Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
1989 - 2008 азты периоды гуырдзиаг-ирон æмахастыты æвдисæг документаци æмбырдгонд æрцæудзæн
1989-2008 азты периоды гуырдзиаг-ирон æмахастыты тыххæй, документон æрмæг æмбырд цæуы, кæцы хицæн веб-порталыл æвæрд æрцæудзæни. Проекты Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси (EUMM) финанс кæны.

Проекты «Национализмы æмæ конфликтты иртасæны институт» (ISNC) æххæст кæны. Уый хайадисджытæ дискусси ауагътой «Гуры информацион центры». Дискуссийы ном хуындис – «Гуырдзиаг-ирон æмахастытæ: ивгъуыд абоны цæстæнгасæй».

Проекты «Гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæгон змæлд (1989-2008):
документтæ ивгъуыды æрымысынæн æмæ анализ кæнынæн»
æххæст цæуы Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси (EUMM) финансон æххуысæй.

Проекты фæлгæтты æмбырдгонд æмæ хронологонæй æфснайд æрцыд алы уыцы æрмæг, кæцыдæриддæр хауы гуырдзиаг-ирон конфликтмæ. Электрон версийы иумæ сты документтæ, газетон æмæ телеуынынадон фыстытæ, кæцыты уырыссаг, ирон æмæ гуырдзиаг фарс уынын кодта.

«Ацы документтимæ базонгæйы фæрцы, мах базондзыстæм, куыд цæттæ цыд гуырдзиаг-ирон конфликт; чи уыдис сæйраг змæлынгæнæг тых; чи æххуыс кодта йæ спровоцир кæнынæн. Ис тынг бирæ фарстытæ, кæцыты хъæуы ноджы арфдæр иртасын. Гуырдзиаг æвзаджы аивыны тыххæй æмæ а.х. Хуссар Ирыстоны раздæры автономон облæсты аивыны тыххæй, иттæг цымыдисон æрмæджытæ сты», - банысан кодта Члачидзе Лиа.
(Члачидзе Лиа – оккупацийы музейы бындурæвæрæг).

«Нысаниуæгджын уыдзæн, уый æмæ цæмæй æмбæстæгтæ иу ран иумæ æвæрдæй феной документты, куыд ирон, афтæ уырыссаг æмæ гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй сарæзт. Документты ирон историктæ бирæ цæмæдæрты не ‘вналынц гуырдзиæгты пайдайæн æмæ гуырдзиаг историктæ та ирæтты пайдайæн. Период райдайдзæни 1977 азæй, куыддæр Советон Цæдисы райдайы реорганизаци кæнын, ацы периоды Советон Цæдисы конституци ист æрцыд æмæ райдыдта хæлын стъалинон Сæветон Цæдис. Ай йæ фæстæ расайдта нæ конституцийы 1978 азы æмæ ай у йæ уидæгтæ, цыранæй рацыди уыцы нысæнттæ, кæцы расайдта уыцы рæстæджы æндыгъддзинад 90-æм азты. Документтæ фæуд кæнынц 2008 азы 7-æм августы. Куыддæр Гуырдзыстоны президент расиддзæн зынг фескъуыды тыххæй бардзырд», - зæгъы Закареишвили Паата.
(Закареишвили Паата - конфликтолог).

«Мах æххæст кæнæм проекты, кæцы хауы гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæгмæ, цыран проекты фæлгæтты æмбырдгонд æмæ хронологонæй æвæрд уыдзæн алы уыцы документ, алы уыцы газетон æмæ телеуынынадон æрмæг кæцыдæриддæр хауы гуырдзиаг-ирон цаутæм. Мах хъуыды кæнæм, цæмæй ацы иртасæн уæлдай цымыдисон уыдзæн æвзонг иртасджытæн æмæ сын æнцонвадат скæндзæн ацы æрмæджытимæ кусын, кæцытæ хъæугæ сты уый тыххæй æмæ, ноджы бындуронæй дæр раиртасой ацы фарсты. Уадзæм дискусситæ, цæмæй ацы информаци уæрæх æхсæнадæн æрцæуа зындгонд. Фæнды нæ, цæмæй бацымыдисгæнæг гоймагæн лæвæрд æрцæуа гæнæндзинад базонгæ уа ацы æрмæджытимæ», - Бенделиани Елико – национализмы æмæ конфликтты институты минæвар.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.