зæгъын, ам кæцæй фæдæ? – загъта мын, зæгъгæ дам, медицинæйы факультетмæ бацыдтæн, каст æй фæдæн æмæ дам ныр ам дæн. Æз дæр аскъуыддзаг кодтон, бацыдаин уырдæм æмæ йæ каст фæуыдаин, кæд нæ рацыдаин хъæбысæйхæцæг æмæ нæ адарддæр кодтаин ацы къуымæй, уæддæр уыдаин фæстæмæ хъæбысæйхæсты сферæйы, афтæ хъуыды кодтон.

Мыдыбындзы чыргъæды нын дихтæгонд у мыды фæзгъæртæ афтæ, цæмæй æрцæуа уыдон компактонæй адих кæнын. Æвæрæм фæйнæгæй арæзт чыргъæды кæцы гæнæн ис балхæна алы адæймаг, чидæриддæр мыды фæзгъæр уарзы, кæнæ гæнæн ис лæварæн дæр æй ахæсса. Æз мæхæдæг, зæгъæм, искуыдæм уазæгуаты куы фæцæуын, уæд мæнмæ гæсгæ, къаффетты къоппы бæсты хуыздæр уыдзæн мыд балæвар кæнын.

Уалдзæг куы ‘рбалæууы, уæд сæ ахæссæм Гардабаны æхгæд бынатмæ, сæрды райдианы та – Триалеты хохы рæбынтæм.



5-6 аздзыдæй, æз мæ бинонтæн æххуыс кодтон, цы мæ бон уыд уымæй. Мыд æмбырд кодтам æмæ дидинæджы рыг дæр стæм хатт истам, стæй æрхъуыды кодтам æмæ аскъуыддзаг кодтам, цæмæй бакуыстаиккам ноджы хуыздæр, æмæ цæмæй ноджы фылдæр райсæм мыдыбындзæй.

2015 азы бацыдтæн медицинон университетмæ, банкъардтон, куыд у пациентмæ зилын, куыд у цæмæй фæрог кæнон уымæн йæ карз уæззау рысты. Фæивтой мæ фæндтæ медицинæйы рдæм, фылдæр хоскæнынырдæм æмæ а.д.

Æхсырыл кусын хицæн професси у, уымæн хъæуы специалон чыргъæд. Æмхуызон рæвдуанæй равзæры мыдыбындз дæр æмæ мыдыбындзы мад дæр. Уыдон хицæндзинад æрмæст уый у, æмæ мыдыбындзы мад хæры мыдыбындзы ‘хсыры, мыдыбындз хæры мыды æмæ æндæр продукты. Мыдыбындз цæры астæуккагæй 35-40 бон æмæ мад-мыдыбындз 5-8 азы уый тыххæй, æмæ уый мыдыбындзы ‘хсыр хæры. Ацы ‘хсыр исын, кæй зæгъын æй хъæуы æндæргъуызон никуыд нæ уайы. Æрвыл æртыккаг боны исын æхсыры, афтæ аразын, цæмæй мыдыбындз æнхъæла, æмæ йын æхсыр кæнын къусы, цыранæй хъуамæ райгуыра мад. Ацы процессы фæлхатт кæнын æрвыл æртыккаг боны. Сайын мыдыбындзы, æмæ къустæ рахæссын.



Æрбахæсдзынæн æй амалиуæгдоны цурмæ, бадæтдзынæн æй æндæрмæ, уый тыххæй, цæмæй уыцы дарæсимæ ма бахизон амалиуæгдонмæ. Уый фæстæ бацæттæ кæндзынæн æмбæлонæй, къустæй мыдыбындзы ‘хсыры сисдзынæн æмæ йæ авгæй банкæты нывæрдзынæн. 3 градусы температурæйыл сæ бавæрдзынæн уазалгæнæны, бæрæггонд рæстæгмæ. Бирæ рæстæгмæ нæйы. Гæнæн ис реализацийы дæр ауадзæм мыдыбындзы ‘хсыр. Уазалгæнæны дæр, бирæ рæстæджы дæргъы, мыдыбындзы ‘хсыр куыд фæстагмæ сафы йæ миниуджыты. Уый тыххæй тагъд йæ сисынæй 2-3 бонмæ хъуамæ басур уа, цæмæй максималонæй бахъахъхъæна уыцы миниуджытæ, кæцы йын æппæты фыццаг уыдис.



Ай у вакумсургæнæн, цыран цæуы салд продукцийы сублимацийы амалæй сур кæнын, ома ихæй комкоммæ дондæфæй фесты (дон), кæцы нын дырысæй æххуыс кæны уымæй, цæмæй максималонæй 100 процентæй бахъахъхъæна æппæты фыццаг миниуджытæ. Ацы мыдыбындзы ‘хсыры бавæрын вакумсургæнæны æмæ вакумы бын дондæф фесты æмæ баззайы æхсыр, æрмæст сурæй. Ацы мыдыбындзы ‘хсыры цъарæг бавæрын ссæны. Æрыссын æй афтæ, цæмæй æнцонæй адихтæ уа капсулæты мидæг.

Мах, зæгъæм, цæттæ кæнæм æндæр æмæ æндæр дозæты капсулæты, ис нæм чысыл капсулæ, кæцы у мануалон (механикон) кæнæ къухæй аразæм, зæгъæн ис, æмæ къухæй аразын бирæ рæстæг домы. Витаминтæй йедзаг у, поливитаминон буаргъæд у æмæ уымæй дарддæр, йе сконды ис ахæм буаргъæдтæ, кæцы æппындæр нæма ис сбæрæггонд. Фыццаг дæн, кæцыйыл нырма æрмæст æз кусын ауыл. Ацы цауы, ай у мæхи бакусгæ формулæ, æниу ис бындурæвæрд æндæр æмæ æндæр медицинон иртасæнтыл.

Мæ хо дæр фармцийыл ахуыр кæны æмæ иумæ хъавæм скæнæм æй куыд традици æмæ адарддæр кæнæм ацы архайды кæронмæ. Тынг бирæ цыдæртæ мæ хъæуы, финансад райстон 30 мин ларийы, иу ахæм суммæ йæм мæхæдæг дæр бафтыдтон. Мæ нысан фыццаджыдæр уый у, цæмæй мын уа цæттæ мыддон хæдзарадтæ, цыран мын уыдзæн ахæм амалиуæг, кæцы ифтонг кæндзæн мæ фармацевтон амалиуæгдоны, ома уыййас продукт райсон мæ мыдыбындзæй, цасдæриддæр бахъæудзæн мæ амалиуæгдонæн.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.