Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
,,Мӕ райгуырӕн бӕстӕ у"
Гиули Беруашвили: Мӕ райгуырӕн бӕстӕ у Еред, смой кодтон Ачабеты. Ӕз мадӕй ирон дӕн, хӕццӕ бинонтӕ – зоныс куыд бавзарынц ацы рыст. Тынг цӕ мысын. хӕттӕй-хӕтт, куы тӕлынг вӕййы, ацӕудзынӕн хъуыдыты. Дменисы схъомылдӕн, мӕ мад Дменисаг уыди – Дудайтӕй ӕмӕ мӕ мадырвӕдӕлтӕ – тынг цӕ мысын, ницы цӕдис мын нӕй уыдонимӕ – комуникаци. Мӕ дыууӕ хӕстаг Цхинвалы – дохтыртӕ сты, гинекологтӕ – Дудайты Нана ӕмӕ Манана, се"фсымӕр Дзӕуджыхъӕуы у неирохирург; мӕ мады хойы хъӕбултӕ – Натела… мӕ сабибонтӕ иуыл уым ӕрвыстон. Гуырдзиагау на дӕр дзырдтон – Ереды ма куы "рбакодтой, уым ысхъомылдӕн, афтӕмӕй дыууӕ фарс дӕр тынг мын риссы, тынг…

Зыдтӕм ӕй устыты "мӕ сывӕллатты куы акодтой, фӕлӕ махмӕ ахуызӕн ницы информаци, мах дӕр куы радыдтайккам – на уыди адӕмы. Стӕй ныридӕгӕн куы ныттынг, ӕхстытӕ уыдис, мӕ хӕдзары ӕввахс дӕр ныххаудис бомбӕ "мӕ рудзгуытӕ иуылдӕр цъӕл уыдысты, куы рахызтыстӕм. Уым ӕрлӕууын ныридӕгӕн зын уыди. Иухӕтт та райхъӕлдӕн ӕмӕ афтид кӕнын кодта ӕппат ком. Хъӕлас ӕрцыди хъӕуы: "Тамарес-дӕм иуылдӕр афтид у ӕмӕ-дӕм Ручъы туннел ӕфсадӕйдзаг." Стӕй куы ссыдыстӕм трассӕйыл, цӕлдӕр ус уыдыстӕм, иу стыр машинӕ уыди,ууыл сбадтыстӕм ӕмӕ фыдабонгӕнгӕ ссыдыстӕм уыцы цъуппыл, кӕцӕйдӕр ӕрбахызтыстӕм-иу ӕмӕ абон дӕр дзы нӕ зонын, хъӕбул, хеитаг лӕппу уыди… ног операци арӕзт уыдтӕн, ӕртӕ операци мын уыди арӕзт ӕмӕ ног фӕстинон уыдтӕн. Абон дӕр дзы нӕ зонын, афтӕ интерес кӕнын - чи уыди уыцы хуыцауыконд? Йӕ фӕндагыл ӕрлӕууыдтӕн "лӕгъстӕ дын кӕнын-зӕгъын Гуры онг ма мын акӕн" ухуызӕн рыг уыди, хъӕбул, ӕппындӕр дзы ницы зынди, машинӕ куы бавзӕрстайс – размӕ цыди, ӕви фӕстӕмӕ "мӕ уый баурадта стӕй – бинонтӕ, зӕронд мад йемӕ уыдысты "мӕ-дӕм "мӕ мады хӕй, Тирдзнисы онг-дӕм дын акӕндзынӕн" - йӕ цӕрӕнбон бирӕ! Тирдзнисы онг куы ссыдтӕн – дунейы адӕм сӕмбӕлди, Ередӕй куы рахызтӕн – кӕм уыди ноджы мӕ Еред?
Ам сабидоны кусын, ам у сабидон, мӕ гыццылтимӕ "мӕ афтӕ дӕн…

Нина Миндиашвили: Ингӕнтӕ мысӕм, мӕ хъӕбулы ингӕн мысын. Афганистаны мын амардис ӕмӕ ум(Чемертъы) у ныгӕд. Уый онг нал цӕуӕм ӕмӕ чи зоны цы хабарттӕ ис ум. Мах нӕ дӕр ӕй зыдтӕм афтӕ куы рацыдтайккӕм урдыгӕй – ӕнусмӕ, уый тыххӕй ӕмӕ бирӕ хӕтт рацыдыстӕм урдыгӕй, фӕлӕ "ртӕ-цыппар бон уыдыстӕм ӕмӕ фӕстӕм цыдыстӕм стӕй, еныр та… ӕртӕ-цыппар мӕй нӕ, фӕлӕ 12 аз цӕуы. Рахызтыстӕм ӕхсӕвы Ереды, ныридӕгӕн ницы зындис Ереды куы рахызтыстӕм. Тракторӕй рацыдыстӕм – лафетыл сбадтыстӕм ӕмӕ афтӕ рацыдыстӕм. Нырмӕ Тбилисы уыдыстӕм, стӕй… Тбилисы уыдыстӕм - "Куырм скъолайы" бацыдыстӕм уыцы агъуысты ӕмӕ "рцӕрдыстӕм уым. Стӕй нын акодтой госпиталы. Исаны госпиталы ӕмӕ уыдыстӕм кӕронмӕ уым. Цӕлынмӕ рацыдтайккӕм. Ацӕудзӕн адӕймаг йӕ хӕдзары? Ӕрыздахынц? – нӕ, ныфс нын нӕй.

Амиран Магьалдадзе: Ухуызӕн периоды рацыдтӕн ӕз – ӕбисӕхсӕвы 4 сахат уыдис. Мӕ сыхаг мемӕ "рцыд ӕмӕ мын зӕгъта: "Амыран, дӕ рынтӕ-дам бахӕрон, фос дӕр мын ис, алыцыдӕр хабар-дам, фӕлӕ "взар ӕхстытӕ у ӕмӕ… рацу-бацу кӕнынц уырыссаг машинӕтӕ ӕмӕ уӕлейӕ-дам ӕхсынц ӕмӕ ам химарындзинады бӕсты, нӕ бон у нӕхи аирвӕзӕм-зӕгъгӕ. Куы нӕ-дам рацӕуӕй, мӕ зӕрдӕ-дам фӕрысдзӕн. Райсом-дам ӕнӕмӕнгӕй ӕрцӕудзысты адӕм[ирӕттӕ] ам, зонынц ӕй ныридӕгӕн адӕм куы фӕкъаддӕр стӕм, ӕмӕ афтӕ-дам нын быныскъуыд кӕндзысты, фос дӕр сӕскъӕрдзысты, махӕн-дам фӕрсгӕ дӕр нӕ кӕндзысты, ахуызӕн ситуаци уыди. Рацыдыстӕм, дӕ фӕхъхъӕу фӕдӕн, 3:50 сахатыл. Мӕ фыдыфсымӕры хъӕбул нӕм ӕрыздӕхт – фӕндагӕй ӕмӕ уым амардис, мӕгуыр. Райсомы сахатты. Ирӕттӕ ӕрцыдысты ӕмӕ адон фӕхӕцыдысты – уыдон хотыхджынтӕ уыдысты ӕмӕ махӕн хотых нӕ уыдис.  Ӕз куы рцыдтӕн ардӕм ӕрбахъуыди кодтон. Уым дӕр еныр – хъӕуы, мӕ сыхагтӕ дӕр уыдысты мӕ "иу мын сби, Амыран, иу мын сби, сби… ӕввахсӕй ӕввахсмӕ алкӕмӕндӕр лӕвар кодтон ӕмӕ ам дӕр мын ӕрбацыдысты. Ацы уынг, цӕрынц ам, иугӕй алкӕмӕн, кӕмӕн дыууӕ, ӕртӕ дӕр… раттон. Афтӕмӕимӕ ницы хъуаг нӕ дӕн. Ӕцӕг у – карӕн мын ис, 81 аздзыд дӕн, омӕ, фӕлварын цыдӕртӕ, ирхӕфсын… къалати уыдзӕнис, ӕви цы фӕнды дӕр уад, мӕнӕ адон дӕр… алыхуызонӕй дӕр фӕлварын, мӕ хӕдзары, мӕ къухӕй арӕзт – алыцыдӕр мын хъуамӕ уа.

Ана Сабашвили: Цин кӕнын алы зайӕгой нын тыллӕг куы раттдзӕн ӕмӕ куы ирхӕфсы. Мӕнӕ ам исты дзаума мын куы хъӕуы, куы зӕгъдзынӕн "ацы дзаума мын ис" стӕй ӕрхъуыди кӕндзынӕн – ам нӕйы, фӕлӕ уым мын уыди. Ӕз куы зӕгъон, абон дӕр мӕ зӕрдӕ нӕ цӕуы ам, куы цӕрон. Ухуызӕн ӕнкарӕнтӕ мын ис – алы минуты нын зӕгъдзысты "ацӕут-дам уӕ бынатты ӕмӕ уым цӕрут!" цы хъуамӕ бавзӕрӕй уыйас ӕвзӕр, зӕгъӕм куыд уӕ хӕдзарӕй цыды рӕстӕджы куы ӕнкъарут, куы зоныс уым куы нал ацӕудзынӕ. Тынг бирӕ цӕрӕгой, хуытӕ, фос, карк, тӕрхъустӕ нын уыди бирӕ "мӕ иуыл ууыл додой кодтон "тӕхуды-зӕгъын цӕлынмӕ фӕразынц ӕххормагӕй, зӕгъын куы нӕ амалой.

Уӕвгӕй нӕ цард рӕсугъд кӕнӕм, цыдӕртӕ арӕзӕм, фӕлӕ нӕ йӕ "рцахуыр дӕн, нӕмӕ хъӕуы! Цхинвалы ӕмӕ Дзауы астӕуы цӕрдыстӕм, ӕмӕ ухуызӕн дзӕбах уӕлдӕф уыдис, дзӕба ахӕстытӕ нын уыдис ирӕттимӕ – хӕлардзинад, фылдӕрӕн хӕццӕ бинонтӕ уыдис, хӕстагдзинад, ӕмдзуар-мирондзинад, цы нӕ уыдис кӕрӕдзимӕ "мӕ ӕвӕццӕгӕн. - ӕртыггаг адӕмы хи фӕтъыссыны тыххӕй ӕрцыди ахуызӕн хабар, ӕндӕра ирӕттимӕ не "рцыдаид, нӕдӕр абхазтимӕ ацы конфликт. Дзурынц "нӕ дӕр-дам бындур ныууӕгътой, адӕм-дам сӕ бынаттӕ куы ма уал базоной." - фӕлӕ мах ухуызӕн раны цӕрдыстӕм – хох дӕр ахӕсдзысты цым"нӕдӕр-дӕм бындур ныууӕгътой, адӕм-дӕм сӕ бынаттӕ куы нӕ уал базоной." - фӕлӕ мах ухуызӕн раны цӕрдыстӕм – хох дӕр дзы ахӕсдзысты? Фын дӕр нӕ федтон ам, иуыл уый фынтӕ уынын, иуыл уым рацу-бацу кӕнын, иуыл хӕдзарыы алыварс, фӕлӕ хӕдзары нал у бацӕуын мӕ бон…

 


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.