Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
USAID-ы администраторы хæдивæг Гуры конфликтæй зианбаййæфæг æрыгæттимæ фембæлд
АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты агентады (USAID) администраторы хæдивæг, Бони Глик, Гуры æвзонгадон центры уыдис, цыран уый конфликтæй зианбаййафæг регионы æвзонг фæсивæдимæ фембæлд.

Фембæлдыл уыдон толерантондзинады, æмбæстагон хъуыддагзынды æмæ интеграцийы фарсхæцыны программæйы (PITA) 5-азон проектæн хатдзæг скодтой.

Фембæлдыл уыдысты æвзонгадон центры 15 уæнг. Бони Гликимæ иумæ уыдон ныхас кодтой оккупацийыл, дезинформацийы æмæ Уæрæсейы пропогандæйыл. Фембæлды уæнгтæй сæ иу, Церцвадзе Гиоргийы ныхасмæ гæсгæ, Бони Гликы бацымыдис кодта, 2008 азы августы хæсты рæстæджы Шида Картлийы æрцæугæ цаутæ.

«Фембæлды рæстæджы Бони Глик бацымыдис кодта уыцы цаутæм, кæцытæ августы хæсты заманы ‘рцыд нæ регионы. Æз ын радзырдтон уыцы рæстæджы мæ хъæуы цауты тыххæй, куыд сафтид хъæу цæрджытæй 7-æм августы. Мæ ныхæстæм мын зæрдæбынæй хъуыста Бони Глик», - банысан кодта Церцвадзе Гиорги.

Программæ PITA-йы тыххæй:

Программæ PITA-йы партнер организаци Шида Картлийы регионы у Гуры хæрзиуæгдзинады æмæ райрæзты центр. Центры хайад исы цалдæр сæдæгай æрыгоны, кæцытæ сæ темы фидардзинадыл æрвылбон аудынц.

Толерантондзинады, æмбæстагон хъуыддагзынды æмæ интеграцийы фарсхæцыны программæ (PITA) у АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты агентады (USAID) ‘рдыгæй финансгонд программæ, кæцы æххæст кæны Гуырдзыстоны ИНО-йы ассоциаци (UNAG).

Программæ, кæцы нысанæн æвæры æмбæстагон активондзинады культурæйы æрфидар кæнын æмæ æвзонг фæсивæды иумæйаг квалификацийы сбæрзонд кæнын æмбæстагон хайадисты æмæ алыварсон фæтк дæттыны; Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр регионы æвзонг фæсивæды æмæ Гуырдзыстоны цæрæг этносты ‘хсæн интеграцийы стыхджын кæнын этникон, динон, æмæ æндæр стереотипты ныхмæ иумæ активон куысты æххуысæй; Барвæндон активондзинады, æмгуысткæнынады æмæ хæларадон æмахастытæн къух саразын Гуырдзыстоны æвзонг фæсивæды ‘хсæн.

Ацы нысанæй 11 партнер æнæхицауадон организацийы базæйыл Гуырдзыстоны 13 горæты 14 æвзонгадон центры арæзт æрцыд, кæцы æрыгон фæсивæды иу кæны æмæ сæ æндæр æмæ æндæр цымыдисон мадзæлтты æмæ ахуыргæнæн æмæ стажерон программæты æфтауы.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.