Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
100-аздзыд Баиндурашвили Гриша Къаспæй – Текселы бунты хайадисæг
Советон наудзогæй Литвайы службæ кодта. Хæст куы райдыдта, уæд лагеры Стъалины бардзырд бафарстой – иунæг къахдзæф дæр фæстæмæ нæ, иу нæмыг алыхатт дæр хъуамæ уа дæхи тыххæй. Ай уый нысан кодта, цæмæй уацары удæгасæй ма хъуамæ ныххаудаис.

Гермайнæгтæ бомбæтæ калдтой хъæутыл, уыцы полкъыл (æфсæдты хай) дæр, цыран Баиндурашвили Григол (Гриша) уыдис. Нæмыгзгъал кæронмæ æхста. Нæмгуытæ йын куы фесты, уæд йæ алыварс акæстытæ кодта æмæ мæрдон сабырдзинад банкъардта. Раздæхтис полкъырдæм. Фæлæ уый дæр бынтон сафтид. Æфсæддонтæ фæстæмæ алæууыдысты.

"Уырыссаг хæст" - афтæ хуыйны Ван Бругеры фильм, цыран къаспаг ветераны, Баиндурашвили Григолы (Гришайы) интервью дæр ис фыст. Уый деталонæй дзуры уыцы хабæртты, кæцытæ уацары ныххауыны фæстæ бавзæрста.

"Мæ дыууæ къахы дæр цæф уыдысты. Къанауы ныххаудтæн æмæ хуыссыдтæн, уæрдон рацæйцыд æмæ йын балæхстæ кодтон, цæмæй мын баххуыс кодтаид. Уæрдонгæс мæ акодта йæ хæдзармæ. Дыккаг бон гермайнæгтæ базыдтой, æмæ хъæуы кæй уыдис цæф æфсæддон æмæ мæ ссардтой, æрбацыдысты мæм, хъуамæ мæ сынтæгæй раппæрстаиккой. Хæдзары æфсин сыл ныхъхъæр кодта, цæф у, зæгъгæ, æмæ сæ нæ бауагъта. Уый фæстæ мыл схæцыдысты æмæ мæ машинæмæ баппæрстой, аластой мæ "Лагермæ". Цы горæт уыди нæ зонын, иу 100 мин лæджы бынат уыдаид уыцы лагер. Алы райсом дæр лагерæй 500-600 марды ластой. Куыд аирвæзтæн, нæ зонын. Афтæ æххомаг мын уыдис, æмæ офицертæй сæ иуы бæрзæйы уындæй мæ комыдæттæ уадысты. Хæрзхаст, хъыбылау ын сырх бæрзæй уыди. Фæндыдис мæ йæ фыдæй ын куы стыдтаин, ахæм уавæры уыдыстæм", - дзуры Баиндурашвили Григол (Гриша) фильмы.

Уый ныртæккæ Къаспы районы йæ бинонтимæ иумæ цæры. Ацы азы йыл 100 аз сæххæст æмæ ноджы бирæ хæттыты йæ бон у уыцы хабæрттæ йæ зæрдыл æрлæууын кæна, цыдæриддæр дыккаг дунеон хæсты заманы 20-аздзыд æвзонг лæппу бавзæрста.

Афæдз æмæ æрдæг "Лагеры" арвыста.

Зымæджы уыд тынг уæззау ситуаци, уазалæн нæ фæрæзтам:

"Зæххы уæрм къахтам æмæ-иу уым хуыссыдыстæм. 4-5 лæг кæм бацыдаид ахæм уæрм-иу скъахтам æмæ-иу уым уыдыстæм. Бирæ хатт-иу сыджыт æркалди æмæ-иу йæ быны фесты, бирæ дзы фæмарди", - мысы Баиндурашвили Григол (Гриша).

Афæдз æмæ æрдæгы фæстæ лагермæ Францæй æрцыдысты гуырдзиаг эмигранттæ. Уыдоны æрцыды фæстæ, гуырдзиаг уацайрæгты равзæрстой æмæ сæ Польшæмæ ракодтой, уым хъæдæй арæзт хæдзæрты уыдысты, хуыздæр уавæрты цардысты, нормалон хæрд сын лæвæрдтой. Цасдæр рæстæджы фæстæ, ацы лагеры хæцæнгæрзты æфтауцдон чидæр басаста. Фыдракæнд гуырдзиаг уацайрæгты аххос фæкодтой æмæ сæ Текселы сакъадахмæ акодтой. Уым 800-йы бæрц гуырдзиаг уыдис.

Гуырдзиаг батальоны раздзог уыди Лоладзе Шалва, кæцы бынæттон коммунистон змæлды лидеримæ схæлар ис. Сакъадахыл бунт сарæзтой, цыран гуырдзиæгтимæ иумæ 200 полшайаг тох кодта. 500 гермайнаг мæрдтæм барвыстой.

Бунтгæнджытæн æххуыс кодта сыгоймаг, Корнелиа Боони. Гермайнæгты змæлды тыххæй-иу сын фехъусын кодта уыдонæн. Тынг бирæ гуырдзиагæн баххуыс кодта, æмæ фервæзын кодта.

"Сæрæй куы базонгæ стæм Корнелиимæ, уæд нын загъта, æрбацæут, дам-иу мæм, кæд, дам, уын хæрд нæ фаг кæны æмæ дам, уын ратдзынæн. Тынг хорз бинонтæ йын уыдис. Йæ хистæр фырт уыдис ме "мкар, иннæтæ мæнæй кæстæрдæр. Йæ мой наудзог уыди, Батумы æмæ Поты дæр уыд. Уый уыцы рæстæджы уыд цалынмæ Советон Цæдис сырæзт. Тынг, дам, мын лæггад кодтой гуырдзиæгтæ æмæ махæн дæр æххуыс кодтой", - зæгъы Баиндурашвили Гриша.

"Иу хатт бабæрæг кæнынмæ уыдыстæм, куыйты уынæр нæм æрбайхъуысти. Аскъуыддзаг кодтам, цæмæй хосы цъынаты бамбæхстаиккам. Гермайнæгты куыдз хосы цъынамæ йæхи æппæрста. Уæд иу асин кæцæйдæр æрбахастой æмæ цъынайы сæрмæ сбырыд сæ иу. Ныв кæнынмæ куы арæхсин, уæд уын æй хорз равдыстаин йæ цæсгом: саулагъз лæппу. Не "хсæн уыд иу хъæмпы баст. Бамбæхсынæн ницыуал нысаниуæг уыд. Уый мæ федта, цалдæр минуты кæрæдзимæ кастыстæм, стæй азылдис æмæ ацыдис: - ам, дам, не сты, уырыссаг партизантæ", - зæгъы интервьюйы Баиндурашвили Гриша.

Саулагъз гермайнаг уымæн цард балæвар кодта, кæцыйы æгас цæрæнбоны агуырдта.

Бынæй фотойыл: кадр документалон фильмæй.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.