Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Къæлиндар
|
Ног хабæрттæ
Европæйаг нысæнттæ Цъаблованайы
«Ацыдаиккам æвзæрстытæм уæдæ цы хъуамæ кодтаиккам? Мах нæ фæнды
Европæйæ фæхицæн уæвын. Ис нын фидæн. Хъæбулы хъæбултæ мын ис,
кæцытæ уæлдæр ахуыр фæуд кæнынц æмæ сæ фæнды Европæйы сæ ахуыр
адарддæр кæнын.
Адон нын нæ фæндаг æрæхгæдтой, æмæ уæдæ адæм цы хъуамæ кæной?», - афтæ райдыдта махимæ йæ ныхас Цъаблованайы хъæуы цæрæг Зедгенидзе Венерæ æмæ адарддæр кодта ныхас хъæуы уæвæг проблемæты фæдыл. Æвæугæ фæндаджы арæзтадыл, донхорыггæнæн системæйыл, æмæ «хæххон» статусыл, кæцы цæрджытæн ницы реалон пайда хæссы, афтæ сахуыр сты, æмæ æппæт адæттыл юморимæ ныхас кæнынц.
«Мах тыхсын кæнæм нæ хистæры, уый дæр æндæры тыхсын кæны, фæлæ куыд уый сайынц, стæй афтæ сайынц мах дæр», - зæгъы нын Зедгенидзе Венера.
Цæрджытæ хицауады аххосджын кæнынц æнæхъусдарды тыххæй, цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, хицауад сæ хъæумæ æрмæстдæр æвзæрстыты рæстæджы æвдисы цымыдисдзинад, цæвиттонæн æрхæссынц хъæумæ цæуæн фæндаг, кæцы нырма дæр у æдзæллаг уавæры æмæ къæвдайы рæстæджы уымæй пайдагæнæн нæ вæййы. Зедгенидзе Венерайы ныхасмæ гæсгæ, фæндæгты хæлддзинады тыххæй, хъæуы цæрджытæ протест дæр скодтой æмæ бартхъирæн кодтой хицауадмæ æвзæрстытæм ма æрбацæуыны фæдыл, кæцы иу бакастæй фæстиуæг дæр ратта, фæлæ куыддæр æвзæрстытæ фесты, афтæ уайтагъд цы техникæ æрбаластой, уый фæстæмæ акодтой æмæ фæндаджы арæзтад дæр æрдæгвæндагыл æрлæууыд. «Ныр та кæд æрцæудзысты? - Æвæццæгæн иннæ æвзæрстыты рæстæджы æрцæудзысты ноджы», - худгæйæ зæгъы Зедгенидзе Венерæ.
«Тагъд æххуысы машинæ нæм нæ цæуы, афтæмæй хъæуы фылдæр ацæргæ адæм цæрæм. Фарон зымæджы æккойæ схастой дохтыры, иу лæг нæм куы фæрынчын, уæд», - мысы Зедгенидзе Венера.
Цъаблованайы хъæу ис Хашуры муниципалитеты. Абон хъæуы цæры 30 бинонтæм ввахс.
Хъæуы цæрæг, Нозадзе Мевлуды ныхасмæ гæсгæ, хъæу хæххон зонæмæ хауы, фæлæ амæй æфтиаг хъæуы цæрджытæ не нкъарынц.
«Ницы уæлбардзинад нын ис, уæлбар нын ис æрмæстдæр электрэнергийæн, уый дæр 10 тетри. Нæй нын хицæндзинæдтæ æмæ уæлбартæ газ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны тыххæй. Электроэнергийæн 10 тетрийы куы бафидон, уæд æм ноджы 10 тетрийы бафтаудзынæн æмæ йæ бафиддзынæн æххæстæй, цæмæн ма нæ нымайынц хæххон зонæйыл», - хъынцъымгæнгæ зæгъы Нозадзе Мевлуд.
Хъæуы зæхх бæркадджын у, фæлæ донуадзæн инфраструктурæ кæй нæй, уымæ гæсгæ зæхкусджытæн сæ тыллæг баст у къæвдаджын бонтыл.
«Цы байтауæм, уый дæр æххæстæй нæ райсæм. Ацы аз æртын гектарæй æрæмбырд кодтам тоннæ æмæ æрдæгы бæрц, кæцыйыл бахардз кодтам дыууæ хатты фылдæр. Уым хъацæн, уым уый, уым уый, æмæ нын æфтиаг хъæуæн нæй», - зæгъы нын Нозадзе Нестор, кæцы цæры Цъаблованайы хъæуы.
Бынæттон хицауады рдыгæй ныууагъд цъабловайнæгтæ, æнæразыдзинад 2024-æм азы æвзæрстыты процессы æмæ фæстиуæгты тыххæй загътой. Уыдоны ныхасмæ гæсгæ «Гуырдзиаг бæллиц» стыр тыхархайд бакодта æвзарджыты балхæнынæн. Цъаблованайы цæрæг Нозадзе Нестор æвзæрстыты цæстдарæгæй уыдис – «Кæмæн гæртам радтой, кæмæ æртхъирæн бакодтой, кæмæн æхца радтой æмæ арæзт æрцыд ахæм цыдæр. Рагацау сын адæм æлхæд уыдис. Æртæ фысы дæр аргæвстой», – Нозадзейы хъуыдымæ гæсгæ æвзæрстыты фæстиуджытæ логикæйæ цух сты, кæд æмæ уыцы рæстæджы раздæры æвзæрстытыл хицауад ацы участокыл алыхаттдæр æмбылд кодта.
«Ацы азы 300 хъæлæсы ис хицауадæн æмæ 200 та оппозицийæн ис, зæгъæн ис æмæ сын ноджы къаддæр хъæлæстæ уыдаид, фальсификаци куы нæ уыдаид, уæд», – банысан кодта Нозадзе Нестор.
Æфсымæртæ Гелашвили Константин æмæ Гиорги Цъаблованайы хъæуы иудадзыг цæрджытæ сты. Къонстантиныл цæуы 23 азы, Гиоргийыл та – 14 азы. Цъабловайнаг сывæллæттæ астæуккаг ахуырад исынц Кемпры хъæуы æхсæнадон скъолæйы. Къонстантин нын зæгъы, сæйраджыдæр хъæуы кæй цæры æмæ кусы, кæцыйæ йæ зæрдæ рухс кæны. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ бæллиц уыд йæхи фермæ саразын, æмæ йæ æххæст дæр скодта скъола каст фæуыны фæстæ уайтагъд.
«Мæнæ уый у мæ чысыл фермæ, цыран мын ис куыдз æмæ ставдкъах фос дæр. Уарзын мæ хъæуы хæхтæ дæр æмæ уæлдæф дæр. Æз æнæхъæн бон æрвитын кусгæйæ. Сæйраджыдæр мæ фермæмæ зилын æмæ мæ бинонтæн æххуыс кæнын. Мæ карæнтæ, зæгъæн ис, æмæ хъæуы ничиуал ис. Алчидæр сæ кусынмæ ацыд. Сæйрагæйдæр кусынц китайæгтимæ фæндæгты арæзтадыл», - зæгъы Гелашвили Къонстантин.

Æндæр æмæ æндæр
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |