Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Шида Картлийы масштабæй коронавирусæй 295 ковидинфициргонд ис
Шида Картлийы масштабæй коронавирусæй инфициргонд ис 295 адæймаг. Уыдонæй, хæдзары 155 гоймаг хос кæны.

Ай фæдыл нын Шида Картлийы координацион штабæй фехъусын кодтой. Хæдизоляцийы уæвæг гоймæгтæм цы хауы, уымæй регионы масштабæй ныртæккæ сæ нымæц 1130 у.

«Шида Картлийы фæстаг 24 сахаты дæргъы рабæрæг ковидинфицирты 23 ног цауы. Инфицирты иу хайы равзæрæн зындгонд у, иннæ хайыл уагъд цæуы эпидиртасæн. Рисккъордты æрвитынц клиникамæ, рог пациенттæ (155 гоймаг) та хос кæнынц хæдзары, æмбæлон протоколы хъахъхъæдæй», - нысангонд цæуы Шида Картлийы координацион штабы хъусинаджы.

Гуырдзыстоны, фæстаг 24 сахаты мидæг, коронавирусы 1351 ног цау сфиксир ис. Уыдонæй Тбилисы сфиксир ис 445 цау, Ачъарайы – 369, Имереты – 295, Квемо Картлийы – 76, Самегрело – Земо Сванеты – 66, Мцхета – Мтианеты – 23, Шида Картлийы – 23, Къахеты – 20, Самцхе-Джауахеты – 18, Гуриайы – 15, Рачъа Лечхумы æмæ Квемо Сванеты – 1.

Карантины режимы уæвынц 6 582 æмбæстаг, стационары хъусдарды бын ис 2 895 адæймаг, ковидуазæгдоны уæвæг гоймæгты нымæц та 1 420-ы онг у. Фæсарæнтæй хоскæнынмæ æркодтой Гуырдзыстоны 41 æмбæстоны.

Аимæ, Гуырдзыстоны фæстаг 24 сахаты мидæг коронавирусæй 14 пациенты фæзиан, 337 пациент та сдзæбæх. Æдæппæт Гуырдзыстоны коронавирусы 21208 цау ис сбæлвырдгонд.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.