Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Гуры Nova Societas-ы иртасæны презентаци уагъд æрцыд
Гуры сæйраг чиныгдоны (библиотекæйы), 14 июны, Nova Societas-ы иртасæны презентаци уагъд æрцыд.

Презентацийы ауагътой профессор Джгеренайа Эмзар, профессор Шарашенидзе Торнике æмæ историк Иремадзе Иракли. «Nova Societas-ы минæвæртæ дыууынæм æнусы фыццаг фæндзæм хайы документтыл бакуыстой æмæ сбæрæг ис, цæмæй демократон республикæйы бындурæвæрæджыты цæстæнгастæ æмæ идейæтæ уæды рæстæгон Европæйы политикон æмæ интеллектон лидерты идентон уыди.

Демократон республикæйы бындурæвæрджытæ ныхас кæнынц иу æвзагыл дыууынæм æнусы фыццаг цыппæрæм хайы Европæйы политикон æмæ интеллектон лидертимæ. Хъыгагæн, 1921 азы оккупаци æмæ, сæйраджыдæр, сырх терор, æрурæдта Гуырдзыстоны европæйаг дыууынæм æнус», - фыст ис иртасæны.

Фембæлд дискуссийы форматы уагъд æрцыд. Профессор Джгеренайа Эмзары ныхасмæ гæсгæ, æнæмæнгхъæугæ у, не ‘мбæстæгтимæ фембæлд æмæ уыдонимæ аныхас кæнын нысангонд темæтыл.

«Мах абон ам, Гуры горæты сымах базонгæ кæндзыстæм æнæхицауадон организаци «Nova Societas-имæ» æмæ мах æххæст кæнæм фонд «Гом æхсæнад Гуырдзыстоны» проекты. Проекты нысан у æндæр æмæ æнæдæр горæтты Гуырдзыстон европæйаг æвзæрстыты фæдыл дискусситæ ауадзын. Ныхас кæнæм не ‘мбæстæгтимæ, уый фæдыл, æмæ Гуырдзыстонæн цавæр бындур ис, цæмæй уа Европæйаг бæстæ. Уынаффæтæ кæнæм, ууыл, ис æви нæ, æцæгæйдæр нæ бæстæйæн Европæйаг райдайæнтæ æмæ махæн нæ бон у, æви нæ, абон сæрыстырæй зæгъæм, цæмæй махæн Европæйаг культурæ æнæзонгæ кæй нæу. Нæ докладгæнджытæ æрныхас кодтой фыццаг республикæйы нысаниуæгдзинадыл æмæ уый европæйаг ориентацийыл. Фыццаг республикæ иттæг нысаниуæгджын æмæ цымыдисон фæзынд уыди Гуырдзыстоны, уый тыххæй æмæ, раст уæд фыццаг хæдбар паддзахады минæвæрттæ, бындурæвæрджытæ сарæзтой дырыс æргъдзинæдтæ, куыд æмæ цахæм хъуамæ уыдаид нæ бæстæ. Хъуыды кæнын, цæмæй фыццаг республикæ европæйаг цæстæнгасæй иттæг бафæзминаг æмæ цæвиттойнаг уыдис. Амæ гæсгæйæ, махæн нæ бон у зæгъын, цæмæй мах уæм абоны гуырдзиæгтæ демократийы цæстæнгасæй, бафæзминаг бæстæ æндæр бæстæтæн æмæ махæн дæр нæ бон кæй у нæ цæстæнгас базонгæ кæнæм демократон дунейæн», - загъта профессор Джгеренайа Эмзар.
(Джгеренайа Эмзар – профессор).

Историк Иремадзе Ираклийы ныхасмæ гæсгæ, ис дзæвгар бирæ зонадон куыстытæ, цыран тынг хорз зыны дыууынæм æнусы райдианы Гуырдзыстоны европæйаг æргъдзинæдтæ.

«Гуырдзыстон ацы периоды Европæйæн уыдис иттæг цымыдисон дæнцæг. Кæд æмæ куыд уыдис гæнæн арæзт æрцыдаид европæйаг стилы демократон паддзахад, уæлдайдæр социалистты разамындæй, ахæм бынатыл цыран уыдонæн зæгъæн ис æмæ сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыдис, иуæрдыгæй азиаг хайы, патриархалон æхсæнады уыдаид демократон паддзахад. Европæйæгтæн, уæлдайдæр та социалист лидерты цымыдис кодта, уый æмæ куыд уагъд цыд уыцы политикæ, Гуырдзыстоны мидæг æмæ 1920 азы, Гуырдзыстоны куы уыдысты европæйаг социалистты делегаци, уæд раст уыдоны зонадон куыстыты бæрæгæй зыны сæйрагæй, уый æмæ цавæр ахаст дары Европæ Гуырдзыстонмæ. Ис фантастикон фыстæджытæ, цыран æвдыст цæуы, куыд дисы бахаудысты уымæй цыдæриддæр уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны цыд уыцы периоды. Фæлæ реалонæй Гуырдзыстоны цыдæриддæр цыд уый нæ уыд диссаг, уымæн æмæ, ацы алцыппæтæн йæ разæй цыд дæсгай азты дæргъы цæттæдзинад тергдалеулиты амалæй æмæ уый фæстæ та политикон хаххыл, кæцыйы адарддæр кодтой æртыккаг къорд æмæ уыцы политикон фæзындтæй кæцы цыд Гуырдзыстоны 900-æм азты райдианы», - банысан кодта историк Иремадзе Иракли.
(Иремадзе Иракли – историк).

Фембæлдыл уыдысты Гуры цæрæг æвзонг фæсивæд.

«Гуры тынг цымыдисон фембæлд уагъд æрцыд, иттæг цымыдисон докладгæнджытæ нæм уыдис уазæгуаты. Æз, куыд хуымæтæг гуйраг æрыгон стыр райгондæй баззадтæн абоны фембæлдæй. Фембæлдыл дискуссийы рæстæджы ныхас цыд нырыккон абоны ахсджиаг расидтытыл, политикæйыл. Афтæ ма, ныхас цыд Гуырдзыстоны æмæ дунейы мидæг алкæмæй нысаниуæгджын эпохæйы 20-æм æнусы райдианыл. Ныфс мæ ис æмæ æнгæс фембæлдтытæ арæх кæй уыдзæнис», - загъта фембæлды хайадисæг Гигаури Морис.

Иртасæны презентаци Гуры фæстæ уагъд æрцæудзæнис: Телауы, Кутаисы æмæ Зугдиды. Организаци 2018 азы сæрдæй фæстæмæ иртасы демократон республикæйы 1918–1921 азты æмахастыты Европæимæ æмæ, иумæйагæй дæр, йæ ахастдзинад Ныгуылæны ‘рдæм. Бындурæвæрджытæ сты: Сабанадзе Гиорги, Джгеранайа Эмзар, Кекелидзе Гиорги, Киладзе Гиорги, Кенчъошвили Къакъи. Организацийы директор у Дарсавелидзе Нино. Nova Societas-ы æххæст кæны ахуырадон æмæ иртасæн проектытæ.

Фæстаг цалдæр азы у æмæ иртасы Европæйы ‘рдæм ахастдзинад Гуырдзыстоны æнудæсæм æнусы æмæ дыууынæм æнусы райдианы.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.