Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Уырыссаг æфсæддонтæ хъæды а.х. арæн сырх ахорæнæй банысан кодтой
Оккупацигонд хъæу Лопъаны æмæ Хашур-Сачхерейы муниципалитетты ‘хсæн уæвæг хъæды уырыссаг æфсæддонтæ а.х. арæн сырх ахорæнæй банысан кодтой.

Ай фæдыл Qartli.ge-йæн антиоккупацион змæлды лидер, Кацарава Давит фехъусын кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæ, нысангæндтæ бæлæстыл сты арæзт, кæцы нысан кæны уый, цæмæй ацы периметрыл а.х. арæны ауагъды цауы дæсгай гектары хъæды массив оккупацигонд территоийыл баззайдзæн.

«Ацы нысангæндтæ мах федтам оккупацигонд Лопаны æмæ гуырдзиаг хъæуты, Корбулы æмæ Алийы ‘хсæны уæвæг хъæды массивы. Кæцы а.х. арæнæй гуырдзиаг фарсы контролгонд территорийы ‘рдæм иууыл къаддæр 300 метры арфы сты арæзт. Уый, цæмæй куыстытæ гуырдзиаг фарсы контролгонд территорийыл æххæстгонд æрцыдысты, уый гуглийы бæрæггæнæнтæ дæр бæлвырд кæнынц», - хъусын кæны Кацарава.

Паддзахадон æдасдзинады куыстуаты (ПÆК-ы) хъусын кæнынц, цæмæй нысангонд хъæды массивы цæугæ æнæзакъонон архæйдтытæ, æвдисынц, Женевæйы дискусситы æмæ оккупациимæ баст æндæр форматты сæйраг æркæсинаг фарстæйы.

Провокацион архайды алы фактыл дæр æххæст цæуы реагирад нæ къухы уæвæг алы беркеты скуыстæй.

Æмрæстæджы-ма процессы активонæй хайад исынц Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы минæвæрттæ, Женевæйы æмсæрдартæ æмæ нæ иннæ æхсæнадæмон партнертæ.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.