Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Двалишвили Гиви æмæ Дудайты Лейла Двалианткъарийæ – Цхинвалы район
Хъæумæ Бахтулианы хох уырдыгмæ фæлгæсы. Ацы хохыл Меджуды комæй Ксаны коммæ иуæй-иу ахизæн у. Къулджын фахсмæ гæсгæ бæхтæн сæ бон нæ уыд уым æрлæууын æмæ иу ратылдысты.

Уый тыххæй, ацы хохы бæхты тулæн, иронау "бæхтулæн" схуыдтой.



Фотойыл: Двалианткъари – цæугæдон Меджуды ком, Цхинвалы район.

Двалишвили Гиви æмæ Дудайты Лейла ацы хохы цъуппмæ ныр дæс азы дæргъы æрвылбон кæсынц. Уыдон иунæг иу бинонтæ сты, кæцы Двалианткъарийы абоны онг цæры. Иу сын æртæ хъæбулы, лæппутæ Цхинвалы районы Уæллаг Арцеуы цæрынц, чызг та Рустауы цæры.

Гиви æмæ Лейлайæн цалынмæ сывæллæттæ чысылтæ уыдысты, уæдмæ Уæллаг Арцеуы цардысты, уымæн æмæ, скъолæ æрмæст уым уыдис. 1990-æм азты райдианы, гуырдзиаг-ирон конфликт скарз. Уæллаг Арцеу æмхæццæ хъæу уыдис. Фыццаг конфликты амæттаг баци Гивийы "фсымæр.



Фотойыл: Двалишвили Гиви æмæ йæ уазджытæ, бæлццæттæ.

2008 азы августы хæсты агъоммæ Уæллаг Арцеуы цæрджытæн сæ бон уыд Гуры муниципалитеты Квешы хъæумæ сæрибарæй цæуын, фæлæ ацы хæсты фæстæ дихгæнæг хахх бынтондæр æхгæд æрцыд.

Ацы бинонты тыххæй Qარტლი.გე-йæн 18-аздзыд Елиаури Гиорги радзырдта, кæцы ацы хъæуы райгуырдис, кæцыйы Двалианткъарийæ æдыппæт цыдæр 5-6 км дæрддзæф кæны. Гиоргийы нана æмæ дада дæр.

Ай уыцы хъæу у, кæцы ис Меджуды комы цæугæдоны уæллаг фарс. Меджуда йæ райдиан исы Дзирисы цъуппæй.

"Абон уым æрмæст иу хæдзары бинонтæ цæры – Двалишвили Гиви æмæ Дудайты Лейла. Сæрдæй-зымæгæй фосмæ зилынц, ис сын мыды чыргъæдтæ дæр. Цы гæнæн сын ис уымæ гæсгæ, халсæрттæ дæр байтауынц (картоф, хъæдындз, нуры ...). хъæуы нæй рухсытæ, машинæйы фæндаг дæр хæлду, цæрæн хæдзæрттæ ныккæлыныввонг сты, фæлæ ацы уæззау уавæртæм "нæгæсгæйæ, Гиви æмæ Лейла уæддæр нæ фæнд кæнынц хъæуы ныууадзын", - зæгъы Гиорги.

Советон периоды ацы хъæуы 40-ы онг хæдзары бинонтæ цардис. Уыдис электорэнерги дæр (1990-æм азты онг) хъæу афтид кæнын райдыдта Советон периодæй – карз уавæртæм гæсгæ цæрджыты фылдæр хай быдырмæ цæрынмæ ралыгъдис.
Гиорги нын радзырдта, цавæр карз уавæртæ ис уыцы комы, цыран уый райгуырдис. Уæлдайдæр та зымæгон периоды, комы цæрæг адæймæгтæ фактивонæй куы цæрынц хъæддаг цæрæгойтимæ иумæ:



Фотойыл: фыд æмæ фырт Двалишвилитæ.

"Бирæгъ æмæ арс хуымæтæг фæзынд у. Уыдон хæдзæрты кæртытæм дæр цæуынц. Арс дæр бирæ хæттыты федтой кæртмæ бацæугæ", - зæгъы Гиорги.

Двалишвилиты бинонтæм цы хауы, уымæй: "Лейла нæ коймаг у, бихъайраг. Комбæсты алчидæр кæрæдзийы зонынц æмæ Гиви æмæ Лейла дæр сабибонтæй зонынц кæрæдзийы. Раст у хохбæсты цæрын æнцон нæу, фæлæ фæллойуарзтимæ æмæ уарзондзинадимæ, алыхуызон уæззаудзинады аиуварс кæнын гæнæн ис. Нæ комбæсты Советон периоды дæр æмæ уый фæстæ дæр гуырдзиæгты æмæ ирæтты "хсæн хæстæгон æмæ сыхагон æмахастытæ нæ фехæлдысты", - зæгъы нын Елиаури Гиорги.
Рæстæгæй-рæстæгмæ Двалианткъари дæр сафтид æмæ ныр 10 азæй фылдæр у, Гиви æмæ Лейла иунæгæй куы цæрынц.

"Æппæты "ввахсдæр сыхаг иу километрмæ цæрæг – андисаг Хуыбылты Къола у æмæ уый дæр иунæгæй йæ бинойнагимæ иумæ цæры. Хъæуы ма ис астæуккаг æнусты а.х. Куывдуаты аргъуан, афтæ ма Тежвнийы мæсыг æмæ Сыгъ. Гиоргийы номыл кувæндон. Йæ сарæзтæй фæстæмæ ам цæрынц кæй зæгъын æй хъæуы - Двалишвилитæ", - фæуд кæны йæ ныхас Елиаури Гиорги Меджуды комы хъæуты тыххæй.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.