Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Гуырдзиаг-ирон æмахастыты зонадон-иртасæг центр "Толерантондзинады сæрхъуызой -2020"-ы кады номы хицау сси
2020 азы 16-æм ноябры Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг традиционæй фæнысан кодта Толерантондзинады æхсæнадæмон боны.

Ацы боны фæдыл адæмон хъахъхъæнæгимæ уæвæг национ чысылдæр хæйтты æмæ религиты советтæ æрвылаз дæр æвзарынц Толерантондзинады сæрхъуызойты: гоймаджы, организацийы, дзыллон-информацийы æмæ хициуадон гæсады – кæцытæ цæугæ азы дæргъы æххуыс кодтой этникон æмæ религион чысылдæр хæйтты барты хъахъхъæнын æмæ Толерантондзинады культурæйы æрфидар кæнынæн.

Традиционæй советтæ ацы аз дæр схорзæхджын кодтой 2020 азы "Толерантондзинады сæрхъуызойты".

Номинацийы организаци национ чысылдæр хæйтты совет рабæрæг кодта дыууæ уæлахиздзау: уыдонæй иу, Иване Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон æмахастыты зонадон-иртасæг центр у.

Центр йæ сарæзты бонæй уадзы гуырдзиаг-ирон культурон-ахуырадон-зонадон æмæ ахуыргæнæн конференцитæ; центр йæ куыстæй бæрæг хайбавæрд хæссы гуырдзиаг-ирон æмахастыты сæндидзынæн. Къухарæзты æмæ сабырадон æмахастыты хъуыддаджы, уымæн ацы цæстæнгасæй аналог нæй.

Толерантондзинады æмæ нацитыхсæны æмахастытæм бахæсгæ хайбавæрды тыххæй "Толерантондзинады сæрхъуызой"-ы титул-ма, афтæ лæвæрд æрцыд адæмон хъахъхъæнæгимæ уæвæг национ чысылдæр хæйтты советы аккаг уæнгтæн: Беппиты Наирайæн æмæ Филина Мариайæн.

Беппиты Наира – филологийы доктор, профессор, Иване Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон æмахастыты зонадон-иртасæг центры разамонæг. Æхсæнадон телеуынынады националон "Моамбе"-йы редактор. Паддзахадон æвзаджы департаменты консультацион советы уæнг.

Беппиты Наира у бирæ гуырдзиаг-ирон ахуыргæнæн чингуыты автор. Уый дзæвгар азты дæргъы æххуыс кæны гуырдзиæгты æмæ ирæтты "хсæн культурон-ахуырадон æмæ сабырадон æмахастыты сног кæнын.
Филина Мариа – Иване Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты профессор.

Филина Мариа бирæ азты дæргъы ахуыр кæны гуырдзиаг-польшæйаг æмæ гуырдзиаг-уырыссаг литературон контактты æмæ польшæйæгты бындарады Гуырдзыстоны æмæ æппæт Кавказы мидæг. 1995 азы Филина Мариа сарæзта Гуырдзыстоны польшæйæгты культурон-ахуырадон цæдис "Полони", кæцыйы сæрдар у уый.

Ноджы æххæстдæрæй кæсут:

 

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.