Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
«Æндæрхуызон нæ алыбойнон цардмæ нæ рыздæхдзыстæм» - цы зæгъынц Гуры ковид-вакцинæйæ æфтыд гоймæгтæ
Пандемийы фæуын æмæ царды алыбойнон ритмæй дарддæр кæнын,
арæнæвæрдты æмæ æнæ коронавирусæй цæрын, алкæй дæр фæнды, фæлæ
æмбæстæгты иу хай вакцинацимæ скептиконæй кæсы. 20-æм майы уавæрмæ
гæсгæ, бæстæйы æмткæй вакциниргонд æрцыд 101 415. Æххæстæй
вакциниргонд у 15 874 адæймаг, кæцы, вирусы апырхы темпы фоныл,
ныллæг æвдисæг у.
Гуры ковиды ныхмæ вакцина фыццаг хатт 15-æм мартъийы æрбацыд, муниципалитеты 900 адæймаг скодта вакцинаци. Специалисттæ нын дзурынц, цæмæй ахæм ныллæг æвдисæг иммунизацийы райдианы Ахалцихы æрцæугæ фаталон цауимæ баст у æмæ сæ ныфс ис, цæмæй вакцинаци кæй фæнды уыдоны нымæц тагъд кæй фæфылдæр уыдзæн.
Qartli.ge ныхас кодта уыцы адæймæгтимæ, кæцытæ «Астъразенекъа» æмæ «Синофармы» фыццаг дозæ райстой æмæ хъуыды кæнынц, цæмæй стыр ахсджиаг къахдзæф сарæзтой уый тыххæй, цæмæй ногæй райдайой сæ цард кæнын, кæцы сын ныр афæдзæй фылдæр у, пандеми байста.
77 аздзыд педагог Гогинашвили Нуну 52 азы гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй кусы. Дзуры, цæмæй йын раст йæ профессийы æгæрон уарзт скæнын кодта вакцинаци, цæмæй йæхи дæр æмæ йæ алыварс уæвджыты дæр фылдæрæй бахъахъхъæна.
«Мæ хъæбулы бафарстон, вакцинаци скæнын мæ фæнды, зæгъын æмæ гæнæ ис æви нæ? Нырма мæ регистрацийы ауагъта, æфтæ æмæ йæ æз зонгæ дæр нæ бакодтон. Уый фæстæ мæ акодта вакцинаци скæнынмæ æмæ мæ фæстæмæ дæр йæхæдæг ракодта. Мæнæн æппæты тынгдæр мæ зæрдæмæ уый фæцыди æмæ, вакцинæйы аразæг къорд тынг культурон адæймæгтæ сты. Иттæг райгондæй сæ рацыдтæн. Нæ мын уыдис нæдæр уым æмæ нæдæр хæдзары сæрзылд, сæрниз, кæнæ мæхи æвзæр хатыдтæн. Алцæмæй дæр нормалон уыдтæн. Æхсæнады ахæм цæстæнгас, кæй ис, зæгъгæ, «не скæндзынæн вакцинаци», æз уый не мбарын, цæуылнæ хъуамæ скæной? Ис мын ацы фарст. Цæуылнæ хъуамæ скæнат вакцинаци? Куы ницы сын уыдзæнис? Мæ алыварс, æз кæй зонын, уыдонæй мæ иу хæлар скодта вакцинаци, кæд нæ рæдийын «Файзерæй» æмæ дыккаг дæр хъуамæ скодтаид. Æз «Астъразенекъайæ» вакциниргонд дæн», - зæгъы нын Гогинашвили Нуну.
Гогинашвили Нуну зæгъы, зæгъгæ, куыдфæнды дæр ма айтынг уой технологитæ, уымæн удæгас цæвиттойнаг процесс æмæ сабитимæ физикон контакт æппæтæй ахсджиагдæр у.
«Хъуыды кæнын, ницы ис хуыздæр физиконæй фембæлын сабитимæ абæстæйыл. Сæ цæстытæм сын куы кæсын, куыд дæм хъусынц, исты сын куы дæттай, сæхи амондджынæй куы хатынц, раст, уый тыххæй аскъуыддзаг кодтон, вакцинаци скодтаин. Зонут? Ахуыргæнæг куы дæ, уæд куыд ис уый гæнæн æмæ сабитæм æввахс ма бацæуай, ма сыл баузæлай. Мæнæ афтæ мæ бон нæу, ахæм дæн æз. Уый тыххæй ахъуыды кодтон, æз куы фæрынчынон, æмæ уый фæстæ мæнæй сабитыл куы бахæца мыййаг? Раст, уый тыххæй æрдомдтон вакцинæйы скæнын æмæ мæ хъæбулæн загътон уый тыххæй æмæ тагъд скодтон вакцинаци. Ныма мын фыццаг доза ис арæзт æмæ æнхъæлмæ кæсын дыккагмæ, уый дæр тагъд уыдзæн, фæдзурдзысты мæм сæхæдæг».
Пълан кæны, цæмæй куыддæр пандеми фæуыдзæнис, афтæ фыццаджыдæр йæ хо, йе ‘фсымæр æмæ йæ хæстæджыты бабæрæг кæндзæнис. Ацæудзæн Варианы хъæумæ дæр, цыран куыд йæхæдæг дзуры, афтæ йæм уым йæ уарзон чындз æнхъæлмæ кæсы.
«Ацы иу азы дæргъы, æппæтæй фылдæр цух уыдтæн æхсæнадимæ æмахастытæй. Куы иу ахъуыды кодтон, цæмæй цалдæр мæйы сабитыл нæ фембæлдзынæн, тынг мæт кодтон. Цух уыдтæн æмахастытæй. Ай мын риссын кодта мæ зæрдæ æппæтæй тынгдæр. Æз уын куы зæгъон, цæмæй спектаклмæ нæ ацыдтæн, кæнæ киномæ нæ ацыдтæн æмæ уый тыххæй мæстджын дæн, зæгъгæ, уæд уæ фæсайдзынæн, фæлæ адæймæгтимæ контакт, кæцы низау ис дæ зæрдæйы куыд ис гæнæн æмæ амæй фæцух уай? Тилифонæй иу мæм куы æрбадзырдтой, уæд иу мæхи куыд тынг амондджыныл нымадтон, уый куы зониккат, уымæн æмæ, адæймаджы хъæлæс тынг мысыдтæн», - зæгъы Гогинашвили Нуну.
Вирусы тыххæй уагæвæрд арæнæвæрдтæ уæлдай арæхстгай æххæст кодта Гуры ресурс центры къухдариуæггæнæг, Тъермакъозашвили Нана.
Кой кæны, цæмæй фыццаг уылæны рæстæджы тасы æви сæрхызтдзинады тыххæй хæдзарæй æппындæр нæ хызти.
«Коронавирус тынг фæивта царды режим мæнæн, мæ бинонтæн æмæ мæ алыварс адæймæгтæн. Хауын уыцы категорийы адæймæгтæм, кæцытæ тырнынц цæмæй алы регуляцийы дæр лæмбынæгæй сæххæст кæной, æмæ мæ бинонты уæнгтæ дæр афтæ уыдысты. Уымæ гæсгæйæ, пандемийы уылæны рæстæджы, фактивонæй цалдæр мæйы рацыди æмæ зæххыл мæ къах не ‘рывæрдтон, нæ зонын, æвæццæгæн уæлдай тарст дæр кодтон, фæлæ йæ дырысæй зонын æмæ мæ тынг уырны, цæмæй мæ хуызæн æмбæстæгтæ къух арæзтой уымæн, æмæ нын ноджы фыддæр фæстиуæг кæй нæ уыдис уыцы фыццаг уылæны рæстæджы официалонæй фиксиргондмæ абаргæйæ».
Тъермакъозашвили Нана æнæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кастис вакцинæйы скæнынмæ. Сæрæй дæр æм афтæ каст, цæмæй пандемийы фæуынæн иунæг-иу амал вакцинаци кæй уыдаид. Куыддæр бæстæйы фæзынд вакцина, кæцыйыл регистраци дæр кармæ гæсгæ нæ уыди арæнгонд, уайтагъд йæхи срегистраци кодта æмæ фыццаг дозæйы дæр райста. Ныр дыккагмæ æнхъæлмæ кæсы.
«Фыццаджыдæр, цы сараздзынæн, куыддæр дыууæ дозæйæ уыдзынæн вакциниргонд, ахъæбыс кæндзынæн уыцы адæймæгты æмæ сын зæгъдзынæн, цæмæй кæй нæ дæн ахæм уазалзæрдæ адæймаг, цахæм мæ æнхъæлынц иуæй-иутæ, кæцытæн-иу нæйы загътон ахъæбыс кæныныл ацы иу азы дæргъы. Уынгыл мыл куы æмбæлдысты, кæнæ куыстмæ куы цыдысты, бирæтæ иу мæм дисгæнгæйæ æрбакастысты, куы сын-иу ацамыдтон цæстæнгасæй, зæгъын, дардæй æрфæрсæм кæрæдзийы», - дзуры нын Нана.
Зоны йæ, цæмæй вакцинаци барвæндонæй у æмæ ацы уынаффæйы райсты кæцыфæнды адæймаг сæрибар у, фæлæ хъуыды кæны, цæмæй æмбæстæгтæ ацы уынаффæ хъуамæ райсой, уый тыххæй æмæ, раздæры цардмæ раздæхыны иунæг-иу амал кæй у.
«Уыдонæн, кæмæндæриддæр мæ хъуыды нысаниуæгджын у, зæгъдзынæн, цæмæй ойы, пандемийæн нæ баххуыс кæндзæнис иунæг цауы дæр æнæ вакцинæйæ æмæ кæмæндæриддæр нæй исты аргумменттæ вакцинаци скæныны ныхмæ, уыдон хъуамæ æнæмæнгæй скæной вакцинаци, цæмæй боны фæстагмæ байгом уа бæстæ, æххуыс æрцæуа экономикæйæн дæр æмæ æмахастыты дæр сног кæнæм, æнгом физикон», - зæгъы Тъермакъозашвили Нана.
18 аздзыд студент Церадзе Георгийæн пандеми финансонæй базиан кодта. Вирусы апырхмæ, уый ахуыр кодта æмæ параллелонæй цалдæр куысты æххæст кодта.
«Сæйрагæйдæр лæггæдты сферæйы куыстон, зæгъæн ис æмæ алы куыс дæр æрлæууыд, кæцы мын стыр зиан æрхаста, куыд финансонæй афтæ психологонæй. Уый тыххæй æмæ æппындæр нал хызтæн хæдзарæй æмæ мын нæ уыдис никæимæ контакт.
2020-æм азы онлайн студент сдæн æмæ мæ курсæгтимæ иумæ нæ уыдтæн аудиторийы, æмæ ныр пандемийæн кæрон куы рцæуа, уæд мæ æппæтæй тынгдæр фæнды лекцитæм цæуын, кæцы мæ самондджын кæндзæн. Ме ‘мкурсæгтимæ иумæ мæ фæнды нæхи ирхæфсын æмæ царды раздæры ритмæ раздæхын», - дзуры нын Георги, æмæ раст ай уыдис уымæн сæйраг аргумент, цæй тыххæй дæр уый вакцинацийы скæныны уынаффæ нырма ноджы уæдмæ райста, цалынмæ Гуырдзыстонмæ вакцинæ æрбацыдаид.
Вакцинацимæ æнæхъæн аз æнхъæлмæ касти. Георги фыццаг уыди Гуры, кæцы «Синофармыл» регистраци скодта æмæ вакциниргонд дæр у.
«Уыййас бирæ адæмæгтимæ мын уыдис контакт æмæ уый тыххæй уыдтæн риск-къорды. Вакцинаци уыдис уый, кæцымæ бирæ рæстæг æнхъæлмæ кастыстæм. Ныр вакциниргонд дæн, тагъд дыккаг дозæйы дæр скæндзынæн æмæ уæд сæрыстырæй мæ бон уыдæнис рацу-бацу кæнын æмæ адæмимæ контактдзинад дæр. Вакцинацийы фæстæ мæхи хорз хатын. Нæ мын уыдис фæрссаг фæзындтæ. Нæдæр мæ сæр рыстис, нæдæр мын тæвд радта æмæ иумæйгæйдæр тынг хорз хатын мæхи. Пандеми мæ цæхгæр æрурæдта уый тыххæй æмæ бæстæйы алцыппæт æрлæууыд», - зæгъы Церадзе Георги.
Шида Картлийы ковиды ныхмæ вакцинаци «Астъразенекъайы» вакцинæйæ нырма ноджы 15-æм мартъийы райдыдтой. Майы райдианы та, æрбацыди «Синофармы» 1386 доза, кæцы цыппар муниципалитеты Къаспы, Гуры, Карелы æмæ Хашуры дихгонд æрцыди. Ныртæккæ уæвæг клиникæтæм, цыран вакцинаци арæзт цыдис, ноджы æртæ медицинон уагдоны бафтыд.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |