Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Ныхъхъусгонд музейтæ
Стыр хохы фахсыл лæууы Джамбакъур-Орбелианты галуан, æмæ, кæд лæмбынæгæй æркæсдзыстут историмæ, уæд уын зæгъдзысты, цæмæй уый йæ рæстæджы Ксаны Эристауты паддзахы фырты галуан кæй уыдис.

Къуылдымы бынмæ æрыгæттæ æрымбырд сты, уалдзæджы фыццаг мæйы, мартъийы хурмæ фынг хъуамæ æрывæрой, бетонæй асинтыл. Цæмæй кадры ма разындаиккой, уый тыххæй мах фæстæ æрлæууыдысты. «Мæнæ, ам хохыл куы схизат, уæд уырдыгæй тынг хорз зыны галуан», - загъта нын сæ иу. Фæлæ, фæндаг тынг цъыфджын уыди æмæ фысымы ныхас нæ сæххæст кодтам.

Æввахс уырдæм ницы зыны нæдæр гом æмæ нæдæр æхгæд кафе, кæнæ æнгæс уагдон, цæмæй бынæттон кæнæ æрцæуæггаг йæ фæллад суадза, кæцы иуæй-иу æндæр музейтæн ахастæвдисæг у. Афтæмæй дзы дзæвгар тыгъдад ис уый тыххæй, цæмæй æрцæуæг визитор кæнæ турист æрлæуа, æмæ Ксаны цъалатæм афæлгæса... «Цæстæн дон баназын кæна». Игоеты автобанæй æдæппæт 7 км-ы уыдзæн, фæндаг асфальтгонд у.

Визитортæ куыд кæнынц, мах дæр афтæ бакодтам. Систам кадртæ, аныхæстæ кодтам музейы æмкусджытимæ, æмæ нæ уым «æндæр хъуыддаг» кæй нал уыди, уымæ гæсгæ, ныууагътам Ламисхъана æмæ рацыдыстæм. Бынаты, цыран гæнæн ис æппæты хуыздæр улæфæн тыгъдад арæзт уа, уым бандон æвæрд дæр нæй.

Пандемийы тыххæй, 2020 азы мартъийы мæйæ, 2021 азы 1-аг мартъимæ, музеймæ визиторты уазæгуаты цыд урæд уыди. Уый тыххæй, цæмæй йæ алыварс исты туристон инфраструктурæ кæй нæу размæцыд, цæрджыты ‘рдыгæй стыр экономикон зианы фæдыл фарст раттын уæлдай разынд.
Ацы галуан та, иттæгхорз ахуыргонд æмæ, фактивонæй, иуæй-иу фыццаг феминист гуырдзиаг сылгоймаг, Мариам Джамбакъур-Орбелианы æфсин Эристау Нино лæварæн ныууагъта. Байзæттаг, абоны уæвæг ном галуанæн, раст, Мариам Джамбакъур-Орбелианы кадæн, бахъахъхъæдта.

Музейы æртæ æмкусæджы баййæфтам. Уыдон, сæйрагæйдæр, историон темæтыл кусынц, цæттæ кæнынц æрмæджытæ конференцитæн, æмбырд кæнынц этнографион фыстытæ æмæ æвæрæндæтты уникалон æрмæджытæ æфснайынц.

«Куыддæр пандемийы тыххæй арæнæвæрдтæ систой, афтæ фыццаг сымах стут, интервью кæмæн дæттæм», - зæгъы музейы директор, Цуцунашвили Софио. Æмæ нын мидбылхудгæйæ загъта, гæнæн ис æрбайрох мæ уой ныхæстæ интервьюйы рæстæджы, æмæ уæд уый гæнæн ис æвзæр разына. Уыцы рæстæджы, æнæхъæн иу азы дæргъы, музеймæ æцæгæлон адæймаг не ‘рбацыди, бæлвырдæй нын загътой, цæмæй ацы факт экскурси-уадзджытæн (экскурсавод) проблемæ кæй æвдисы:



«Махмæ куыста экскурсиуадзæг (экскурсавод). Уый ныр акодтой Къаспмæ, музейты баиугонды разамонæджы хæдивæгæй. Уый тыххæй ныр махмæ хауы уыцы фæлтæрдты райрæзын кæнын, кæцы хаудта экскурсиуадзæгмæ (экскурсавод). Дзурыны манерæ, тексты мидис æмæ а.д. Адон ахæм фæлтæрдтæ сты, кæцы ардæм æрбацæуæг туристы хъæуы, цæмæй уый алцы дæр æмбара æмæ ма хъыг кæна», - зæгъы нын музейы директор.

Цалынмæ æмкусджыты кусæн уатмæ бахизат, уæдмæ уæ бахъæудзæн æмбонды мидæгæй, стыр кæртыл ахизын. Ацы кæрты афæдзы мидæг иу-дыууæ хатты æндæр æмæ æндæр мадзæлтты ауадзынæн пайда кæнынц. Сцæттæ кæнынц сценæ, æрывæрынц бандæттæ, ауадзынц концерттæ... Уый фæстæ та, цард йæхи режимы дарддæр кæны.

«Алы дзаумайæн, алы нывæн дæр, йæхи истори ис. Ай хъæуы адæттын. Тынг æвзæр у, иу афæдзы дæргъы уый тыххæй куы никæимæ ныхас кæныс. Раст у, визиторты райсын урæд уыди, фæлæ чидæриддæр кусæм музейы, кæрæдзийæн иу фæдзурæм нæ зонынады. Рæстæгæй-рæстæгмæ фæзыны ног æрмæджытæ, кæцытæн сæхи истори ис. Раст ацы уавæрты ног проекты æххæст кæнын райдыдтам. «Юсайды рæзт райрæзыны» проекты онлайн-фембæлдтытæ ауагътам. Ногæй райдыдтам нæ музейы тыххæй зонынады алæвæрд», - зæгъы директор.

Уый ма нын ноджы загъта, цæмæй галуаны барвæндонтæ æмæ скъолæйы ахуырдзаутæ дæр кусынц, уыдон аудынц музейыл, аразынц æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ, æниу пандемийы тыххæй, барвæндонтæ къаддæр цæуынц галуанмæ.



Къаспы бæстæзонæн музей

Къасп зындгонд горæт у æмæ сæрыстыр у Сакъадзе Гиоргийæ. Горæты сæйраг уынг Сакъадзейы ном хæссы, централон фæзуатыл Сакъадзейы цырт лæууы. Цырты алыварс хæрз зылд чысыл бæласдон ис, йæхи улæфæн бандæттимæ.
Фæлæ, горæты бюджетмæ ай ницы æфтиаг хæссы. Алкæмæй фылдæр æфтиаг, бынæттон бюджетмæ, цементы æмæ агуыридуры заводæй цæуы.


Сæйраг ресторантæй дæр сæ иу арæзт у агуыридуртæй, æмæ йæ уый тыххæй схуыдтой «Агуыридуртæ».

Фæлæ, Къаспы бæстæзонæн музеймæ визиты рæстæджы, бынтон æндæр реалондзинады бахаудыстæм. Ам ис уникалон археологон æрмæджытæ уый тыххæй, цавæр историон ивгъуыд ис муниципалитетæн æмæ, иумæйагæйдæр, бæстæйæн. Райдайгæ Ховлигорийæ æмæ абоны ныры Граклины Гуры æрмæджыты фæудæй. Музейы алы периоды æрмæджытæ дæр ис æфснайд. Ныридæгæн скодтой этнографион къуым, кæцы ногдзинад у бæстæзонæн музейæн.



Экскурсиуадзæг (экскурсавод) Хоргуашвили Хатуна, уæлдæр ахуыргæнæндоны фæуды фæстæ, музейы байдыдта кусын. Ацы музейы райрæзты стыр хайбавæрд ис йæ дадайæн, Хоргуашвили Гиоргийæн, кæцыйы хъуыддаг абон уымæн йæ хъæбулы хъæбул адарддæр кодта.
«Фактивонæй, æз дæр фæхъæстæ дæн ацы низæй. Историон æрмæджыты уарзондзинадæй», - зæгъы нын Хатуна, кæцы ныр 6 азы дæргъы музеймæ æрбацæуæг уазæджы зонгæ кæны уым æфснайд экспонатты нысаниуæгимæ:

«Фæлæ ацы иу азы мидæг, фактивонæй, никæимæ ныхас кодтон ацы темæйыл. Алцыппæтдæр ахызти онлайн-режимыл. Æмæ уый тыххæй, цыдæр æнахуыр ситуаци сырæзт. Ахызтыстæм æндæр реалондзинадмæ. Цыдæриддæр тынг уарзæм, уый хъуамæ адæймæгтæн бамбарын кæнæм æмæ йæ адих кæнæм æндæрæн, виртуалон тыгъдады. Мæнмæ гæсгæ, иу хорз факт уæддæр æрцыди. Активон режимы райдыдтам виртуалон тыгъдады кусын. Сактивон кодтам веб-фарс, социалон хызæджы райдыдтам онлайн-турты аразын. Социалон хызæджы райдыдтам музейы хабæртты æвдисын дæр. Ацы алыппæт фæзынди интернетæй визиторты нымæцыл дæр. «Юсайды рæзт райрæзыны» проекты фæлгæтты ног реалондзинадмæ ахызтыстæм. Хæрз тагъд райдайдзыстæм электронон верситы цæттæ кæнын. Бацымыдисгæнæг гоймæгтæн гæнæндзинад уыдзæнис ацы алыппæтимæ онлайн-режимы базонгæ уа», - зæгъы Хоргуашвили Хатуна.

Æниу, мын хъыг у, уый, цæмæй адæймæгтимæ комкоммæ коммуникаци къаддæр кæй у: «Тынг æнахуыр ситуаци у, адæймагимæ куы ныхас кæныс онлайн-режимы æмæ йын афтæ куы æмбарын кæныс иу кæнæ иннæ дзаумайы нысаниуæг. Кæд уый йæхи цæстæй нæ фендзæнис уыцы дзаумайы, уæд ын йæ нысаниуæг бамбарын дæр зын уыдзæнис», - зæгъы Хатуна.



Къаспы бæстæзонæн музей ис горæты централон уынгыл. Сæйраг бахизæн æм ис централон уынджы ‘рдыгæй, цыран бирæ машинæтæ змæлы æмæ уым æввахс ис базар дæр. Æмæ уый тыххæй, уырдæм бацæуын зын вæййы, æмæ ууылты цæуæг адæймагæн, музеймæ бацæуыны бæллиц дæр къаддæр у, уымæн æмæ нæ бамбардзæн, цы стыр нысаниуæджы дзауматæ æфснайд ис мидæгæй.

Уыйхыгъд, бæстыхайы фæсте ис стыр кæрт, цыран ис бæлæстæ, фонтан æмæ зæрондгомау бандæттæ. Афтæ-ма, бафиппайдзыстут, æмæ бæстыхайы мидæггаг фарсы серьезон реставраци кæй хъæуы.

«Ацы фарс æвзæр нæ разындзæн?» - загъта нын æмкусджытæй сæ иу, кæртмæ интервью исынмæ куы рахызтыстæм, уæд. «Ницы кæны, разынæд, музей æркæсинаг кæй у, уый», - дзуапп раттам мах музейы æмкусджытæн. Нæ видеойы æцæгдæр хорз зыны, цæмæй Къаспы бæстæзонæн музеймæ фылдæр хъусдард кæй хъæуы.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.