Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæу Квемо (дæллаг) Цъалайы коронавирус æнæнхъæлæджы апырх ис. Дæсгай адæймæгтæ рынчындонмæ бахауди. Къаспы сын бынæттæ не сфаг, æмæ пациентты Мцхетæйы æмæ Гуры рынчындонмæ дæр арвыстой. 2021 азы 25 мартъийæ абоны онг æрмæст ацы иу хъæуы 100-йæ фылдæр адæймаг инфициргонд ис. Дыууæ пациент дзы фæзиан – 65 азæй хызт ус æмæ лæг.
Хъæуы вирусы ахæлиуы амæттаг баци Гахеладзе Тинайы мой. Тина нын радзырдта, цæмæй уымæн йæ мойæн уыдис инсульт æмæ йæм 8 азы дæргъы зылдис.
«Инсульты фæстæ рæстмæ дзургæ дæр нал кодта, æрмæст ын æз æмбæрстон йæ ныхас. Куы иу мæм фæдзырдта тилифоны, æмæ-иу мын куы загъта: - Чызгай! Уæд мæнæн уайтагъд æмбæрстгонд уыдис, цы йæ хъуыди уый: кæнæ телевизоры пульт агуырдта, кæнæ йæ хæринаг хъуыдис, кæнæ-иу æй тамако хъуыдис. Кæд-иу æз хæдзары нæ уыдтæн, уæд-иу загътон ме ‘фсымæрæн, æвæццæгæн, телевизоры пульты агуры æмæ-ма йын æй ссар, зæгъын. Фæстаг рæстæджы онг политикæйы цæугæ хабæрттæм лæмбынæгæй йæ хъус дардта. Алы информацимæ дæр кастис. Иуылдæр сæ æнæкæсгæйæ зыдта, чи цы загъта, кæй цæмæй аххосджын кодтой. Куы фæрынчын, уæд æй нырма Къаспы рынчындомæ акодтой, уым æй нæ райстой, нæ бон, дам, нæу йæ райсын, уымæн æмæ йын æндæр низтæ дæр уыд. Уырдыгæй йæ Гурмæ акодтам æмæ Гуры рынчындоны 17 боны фæцис», - радзырдта нын Гахеладзе Тина
Уымæн йæ мой 2021 азы 12-æм апрелы фæзиан. Рынчындонæй йын йæ мард хæдзармæ æхгæд мардычырыны æрбаластой:
«Æппæтæй тынгдæр мæ зæрдæ ууыл риссы, æмæ бирæ удхар фæкодта. Бæргæ мын, дохтыртæ загътой, ома, дам, ын алы уавæртæ дæр уыдис рынчындоны, фæлæ йæ æз хуыздæр зонын, цы йæ хъуыдис æмæ йæ цынæ хъуыдис. Цыдтæн æм рынчындонмæ, хастон ын алцыппæт дæр, цыдæриддæр уарзта. Дардæй-иу бакастæн палатамæ æмæ иу йæ кæуын нал баурæдта. Йæ рæуджытæ уыйас хъыгдард нæ уыдысты, цас æвæццæгæн йæхинымæр тыхстис», - зæгъы Гахеладзе Тина.
Коронавирусæй Гахеладзе Тина йæхæдæг дæр уыдис рынчын æмæ йе фсымæртæ дæр. Нæ зоны, куыд æмæ йыл цы гъдауæй бахæцыд вирус, фæлæ йæм диссаг нæ кæсы, уымæн æмæ, хъæуы афтæ цырд апырх вирус, æмæ йыл ахъуыды кæныны рæстæг дæр нæ уыдис.
«Куыддæр фыццаг цау фæзындис хъæуы, афтæ хъуамæ уайтагъд хъæу æхгæд æрцыдаид æмæ фæдис расидтаиккой. Фæлæ барæджы кодтой. Нырма уал иу адæймаг фæрынчын, стæй – дыккаг. Стæй уый æртыккаг бинонтæм бахаста низ. Уымæй педагогыл бахæцыд. Педагогæй бахæцыд йæ ахуырдзауыл. Ахуырдзауæй йæ бинонтыл æмæ афтæ. Уый фæстæ куы рабæрæг алцыдæр, уæд тæвд райдыдтой барын, хъæу дæр сæхгæдтой, фæлæ вирусæй дзæвгар адæймаг уыдис рынчын», - зæгъы Тина æмæ æдзух ууыл хъуыды кæны, рæстæг фæстæмæ куы раздæхид, уæд куыд баххуыс кодтаид йæ мойæн.
Квемо (дæллаг) Цъалайы хъæуы ма ноджы иу пациент, 65 азæй хызт сылгоймаг фæзиан, хъæуы куыд зонынц, афтæмæй, йæ мæлæты аххосаг уыдис рæуджыты карз пневмони.
«Рынчындонмæ йæ куы бакодтой, уæд йæ рæуджыты судзаг карз уыди. Нырма Къаспы рынчындоны хуыссыдис. Стæй йæ уавæр куы фæфыддæр, уæд æй уый фæстæ Гуры госпиталмæ ракодтой. Фактивонæй, куыд зæгъынц, афтæмæй, дам, йæ рæуджытæ бынтондæр сыгъд уыдысты», - загътой нын хъæуы цæрджытæ.
Квемо (дæллаг) Цъалайы коронавирус æппæты фыццаг фæзынд уырнонты ‘хсæн. Куыд рабæрæг афтæмæй, Самтависы аргъуаны уырнонтæ кувынмæ Теладгормæ ацыдысты.
«Самтавис нæ сыхаг хъæу у. Нæ Епархийы архиепископ æмæ аргъуаны уырнонтæ кувынмæ ацыдысты, 200 адæймагмæ ‘ввахс – мæнæн куыд загътой, афтæмæй. Уырнонты ‘хсæн сты куыд Квемо (дæллаг) цъалайæгтæ, афтæ, самтависæгтæ, игоеттæгтæ æмæ къаспæгтæ дæр», - зæгъы нын Гахеладзе Тина.
Уымæн уырнонты уæнгтæ куыд загътой, уымæ гæсгæ, кувынмæ ацæугæ уырнонтæн стæй фынг дæр æрывæрдтой. Ахæм æнгом контакты фæрцы та вирус уырнонты уæнгты ‘хсæн уайтагъд апырх ис.
«Ныртæккæ уый ничи зоны, уыцы рæстæджы вирус кæмæн уыдис, ардыгæттæн æви æндæр хъæуы цæрджытæн. Фæлæ, факт уый у, æмæ архиепископæн дæр сбæлвырд ис, молазантæн дæр, æмæ аргъуаны зарæггæнджытæн дæр. Куыд уын зæгъон, тынг æвзæр ситуаци уыди. Ныр цъус æрсабыр ситуаци æмæ вирусы ахæлиу дæр фæкъаддæр ис, фæлæ абон дæр акодтой ноджы дыууæ адæймаг», - зæгъы нын Тина.
Цал адæймаг фæрынчын æдæппæт вирусæй, уый Къаспы мэрийы бæрнон кусæг Месропашвили Степан нæ зоны, кæцы хæдизоляцийы ис йæхæдæг дæр. Куы йæм адзырдтам тилифоны, уæд нын дисгæнгæ ахæм дзуапп ратта, мæн, дам, цæмæн фæрсут.
Инфициргондты бæрæг нымæц нæ зоны нæдæр хъæуы депутат.
«Æвæццæгæн, 40-ы онг инфициргонд уыдзæн ныртæккæ. Сæ иу хай хæдзары хос кæны, иннæтæ та - рынчындоны», - загъта нын Мухиашвили Давит.
Квемо (дæллаг) Цъалайы нын куыд загътой, афтæмæй, архиепископ Теладгоры кувынмæ уыдис æмæ фынг дæр равæрдтой. Теладгори Къаспы муниципалитеты, Цъинарехы темы ис. Цъинарехы минæварæн, Абуладзе Естатейæн бæрæг нæу, уыдис æви нæ Теладгоры аргъуаны Самтависы архиепископ:
«Мæнæн ацы информацийы сбæлвырд кæнын мæ бон нæу, уый тыххæй æмæ, нæ хъæуты цæрджытæ хауынц Кватахеуы аргъуаны архиепископмæ. Уымæ гæсгæйæ, уыдон нæ цæуынц Самтависы архиепископимæ иумæ. Мæнæн бæрæг нæу, кæм уыдысты Самтависы архиепископы минæвæрттæ. Нæ архиепископ уыдонимæ иумæ куы уыдаид, уæд ам махмæ дæр уыдаиккой инфицигондтæ», - зæгъы Абуладзе Естате.
Цы хабар æрцыди Теладгоры мартъийы мæйы? Епархимæ фыстæг ныффыстам уый сбæлвырд кæнынæн, нысан кодтой æви нæ «Тевдороба»? Фæлæ, дзуапп нæ райстам.
«Тевдороба», раст, Теладгоры нысан кæнынц. Бæрæгбон змæлгæ у æмæ алы стыр мархойы (комдарæны) фыццаг сабаты уагъд цæуы. Ацы азы стыр мархо 15-æм мартъийы райдыдта, уымæ гæсгæйæ, «Тевдороба» - 20-æм мартъийы уагъд æрцыд.
Медикты ныхасмæ гæсгæ, Ковиды симптомтæ инфицирадæй фыццаг фондз боны мидæг рабæрæг вæййы, Самтависы аргъуаны фыццаг сбæлвырдгонд цау та, «Тевдоробайæ» фæндзæм боны – 25-æм мартъийы рабæрæг ис.
Епархи ай фæдыл хъусинаг 30-æм мартъийы рапарахат кодта:
«25-æм мартъийы сбæлвырд ис Ковид-вирус моладзандоны цæрæг фыццаг адæймагæн. Епархийы ис æрмæст 17 динон гоймаджы. Кæцытæй æрмæст дыууæ ис инфициргонд. Фæлæ, Самтависы молазанты моладзандоны цæры цыппар молазаны æмæ уыдонæй дæр дыууæ ис ковидæй рынчын», - нысангонд цæуы епархийы хъусинаджы.
Епархийы минæвæрттæн бæрæг нæу фыццаг-равзæрæн: «Бæрæгæй нæй зæгъæн, кæмæй, кæнæ, кæцы равзæрæнæй апырх ис вирус, фæлæ зæгъæн ис уый, æмæ вирусы ахæлиу кæныны аргъуаны фæахосджын кæнын нæй гæнæн, уæлдайдæр Æнæниздзинад хъахъхъæды центры минæвар бæрæгæй нæ зæгъы, цæмæй вирус архиепископæй апырх ис», - ахæм дзуапп дæтты Епархи эпидапырхы тыххæй Самтависы æмæ Квемо (дæллаг) Цъалайы.
Ковидапырх Къаспы хъæуты – аххосæгтæ æмæ фæстиуджытæ
Фотойыл: Квемо (дæллаг) Цъалайы
центр
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæу Квемо (дæллаг) Цъалайы коронавирус æнæнхъæлæджы апырх ис. Дæсгай адæймæгтæ рынчындонмæ бахауди. Къаспы сын бынæттæ не сфаг, æмæ пациентты Мцхетæйы æмæ Гуры рынчындонмæ дæр арвыстой. 2021 азы 25 мартъийæ абоны онг æрмæст ацы иу хъæуы 100-йæ фылдæр адæймаг инфициргонд ис. Дыууæ пациент дзы фæзиан – 65 азæй хызт ус æмæ лæг.
Фыццаг амæттаг
Хъæуы вирусы ахæлиуы амæттаг баци Гахеладзе Тинайы мой. Тина нын радзырдта, цæмæй уымæн йæ мойæн уыдис инсульт æмæ йæм 8 азы дæргъы зылдис.
«Инсульты фæстæ рæстмæ дзургæ дæр нал кодта, æрмæст ын æз æмбæрстон йæ ныхас. Куы иу мæм фæдзырдта тилифоны, æмæ-иу мын куы загъта: - Чызгай! Уæд мæнæн уайтагъд æмбæрстгонд уыдис, цы йæ хъуыди уый: кæнæ телевизоры пульт агуырдта, кæнæ йæ хæринаг хъуыдис, кæнæ-иу æй тамако хъуыдис. Кæд-иу æз хæдзары нæ уыдтæн, уæд-иу загътон ме ‘фсымæрæн, æвæццæгæн, телевизоры пульты агуры æмæ-ма йын æй ссар, зæгъын. Фæстаг рæстæджы онг политикæйы цæугæ хабæрттæм лæмбынæгæй йæ хъус дардта. Алы информацимæ дæр кастис. Иуылдæр сæ æнæкæсгæйæ зыдта, чи цы загъта, кæй цæмæй аххосджын кодтой. Куы фæрынчын, уæд æй нырма Къаспы рынчындомæ акодтой, уым æй нæ райстой, нæ бон, дам, нæу йæ райсын, уымæн æмæ йын æндæр низтæ дæр уыд. Уырдыгæй йæ Гурмæ акодтам æмæ Гуры рынчындоны 17 боны фæцис», - радзырдта нын Гахеладзе Тина
Фотойыл: Гахеладзе Тина
Уымæн йæ мой 2021 азы 12-æм апрелы фæзиан. Рынчындонæй йын йæ мард хæдзармæ æхгæд мардычырыны æрбаластой:
«Æппæтæй тынгдæр мæ зæрдæ ууыл риссы, æмæ бирæ удхар фæкодта. Бæргæ мын, дохтыртæ загътой, ома, дам, ын алы уавæртæ дæр уыдис рынчындоны, фæлæ йæ æз хуыздæр зонын, цы йæ хъуыдис æмæ йæ цынæ хъуыдис. Цыдтæн æм рынчындонмæ, хастон ын алцыппæт дæр, цыдæриддæр уарзта. Дардæй-иу бакастæн палатамæ æмæ иу йæ кæуын нал баурæдта. Йæ рæуджытæ уыйас хъыгдард нæ уыдысты, цас æвæццæгæн йæхинымæр тыхстис», - зæгъы Гахеладзе Тина.
Коронавирусæй Гахеладзе Тина йæхæдæг дæр уыдис рынчын æмæ йе фсымæртæ дæр. Нæ зоны, куыд æмæ йыл цы гъдауæй бахæцыд вирус, фæлæ йæм диссаг нæ кæсы, уымæн æмæ, хъæуы афтæ цырд апырх вирус, æмæ йыл ахъуыды кæныны рæстæг дæр нæ уыдис.
«Куыддæр фыццаг цау фæзындис хъæуы, афтæ хъуамæ уайтагъд хъæу æхгæд æрцыдаид æмæ фæдис расидтаиккой. Фæлæ барæджы кодтой. Нырма уал иу адæймаг фæрынчын, стæй – дыккаг. Стæй уый æртыккаг бинонтæм бахаста низ. Уымæй педагогыл бахæцыд. Педагогæй бахæцыд йæ ахуырдзауыл. Ахуырдзауæй йæ бинонтыл æмæ афтæ. Уый фæстæ куы рабæрæг алцыдæр, уæд тæвд райдыдтой барын, хъæу дæр сæхгæдтой, фæлæ вирусæй дзæвгар адæймаг уыдис рынчын», - зæгъы Тина æмæ æдзух ууыл хъуыды кæны, рæстæг фæстæмæ куы раздæхид, уæд куыд баххуыс кодтаид йæ мойæн.
Квемо (дæллаг) Цъалайы хъæуы ма ноджы иу пациент, 65 азæй хызт сылгоймаг фæзиан, хъæуы куыд зонынц, афтæмæй, йæ мæлæты аххосаг уыдис рæуджыты карз пневмони.
«Рынчындонмæ йæ куы бакодтой, уæд йæ рæуджыты судзаг карз уыди. Нырма Къаспы рынчындоны хуыссыдис. Стæй йæ уавæр куы фæфыддæр, уæд æй уый фæстæ Гуры госпиталмæ ракодтой. Фактивонæй, куыд зæгъынц, афтæмæй, дам, йæ рæуджытæ бынтондæр сыгъд уыдысты», - загътой нын хъæуы цæрджытæ.
Вирусы апырхы
равзæрæн
Фотойыл: Самтависы
аргъуан
Квемо (дæллаг) Цъалайы коронавирус æппæты фыццаг фæзынд уырнонты ‘хсæн. Куыд рабæрæг афтæмæй, Самтависы аргъуаны уырнонтæ кувынмæ Теладгормæ ацыдысты.
«Самтавис нæ сыхаг хъæу у. Нæ Епархийы архиепископ æмæ аргъуаны уырнонтæ кувынмæ ацыдысты, 200 адæймагмæ ‘ввахс – мæнæн куыд загътой, афтæмæй. Уырнонты ‘хсæн сты куыд Квемо (дæллаг) цъалайæгтæ, афтæ, самтависæгтæ, игоеттæгтæ æмæ къаспæгтæ дæр», - зæгъы нын Гахеладзе Тина.
Уымæн уырнонты уæнгтæ куыд загътой, уымæ гæсгæ, кувынмæ ацæугæ уырнонтæн стæй фынг дæр æрывæрдтой. Ахæм æнгом контакты фæрцы та вирус уырнонты уæнгты ‘хсæн уайтагъд апырх ис.
«Ныртæккæ уый ничи зоны, уыцы рæстæджы вирус кæмæн уыдис, ардыгæттæн æви æндæр хъæуы цæрджытæн. Фæлæ, факт уый у, æмæ архиепископæн дæр сбæлвырд ис, молазантæн дæр, æмæ аргъуаны зарæггæнджытæн дæр. Куыд уын зæгъон, тынг æвзæр ситуаци уыди. Ныр цъус æрсабыр ситуаци æмæ вирусы ахæлиу дæр фæкъаддæр ис, фæлæ абон дæр акодтой ноджы дыууæ адæймаг», - зæгъы нын Тина.
Цал адæймаг фæрынчын æдæппæт вирусæй, уый Къаспы мэрийы бæрнон кусæг Месропашвили Степан нæ зоны, кæцы хæдизоляцийы ис йæхæдæг дæр. Куы йæм адзырдтам тилифоны, уæд нын дисгæнгæ ахæм дзуапп ратта, мæн, дам, цæмæн фæрсут.
Инфициргондты бæрæг нымæц нæ зоны нæдæр хъæуы депутат.
«Æвæццæгæн, 40-ы онг инфициргонд уыдзæн ныртæккæ. Сæ иу хай хæдзары хос кæны, иннæтæ та - рынчындоны», - загъта нын Мухиашвили Давит.
Фотойыл: Квемо (дæллаг)
Цъала
Цы
зæгъы аргъуан
Квемо (дæллаг) Цъалайы нын куыд загътой, афтæмæй, архиепископ Теладгоры кувынмæ уыдис æмæ фынг дæр равæрдтой. Теладгори Къаспы муниципалитеты, Цъинарехы темы ис. Цъинарехы минæварæн, Абуладзе Естатейæн бæрæг нæу, уыдис æви нæ Теладгоры аргъуаны Самтависы архиепископ:
«Мæнæн ацы информацийы сбæлвырд кæнын мæ бон нæу, уый тыххæй æмæ, нæ хъæуты цæрджытæ хауынц Кватахеуы аргъуаны архиепископмæ. Уымæ гæсгæйæ, уыдон нæ цæуынц Самтависы архиепископимæ иумæ. Мæнæн бæрæг нæу, кæм уыдысты Самтависы архиепископы минæвæрттæ. Нæ архиепископ уыдонимæ иумæ куы уыдаид, уæд ам махмæ дæр уыдаиккой инфицигондтæ», - зæгъы Абуладзе Естате.
Цы хабар æрцыди Теладгоры мартъийы мæйы? Епархимæ фыстæг ныффыстам уый сбæлвырд кæнынæн, нысан кодтой æви нæ «Тевдороба»? Фæлæ, дзуапп нæ райстам.
«Тевдороба», раст, Теладгоры нысан кæнынц. Бæрæгбон змæлгæ у æмæ алы стыр мархойы (комдарæны) фыццаг сабаты уагъд цæуы. Ацы азы стыр мархо 15-æм мартъийы райдыдта, уымæ гæсгæйæ, «Тевдороба» - 20-æм мартъийы уагъд æрцыд.
Медикты ныхасмæ гæсгæ, Ковиды симптомтæ инфицирадæй фыццаг фондз боны мидæг рабæрæг вæййы, Самтависы аргъуаны фыццаг сбæлвырдгонд цау та, «Тевдоробайæ» фæндзæм боны – 25-æм мартъийы рабæрæг ис.
Епархи ай фæдыл хъусинаг 30-æм мартъийы рапарахат кодта:
«25-æм мартъийы сбæлвырд ис Ковид-вирус моладзандоны цæрæг фыццаг адæймагæн. Епархийы ис æрмæст 17 динон гоймаджы. Кæцытæй æрмæст дыууæ ис инфициргонд. Фæлæ, Самтависы молазанты моладзандоны цæры цыппар молазаны æмæ уыдонæй дæр дыууæ ис ковидæй рынчын», - нысангонд цæуы епархийы хъусинаджы.
Епархийы минæвæрттæн бæрæг нæу фыццаг-равзæрæн: «Бæрæгæй нæй зæгъæн, кæмæй, кæнæ, кæцы равзæрæнæй апырх ис вирус, фæлæ зæгъæн ис уый, æмæ вирусы ахæлиу кæныны аргъуаны фæахосджын кæнын нæй гæнæн, уæлдайдæр Æнæниздзинад хъахъхъæды центры минæвар бæрæгæй нæ зæгъы, цæмæй вирус архиепископæй апырх ис», - ахæм дзуапп дæтты Епархи эпидапырхы тыххæй Самтависы æмæ Квемо (дæллаг) Цъалайы.
Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |