Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Цы у коронавирус?
2019 азы декабры, Китайы фиксиргонд у æнæзонгæ вирусæй расайгæ пневмонийы цаутæ. Вирусы хонынц 2019 – nCOV вирус. Видеойы уын бадæттам цыбыр инфомаци ацы вирусы тыххæй.

Уæ зæрдыл бадарут, цæмæй ай ног вирус кæй у æмæ гæнæн ис абоны информаци фидæны фæива.

Коронавирус хауы вирусты стыр бинонтæм, уый конд у генетикон æрмæгæй æмæ æрхъулагонд у мембранæй, кæцыйæн ис урсæгон уырзæджытæ.

Уырзæджытæ уымæн коронæйы бакаст дæттынц.

Коронæ (паддзахы худ) латинагау хуыйны «корона». Раст ардыгæй цæуы ацы вирусы ном дæр – коронавирус.

Ис коронавирусы цалдæр тип, кæцы иуæй-иу хатт расайы куыд респирацион, афтæ гастроэнтералон симптомтæ, Респирацион низ гæнæн ис æвдиса хæрзчысыл узалдзыдæй пневмонимæ.




Низ арæх вæййы рог симптомтимæ.

Уымæ æнæгæсгæйæ, ис коронавирусы иуæй-иу тип, кæцыйæн йæ бон у расайа тынг уæззау низтæ.

Уæззау карз респирацион синдром: (SARS – Severe Acute Respiratory Sindrom), кæцы фыццаг хатт 2003 азы фæзынд Китайы

æмæ Æввахс Скæсæны респираторон синдром (MERS), кæцы фыццаг хатт 2012 азы Сауды Аравийы фиксиргонд у.

2019 азы Китайы фиксиргонд у 2019-nCOV-ы фыццаг цау.

Низы фыццаг цау фиксиргонд у адæймæгты къорды, кæцытæ уыдысты денджызон продуктты æмæ удæгас цæрæгойты уæййаг базары цур, Китайы горæт Уханы цур.

Уыдонæн фæзынд пневмони æмæ уый фæстæ низджынтæй вирусы алæвæрд æрцыд бинонты уæнгтæм æмæ медицинон персоналыл.

Раст афтæ рцыд низфæзынды ахæлиукæнынад Китайы. Стæй та æндæр бæстæты.



Кæцæй фæзынд ацы вирус?

Вирус циркуляци кæны цæрæгойты. Иуæй-иу хатт æрцæуы йæ алæвæрд цæрæгойæ адæймагыл.  Кæцыйæн вирусы мутаци кæнæ адæймаджы цæрæгойимæ æнгом контакт æххуыс кæны.

Зæгъæм, MERS-cov-ы алæвæрд æрцыд теуайæ, фæлæ SARS-vov гæдыты иуæй-иу бинонтæй.  2019-nCov-ы резервуары нырма зындгонд нæу.

Куыд лæвæрд цæуы 2019-nCOV?

Фылдæр хатт, улæфæн системæты вирусон инфекциты алæвæрд хуыфыны æмæ æхснырсыны рæстæджы æртæхты амалæй. Кæнæ вирусæй чъизигонд уæлцъаримæ контакты рæстæджы.

Коронавирусæй инфицирады риск-къордтæм хауынц:

цæрæгойтимæ æнгом контакты уæвæг гоймæгтæ, зæгъæм, удæгас цæрæгойты базары кусæг адæймæгтæ;

адæймæгтæ, кæцытæн ис æввахс контакт вирусæй рынчын адæймæгтимæ;

инфициргонд бинонты уæнгтæ æмæ медицинон персонал.

Куыд фæзынынц низы симптомтæ?

Ацы этапыл зындгонд у, цæмæй низы симптомтæ гæнæн ис æвдыст уой рогæй кæнæ уæззауæй.

Гæнæн ис фæзына тæвдниз, хуыфæг, тыхулæфт æмæ уæззау улæфт.

Ноджы уæззаудæр цауы гæнæн ис æмæ ахиза пневмонимæ, уыргты низмæ æмæ расайа мæлæт.

Куыд цæуы низы диагностикæ?

Цауты сбæлвырд кæнын цæуы полимеразион рæхысон реакцийы методæй, (PCR)

PCR-йæ гæнæн ис нуклейны туаггуырæй спецификон фадыг сбæр кæнын, кæцы вирусы рабæрæг кæныны амал дæтты иртасинаг хуызæджы йæ хæрзчысыл концентрацийы цау дæр.

Спецификон хосгæнæн препарат ацы этапыл нæй; Уагъд цæуы хуымæтæг респирацион инфекцитæн ахастæвдисæг хоскæнынад.  Ацы этапыл нæй вакцина.  Дыууæ дæр бакусыны стадийы сты.



Куыд аиуварс кæнæм вирусы ахæлиукæнынад?

Хуыфыны æмæ æхснырсыны рæстæджы амбæрзут фындзыл æмæ дзыхыл иухаттон фындзмæрзæн кæнæ къухы рæмбын.

Уæхи хизут низджын адæймæгтимæ æввахс контактæй.

Спайда кæнут медицинон маскæтæ кæнæ персоналон хъахъхъæды фæрæзтæ. Сæрмагондæй, медицинон процедурæты аразгæйæ.

Арæх ныхсут уæ къухтæ сапонæй æмæ цæугæ дæттæй, кæнæ сæ ныссыгъдæг кæнут спиртæй конд тæнгъæдæй. Кæд дæхи æвзæр хатай, нысаниуæгджын у баззайат хæдзары.

Кæд уын ис тæвд, хуыфæг кæнæ уæззау улæфт, фехъусын кæн дохтырæн. Радзур дохтырæн бæлцуаты истори.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.