Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Цард «Монастеры» хъæуы
Рæсугъд уæлхох хъæу Монастер Шида Картлийы районы ис. Кæд æмæ хъæу
Хашурæй æдæппæт цыдæр 11 километры дæрддзæф у, уæддæр стыр митуарды
рæстæджы æддаг дунейæ фæхицæн вæййы, кæцы ам баззайæг цæрджытæн
дзæвгар проблемæтæ æвзæрын кæны.
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран йе мцахъхъæн æмгæрттæ хæрз цъус сты. Скъолайы транспорт хъæумæ кæй нæ цæуы, уымæ гæсгæ уый æмæ йе мгæртты бахъæуы дзæвгар фистæгæй цæуын. Уымæй уæлдай ма хъæуы цæрæг сабитæн нæй хиирхæфсæн фæз æмæ стадион, цыран сæ бон уыдаид иннæ æмгæрттау хъазын.
«Ныр мах стæм Хашуры районы Монастеры хъæуы. Ме мцахъхъæн у Бека æмæ Тазо. Иннæтæ чысылтæ сты. Хæрз цъус сывæллон стæм, æвæццæгæн 5-6 уыдзыстæм. Мах ахуыр кæнæм Куишхеты астæуккаг скъолæйы, фæлæ ныр скъолæ цалцæггонд цæуы æмæ нæ бахъæуы Цхрамухамæ цæуын. Зымæджы транспорт уæлæмæ зынтæй ссæуы. Фылдæр цы саразой, уый хорз уыдзæн. Стадионы дуæрттæ, æмбондтæ æмæ а.д.», - зæгъы 12-аздзыд Гелашвили Гурам.
Монастеры хъæуы сæрдыгон рæстæг бирæ уазджытæ вæййы. Уый æппæты хуыздæр период у сабитæн, уый тыххæй æмæ сæ хъæлдзæг уынæр æмæ циндзинад, зымæджы уазал æмæ æнæныфс бонты ферох кæны ардыгон цæрджытæн.
«Æз Кутаисы цæрын. Æз ардæм сæрды æрцæуын мæ мадыхойы хъæбултæм. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы хъæуы уæлдæф, æрдз æмæ хæларзæрдæ адæм. Мах алыхатт дæр хъазæм цъындæмбæхстытæй кæнæ футболæй, нæ бон у волейболæй хъазын дæр» - зæгъы Гелашвили Малхазы хъæбулы хъæбул, кæцы алы сæрд дæр хъæумæ æрцæуы. Кутаисæй æрцæуæг лæппу, йæ дадайæн арæх æххуыс кæны хæдзарон куыстыты. Еныр дæр арахъхъæн чъанчъури æмбырд кæнынц.
«Скусын æй кæнон дада? Скусын æй кæнон? – нæ йæ скусын кæндзынæ, дадайы хъæбул, нæ йæ скусын кæндзынæ. Афтæ йæ куы ратъæпп кæнон не скусдзæнис! – афтæ арæх ныхас кæнынц дада æмæ йæ хъæбулы хъæбул.
Гелашвили Малхаз зæгъы, цæмæй ацы хъæуы цæрын тынг зын кæй у æмæ уыцы бинонтæн дæр, кæцытæ иудадзыгæй ам цæрынц, æвæрæз уавæрты цæрынц.
«Хъæуы сæйрагæй цæры 35 хæдзары бинонтæ. Тъунелы былæй Гугулисцихейы былмæ, кæцы Монастер хуыйны, æрмæст 35 хæдзары ис. Хъæуы нæй дон, нæй дзы интернет. Скъоламæ у дард фæндаг. Хъæуæй зымæджы транспорт цæуы иу æмæ æрдæг километры дæрддзæгыл. Еныр сæрд у, боныхъæд хорз у æмæ уæддæр не схизы. Зымæджы гæнæн ис ма схиза, фæлæ сæрды уæддæр хъуамæ цæуид, цæмæй лæг сæрды уæддæр ссæуа хъæумæ. Тæригъæд сты 5-6 километры сæ фистæгæй хъæуы цæуын. Сывæллæттæ фистæгæй цæуынц, скъоламæ сæ акæнынц автобусыл, фæлæ стæй фæстæмæ сæхæдæг рацæуынц фистæгæй. Фæндаг куы нæ уыди, уæд-иу дзырдтам «Ма схизæд», «Ма ссæуæд», «Фæндаг нæ бæззы», фæлæ ныр фæндаг ис. Змæлын тæссаг у, зæгъынц. Нæ зонын, алыхуызонæй нæ сайынц», - зæгъы Гелашвили Малхаз.
Ацы проблемæмæ ма æгуыстдзинад дæр æфтыд цæуы. Гелашвили Малхаз иунæг-иу у бирæсывæллонджын бинонты хсæн, кæцы куыстæй ифтонг у. Уый йеддæмæ ма хъæуы хуымгæнæн зæххытæ дæр нæй. Уымæ гæсгæ хъæууон хæдзарады рæзты перспективæ у къаддæр.
«Æз кусын æфсæнвæндаджы. Æуый у æндæр ницы. Мæ бинойнаг æгуыст у, чындз æгуыст æмæ хъæбул дæр æгуыст у.
Тыллæг дзы нæ зайы. Ацы хъæу æххормаг бынат у. Кæд дзы нартхор æмæ хъæдур æрзайа, уый йеддæмæ дзы æндæр ницы æрзайдзæн. Ныфс нын бавæрдтой, цæмæй зæххыты æнæаргъ регистраци 2024 азы августы мæйы райдайдзæн, зæгъгæ, фæлæ ничи æрбацыд зæххыты регистраци æмæ ныффыссынмæ. Нæй нæм интернет. Зымæджы, фæндаг æхгæд куы вæййы, уæд ахуыр цæуы онлайн-режимы. Ахуыргæнæг нæм фæдзуры æмæ афтæ амоны урок. Чи зоны мын тилифон нæй? Чи зоны, æхца нæй мæ тилифоны, цæмæй алы изæр дæр демæ ныхас кæнон? Куыд хъуамæ райсой ахуырад?», - зæгъы нын Гелашвили Малхаз.
Æнæ гæсгæ уымæ, æмæ хъæу денджызы æмвæзадæй 880 метры бæрзæндыл ис, афтæ-ма климатон уавæртæ дæр, хъæууон-хæдзарадон зæххыты къаддæрдзинад æмæ цухдзинад, демографион уавæр æмæ æндæр проблемæтæ æппæт уыцы критерийы ифтонг кæны, кæцы уæлхох статусы раттынæн у хъæугæ, фæлæ паддзахад хъæуæн ацы статусыл нæйы зæгъы.
«Уæлхох бынаты статус нын нæ дæттынц, зæгъынц, зæгъгæ дам, ацы зæххытæ раздæр куыстгонд цыдысты æмæ дам нæм уый тыххæй фыст дæр ис». Нæ зонын, кæд сæ систой? Ныр сæ сисæт, цæмæй ам адæм цъус кæй ис, зæххытæ афтæ баззадысты æмæ хуымгонд нæ цæуынц. Нæ зонын, мæнмæ гæсгæ æндæр адæмы зæххытæ дæр ныл срегистраци кодтой. Булбулисцихейы æмæ уый... Зымæгыл раздæрау æмбæлæм ссадæй, сæкæрæй æмæ цæххæй ифтонгимæ. Уый у… раздæрау... Кæд æмæ фæндаг æхгæд æрцæуа, уæд налдæр Хашурмæ ацæудзыстæм», - зæгъы Гелашвили Малхаз.

Æндæр æмæ æндæр
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |