Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Оккупацигонд хъæутæй 19 ахуырдзауы Гуырдзыстоны хицауадæй æркуырдтой цæмæй сæ атестаттæ нымад æрцæуой
2019 азы, Гуырдзыстоны централон хицауадмæ курдиат балæвæрдта 19 ахуырдзауы, кæцытæ иумæйаг, базæйон æмæ райдиан ахуырад оккупацигонд территорийыл райстой. Гуырдзыстоны рухсады министрад оккупацигонд территорийыл райсгæ ахуырады бæлвырдгæнæн документты банымадта.

Ай фæдыл информаци Хуссар Ирыстоны администрацийы (разамонæг Санахъоты Димитр) кусæг, Цотниашвили Сосо фехъусын кодта. Уый Санахъоты Димитрийы разамындæй арæзт къамисæн къухдариуæг кодта.

«Къамис бакуыста, цæмæй нымад æрцыдаиккой оккупацигонд территорийыл 16 гоймаджы райсгæ æххæст иумæйаг ахуырады, 2 гоймаджы базæйон ахуырады æмæ иу гоймаджы райдиан ахуырад», - нысангонд цæуы хыгъдлæвæрды.

«Оккупацигонд территориты тыххæй» Гуырдзыстоны закъонмæ гæсгæ оккупацигонд территорийыл лæвæрд документтæн нæй юридикон тых. Уый тыххæй, цæмæй зиан ма баййæфтаиккой уыцы ахуырдзаутæ, кæцытæ оккупацийы фæстæ сæ ахуыр адарддæр кодтой оккупацигонд территорийыл скъолæты, бакуыстгонд æрцыд иумæйаг ахуырады райсты фæтк. Ацы фæткмæ гæсгæ оккупацигонд территоритыл райсгæ иумæйаг ахуырады райстыл бакуыста Хуссар Ирыстоны администраци æмæ аккаг индивидуалон административон-барадон акты æрвиты Гуырдзыстоны рухсады, зонады, культурæйы æмæ спорты министрадмæ, кæцыйы бындурыл дæр лæвæрд æрцæудзæн министрады ‘рдыгæй иумæйаг ахуырады бæлвырдгæнæн документ (аттестат). Ацы нысанæй, администрацийы къухдариуæджы бардзырдæй арæзт æрцыд къамис, кæцы æркæсдзæн иумæйаг ахуырады фæдыл æрбарвитгæ курдиæттæм», - фыст ис документы.

Ацы хыгълæвæрды ма нысангонд цæуы, цæмæй паддзахадон грант лæвæрд æрцыд 2 студентæн, кæцытæ иумæйаг ахуырад райстой оккупацигонд территорийыл.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.