Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
"Оккупанттæ хъæды бæлæстыл Чорчана-Переуы "рдæм æрнысан кодтой" - Кацарава Давит
Оккупацийы ног нысангæндтæ Чорчана-Переуы "рдæм – антиоккупацион змæлды лидеры, Кацарава Датойы хъусинагмæ гæсгæ, оккупанттæ, уæлæмхасæй дæсгай гектары зæххы байсынмæ сæхи цæттæ кæнынц.
Уый информацимæ гæсгæ, хъæды мидæг оккупанттæн специалон къæппæджытæ дæр ис æвæрд.

"Уыдыстæм Чорчана-Переуы хъæды массивы, нæ хицауады "рдыгæй контролгонд территорийыл, кæцы ныридæгæн, зæгъæн ис æмæ, махуæтты контролы бын нал ис. Абон дзы ног нысангæндтæ дæр ссардтам, кæцы Переуы "рдæм хизы. Гæнæн ис зæгъæн, æмæ оккупантты ног уагъд фæдыл кæй бацыдыстæм. Фæндаджы иу фадыгыл ссардтам специалон къæппæг, кæцы æвæрд уыд уый тыххæй, цæмæй исчи æнæзонгæ гоймаг куы ахызтаид ацы фадыгыл, уæд æй фæнысан кæной", - зæгъы Кацарава Давит.
Информацийы бæлвырд кæны Паддзахадон æдасдзинады куыстуат дæр:

"Хашуры муниципалитеты Чорчанайы хъæумæ "ввахс хъæды массивы, Уæрæсейы оккупацион тыхтæ æнæзакъонон а.х. бордеризацийы 2019 азæй æххæст кæнынц. Хъæды массивы æвæрд ис æнæзакъонон инсталляцитæ (арæзтытæ) æмæ хицæн фадгуытыл арæзт ис æнæзакъонон нысангæндтæ. Чорчанайы хъæумæ "вахс ацы æнæзакъонон а.х бордеризаци æвдисы Женевæйы дискусситы æмæ оккупацийы фæдыл æндæр форматты сæйраг æркæсинаг фарстæйы. Провокацион архайды алы фактыл дæр æххæст цæуы реагирад нæ къухы уæвæг алкæцы беркеты скусын кæнынæй. Ацы рæстæджы-ма, процессы активонæй хайад исынц Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы минæвæрттæ, Женевæйы æмсæрдартæ æмæ нæ иннæ æхсæнадæмон партнертæ", - дзырд цæуы Паддзахадон æдасдзинады куыстуаты (ПÆК) "рдыгæй рапарахатгонд хъусинаджы.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.